РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, афтæ ма генералон подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ Гæбæраты Алан (паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»), Лалыты Мурат (Паддзахадон унитарон куыстуат «Дор-экспострой» æмæ Цхуырбаты Аланы (Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал») хайадистæй.

Пухаты Эрик бахæс кодта,   2019 азы Инвестицион программæйы  фæлгæтты  столицæйы сплангонд уынгты хæрзарæзтады куыстытæм куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр æрæвналын.

«Мæн цымыдис кæны, кæд æрæвналдзыстут фæндæгтæ-уынгты хызæг сæндидзын кæнынмæ, æмæ уæ цы хъыгдары куыстытæ æвæстиатæй райдайынæн. Хæс уын кæнын куыстытæм, гæнæн уæвгæйæ, оперативонæй æрæвналын, цалынмæ боныгъæд фадат дæтты, уæдмæ», – загъта Хицауады Сæрдар подрядонтæн.

Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Эрикæн фехъусын кодта, зæгъгæ, практикон æгъдауæй цæттæ сты проектон-сметæйон документаци æмæ экспертон хатдзæгтæ, баззадысты ма иуæй-иу организацион фарстытæ, уыцы нымæцы финансон характеры дæр æмæ 20-æм февралы «Водоканал» æрæвналдзæн сæ куыстыты хай æххæст кæнынмæ, 27-æм февралы та сæ куыстытæм æрæвналдзысты газы кусджытæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 2019 азы республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты план кæй у аст уынджы – Гаглойты Хазбийы (раздæры Тельманы уынг) Гаглойты Рутены, Харебаты Исахъы (Сталины уынгæй Гаглойты Хазбийы уынджы онг), Остъаты æфсымæрты уынг, Джиоты Аланы фæзилæн, Гафезы, Лермонтовы æмæ Уæлахизы уынгтæм канализацион, газы, донифтонгады хызæгтæ бауадзын æмæ сæ хæрзарæзт скæнын.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.