Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй, кусæгон къорд кусы «Хетæгкаты Къостайы аз»-ы цытæн юбилейон мадзæлтты план бацæттæ кæныныл.

Хицауады радон æмбырды, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, районон администрациты сæргълæуджыты, зонадон æмæ ахуырадон уагдæтты, информацион фæрæзты къухдариуæггæнджыты, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæртты хайадистæй уынаффæ цыд стыр ирон поэты райгуырдыл 160 азы сæххæсты сæраппонд мадзæлтты развæлгъау планыл.

Æмбырды райдианы Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, Президент Хицауадæн бакодта бæрнон хæс – юбилейон мадзæлттæ бæрзонд æмвæзадыл ауадзын.

«Мах ахæм план хъуамæ саразæм, цæмæй Къостайы азы бахъуыды кæной æрмæст ирд, цымыдисон мадзæлттæй нæ, фæлæ йæ фæстæ хъуамæ ныууадза цæстуынгæ фæстиуджытæ популярон литературæйы, зонадон куыстытæ æмæ мемориалты хуызы», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта, алыгъуызон мадзæлттæ кæдæм бацыд, уыцы программæимæ, кæцы анхъæвздзæн æрмæст Хуссар Ирыстоныл нæ, фæлæ Цæгат Кавказы республикæтыл дæр.

«Хетæгкаты Къоста йæхæдæг дунейы адæймаг кæй уыд, уый тыххæй мæ фæнды, цæмæй мадзæлтты равдыстæуа ацы гоймаджы масштабондзинад, æвдыст æрцæуа йæ бирæвæрсыг курдиат», – загъта министр.

Æмбырды рæстæджы куыстæуыд планы корректировкæйыл, ныхас цыд финансон ифтонгады фарстатыл дæр.

Программæйы проекты ис алыгъуызон конкурстæ, концерттæ, спортивон ерыстæ, равдыстытæ, зонадон конференцитæ, чингуыты рауагъд, Къостайыхъæуы музей байгом кæнын æмæ æндæртæ.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.