Райсом, 15-æм декабры Уæрæсейы Федерацийы радон хатт банысан кæндзысты сæ профессионалон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы фæмардуæвæг журналистты мысæн бон. Мысæн бон официалонæй фидар æрцыд 1991 азы УФ-йы Журналистты цæдисы уынаффæмæ гæсгæ. Фыццаг хатт фæмардуæвæг журналистты хиуæттæ æмæ коллегæтæ æрæмбырд сты 1991 азы, 11-æм декабры. Уый уыд 1991 азы, Югославийы уæрæсейаг телеуынынады уацхæссæг Виктор Ногин æмæ оператор Геннадий Куренной сæ цард ныхасы сæрибардзинады сæрвæлтау нывондæн куы æрхастой, уæд. Фæдагуырды рæстæджы сбæрæг, журналистты машинæ сербаг боевиктæ кæй фехстой, уый.

Журналисты професси ныртæккæ у иууыл тæссагдæртæй иу. 2014 азы майы Славянскы цур фæмард сты италиаг журналист Андреа Роккели æмæ йæ тæлмацгæнæг, уæрæсейаг журналист Андрей Миронов. 2014 азы июны УФ-йы фыццаг каналы оператор Анатолий Клян фæмард  Донецкы. 2022 азы 14 июны фæмард уæрæсейаг æфсæддон журналист, булкъон Сергей Постнов.

2022 азы 20-æм августы изæры террористон акты фæстиуæгæн фæмард политолог æмæ журналист Дарья Дугина. Уый здæхт бинонты фестиваль «Традиция»-йæ. Йæ машинæ йын спырх кодтой Можайскы шоссейы. Цалдæр бонмæ бæрæг æрцыд, теракт украинæйаг спецслужбæтæ кæй сорганизаци кодтой, уый. 2022 азы 1 октябры та калининградаг рауагъды журналист Алексей Ильяшевичы амардтой Авдеевкайы цур тохты.

Украинæйы спецслужбæтæ бауромынц, кæнæ арæх адавынц æмæ уый фæстæ фæхъизæмар кæнынц се ‘мбæстæгтæн сæ политикон позицийы тыххæй. Украинæйы сæдæгай оппозицион журналистты амардтой кæнæ та сыл стæрхон кодтой куыд «террористтæ», афтæ. Журналисттæй бирæты бахъуыд лигъдæттæ суæвын дæр. 2015 азы 15-æм марты Хмельницкийы областы горæт Нетешины йæ фатеры амардтой газет «Нетешинский вестник»-ы сæйраг редактор Ольга Морозы. 2015 азы 3 апрелы Киевы тынг фæнадтой æмæ амард украинæйаг журналист Сергей Сухобок. 2015 азы 16 апрелы Киевы йæ хæдзары цур фондз æхстæй амардтой украинæйаг журналист æмæ фыссæг Олесь Бузинайы. 2016 азы 20 июлы Киевы амардтой журналист, интернет-рауагъд «Украинская правда»-йы директор Павел Шереметы. Райсомы радиоэфирмæ куы цыд, уæд йæ машинæйы спырх рæмудзæн æрмæг.  Сæрмагонд æфсæддон операци райдианæй фæстæмæ Украинæйы журналистты ныхмæ репресситæ фæтыхджындæр сты. Киев æппæт тыхтæй дæр архайы рæстдзинад бамбæхсыныл. Зæгъæм, Херсоны уавæр равдисыны тыххæй Украинæйы хицауад аккредитаци нал радтой цалдæр журналистæн, уыцы нымæцы фæсарæйнаг журналисттæн дæр. «Украинская правда»-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ санкцитæ бакодтой уыцы нымæцы CNN æмæ телеканала Sky News-ы журналистты ныхмæ дæр.

Журналистты бартæ гуымир æгъдауæй хæлд цæуынц АИШ-ы. Мингай америкæйаг журналисттыл стæрхон кодтой æмæ бадынц ахæстæтты. Ныгуылæйнаг журналисттæ тæрсынц Украинæйы цæуæг цауты тыххæй рæстдзинад хъусын кæнын. Уыдонæй  бирæтæ вæййынц Донбассы æмæ ссæрибаргонд тер-риториты, цыран цæрджытæ цæттæ сты рæстдзинад радзурынмæ. Фæлæ тæрсынц сæ ныммыхуыр кæнынæй. Журналисттæй  НАТО æмæ киеваг режимы дезинформаци раргом кæнынмæ чи бахъавы, уыдоны бафхæрынц.

Сæ коллегæты амæлæтмæ æнæ кæсгæйæ, уæрæсейаг æфсæддон журналисттæ дарддæр дæр кусынц хæстон архайдтыты зонæты. «Комсомольская правда»-йы журналист Александр Коц æфсæддон уацхæссæг ссис дыккаг цæцæйнаг операцийы рæстæджы. Уæды онг фыста сабыр царды цаутыл. «Æз ацы професси нæ равзæрстон, растдæр зæгъгæйæ мæ равзæрста йæхæдæг. Цыдæр рæстæджы редакцийы штатон æфсæддон уацхæсджытæй никæмæн уыд йæ бон командировкæйы Цæцæнмæ ацæуын, æмæ цæуын та æнæмæнгæй хъуыд. Æмæ ацыдтæн æз. Ныртæккæ мæнæн уый у куыст, радон балц», – загъта журналист.

«Æз æй зонын, куыд тæссаг у хæстмæ цæуын, алы минут дæр тас у  нæмыг дыл сæмбæлынæй, кæнæ та минæйыл спырх уай, уымæй. Кæнæ та дæ гæнæн ис акæной амынæты æвирхъау фæстиуджытимæ. Æрвылбон дæр разыны ахæм адæймæгтæ, кæцытæ ацæуынц сæ фыццаг æмæ фæстаг командировкæйы. Фæлæ та разыны ногтæ. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у 15-æм декабры фæмардуæвæг журналистты æрæмысын. Уыдон фæмард сты, цæмæй мах базыдтаиккам, æцæгæй дæр цы цаутæ цæуынц, уыдоны тыххæй», – зæгъы журналист Маргарита Симоньян.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æрвылаз дæр æппæт дунейы кæй фæмард вæййынц дзыллон информацийы фæрæзты дæсгай кусджытæ. Зæгъæм, 2013-2014 азты æрмæст Сирийы фæмард сты 40 журналисты бæрц. Журналисттæ амæлынц Украинæйы дæр. 2014 азы сæ профессионалон хæс æххæст кæнгæйæ, сæ цард радтой уæрæсейаг журналисттæ Андрей Стенин, Анатолий Клян, Игорь Корнелюк æмæ Антон Волошин. 2014 азы Украинæ нымад æрцыд «журналисттæн иууыл тæссагдæр бæстæйыл». 2013 азы ноябрæй 2014 азы июлмæ (авд мæймæ) Украинæйы амард дзыллон информацийы фæрæзты 7 кусæджы æмæ ноджы 170 та хъыгдард баййæфтой. Уыдон сты ЕÆÆО-йы официалон бæрæггæнæнтæ.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ журналистты амæлæт æрмæст æндыгъд бæстæты сæ куыстимæ баст кæй нæ вæййы. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Георгий Гангадзе æмæ Олесь Бузинайы амæлæты тыххæй. Дыууæ фыдракæндæн дæр ис политикон характер, абоны онг дæр нæ раргом сæ амарыны аххосаг.

Хъуыды кæнæм Дмитрий Холодов, Влад Листьев, Анна Политковскаяйы амарыны фæдыл уголовон хъуыддæгтæ. Нæдæр закъазгæнæг æмæ нæдæр марæг абоны онг дæр нæ раргом сты. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Джулиан Ассанжы тыххæй дæр. Уый раргом кодта рæстдзинад АИШ-ы фыдракæндты тыххæй æмæ абоны онг дæр у хъизæмайраг. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ацы аз 2-æм апрелы æфсæддон журналист Владлен Татарскийы (Максим Фомин) амæлæты тыххæй. Куыддæр ын статуэткæ балæвар кодтой, афтæ фондз минуты фæстæ спырх. Уый фæстиуæгæн фæмард Татарский, фæцæфтæ сты 40 адæймаджы бæрц. Теракт сплан кодтой украинæйаг спецслужбæтæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы æрцыд. Уыдон бирæ сты.

ИНО-йы банысан кодтой, зæгъгæ, журналистты амарыны цаутæ фылдæр хатт нæ раргом вæййынц  æмæ уый та расайы ноджы уæззаудæр агресситæ.

Фæмардуæвæг журналистты мысынады тыххæй уагъд æрцæуынц алыгъуызон фембæлдтытæ, дунеон конференцитæ. Уæрæсейы дзыллон информацийы фæрæзты редакцитæ сфидар кодтой конкурстæ æмæ хорзæхтæ. Уыдон ‘хсæн сты Андрей Стенины номыл фотожурналистикæйы æхсæнадæмон конкурс æмæ Анна Политковскаяйы номыл преми «Камертон», кæцы лæвæрд цæуы адæймаджы бартæ æмæ прессæйы сæрибардзинад хъахъхъæныны къабазы æнтыстыты тыххæй.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.