Уазæгдон «Ирыстон»-æн бахъахъхъæд æрцыд йе ‘ддаг хуыз, нæ республикæйы цæрджыты фæндæттæм гæсгæ. Ныр Театралон фæзуат ноджыдæр рафидыдта ацы ног бæстыхайæ. Арæзтадæн йе ‘ддаг хуыз кæд нæ фæивта, уæддæр мидæгæй  та арæзт æрцыд ног проектмæ гæсгæ, кæцы дзуапп дæтты 4 стъалыйон нырыккон уазæгдæтты нормæтæн.

Æртæуæладзыгон уазæгдонæн йæ  фæзуат у 6 мин квадратон метры бæрц. Уыцы иу рæстæджы йæ бон райсын уыдзæн 47 уазæджы. Уыдонæй 11 хатæн арæзт æрцыдысты ахæм хуызы, цæмæй нæ республикæмæ официалон уазджытæ куы æрцæуой, уæд сын комфортон уа цæрынæн. Иннæ хатæнты дæр ис иттæг хорз уавæртæ.

Уазæгдоны фыццаг уæладзыджы уыдзæн кафе-бар. Уырдæм уыдзæн æрбацæуыны фадат нæ республикæйы цæрджытæй алкæмæн дæр. Фæлæ ма дзы хицæнæй ис хæрæндон дæр, уым та лæггад кæндзысты уазджытæн. Фыццаг уæладзыджы иу хайы ис фитнес-зал, салон, массажгæнæн кабинет, мини-сауна. Дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты номыртæй дарддæр ис конференц-зал æмæ сæрдыгон террасæ. Къæлидорты полтæ сты ковролинæй. Ам ма ис сæрмагонд номыр, кæцы арæзт æрцыд инвалидты  тыххæй. Уым æппæт дæр арæзт у ахæм адæймæгты хæрзиуæгæн. Номырты цы дзаумæттæ ис, уый æмткæй дзуапп дæттынц дизайны интерьерæн. Ис дзы æртæ лифты:  дыууæ – уæзласæнтæ, иннæ та – уазджытæн лæггад кæнынæн.

Уазæгдонæн йæ ныккæнд дæр у бæстон арæзт. Ам цы бирæнымæц хатæнтæ ис, уый мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта лабиринт. Кусæг æмæ техникон персоналæн кабинеттæ, хæлцадон продуктты æфтауцдæттæ, спортæй  архайыны алы хуызтæн хицæн æмæ хицæн залтæ. Ныккæнды ма арæзт æрцыд доны резервуар, кæцыйы цæуы 30 кубометры. Уый та арæзт æрцыд, кæд æмæ централон донуадзæн системæйы авари куы æрцæуа, уæд цæмæй уазджытæ доны цухдзинад ма банкъарой.   

Уазæгдон «Ирыстон», иумиагæй сисгæйæ, цæттæ у, баззад ма дзы чысыл техникон фарстатæ æмæ стæй йæ дуæрттæ байгом кæндзæнис цытджын æгъдауæй. Объекты арæзтадæн хицæн æрцыд 430 милуан сомы Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Иннæ æхцайы фæрæзтæ та бадзырдмæ гæсгæ самал кодта инвестор Бердиаты Вадим, кæцы къухдариуæг кæны арæзтадон компани «Интурист-Алани»-йæн. Ацы компанийæн Цæгат Ирыстоны уазæгдæттæ аразыны  хъуыддаджы ис стыр фæлтæрддзинад.

Бадзырдмæ гæсгæ уазæгдон 25 азмæ уыдзæн инвесторы дæлбар, уый фæстæ цы æфтиæгтæ иса, уыдонæн сæ 15 проценты цæудзысты паддзахадон  бюджетмæ.

Уазæгдон экплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаид 2019 азы кæронмæ, фæлæ чысыл бакъуылымпы ис – Мæскуыйæ специалисттæ æрхуыдтой, цæмæй систыл декоративон элементтæ сныв кодтаиккой. Уазæгдоны арæзтад хæсгонд кæд цæгатирыстойнаг арæзтадон компани ООО «Интурист-Алания»-йæн уыд, уæддæр дзы фылдæр куыстой бынæттон  цæрджытæ.

Уазæгдон «Ирыстон» куы скуса, уæд нæ горæты фæзындзæн 30 кусæгон бынаты.

                           УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.