Ацы нысаниуæгджын бон æрвылаз дæр нысан æрцæуы 2-æм ноябры. 2013 азы фидар æрцыд ИНО-йы Генералон Ассамблеяйы резолюцийæ, журналистты цардæн тæссаг уавæрмæ дунеон æхсæнады хъусдард аздахыны нысанæн. 2-æм ноябрь хуымæтæджы æвзæрст не ’рцыд. Ацы бон дыууæ французаг журналисты сæ редакцийы бахæсмæ гæсгæ информаци лæвæрдтой Малийы хæстон конфликты цауты тыххæй. 2013 азы 2-æм ноябры журналистты аскъæфтой æмæ сæ амардтой. Ацы фыдракæнд расайдта æхсæнадон резонанс æмæ уымæ гæсгæ ИНО райста документ прессæйы минæвæртты ахасты тыхмийæн стæрхон кæныны нысанæн. Дунеон гуманитарон барадмæ гæсгæ, хæстон конфликтты районы архайæг дзыллон информацийы кусджытæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой æмæ сын кад кæной конфликты фæрсты минæвæрттæ иууылдæр.

Æнæфхæрдддзинад æвзæрын кæны æнæфхæрддзинад

2006 азæй 2020 азы онг дунейы амардтой 1200 журналисты. ЮНЕСКО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ 2012 азы фæмард дзыллон информацийы фæрæзты 124 кусæджы, 2014 азы — 98, 2015 азы — 115. 2014 азæй райдайгæйæ, æрмæст Украинæйы фæмард сты 17 журналисты. Уыдон ’хсæн сты уæрæсейаг журналисттæ Антон Волошин, Игорь Корнелюк, Андрей Стенин, Анатолий Клян, италиаг фотоуацхæссæг Андреа Рокелли æмæ æндæртæ.

Журналистты хъахъхъæныны комитеты дунеон æнæхицауадон организацийы бæрæггæнæтæм гæсгæ 2020 азы дунейы амардтой 62 журналисты, 65 журналисты фесæфтысты æбæрæгæй, 274 журналисты та сбадын кодтой ахæстоны.

ИНО-йы банысан кодтой, зæгъгæ, журналистты амарыны цаутæ, фылдæр хатт, нæ раргом вæййынц æмæ уый та расайы ноджы уæззаудæр агресситæ.

Йæ мард абоны онг нæ разынд

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм саудоваг журналист Джамаль Хашоггийы амæлæт. 2018 азы октябры райдианы газет The Washington Post-ы 59-аздзыд колумнист Хашогги бацыд Стамбулы Саудоваг Аравийы консулады бæстыхаймæ йæ хъуыддæгты фæдыл. Уымæй цалдæр боны размæ йын фехъусын кодтой, зæгъгæ, йæ документтæ фæткыл не сты. Консуладмæ æрбацыд йæ усаг Дженгизимæ. 13:14 сахатыл бацыд дипломатон минæварадмæ, йæ смартфон Дженгизмæ ныууадзгæйæ. Бафæдзæхста йæ, зæгъгæ, цыппар сахатмæ куынæ рахизон, уæд фехъусын кæн туркаг хицауадæн. Уый адыл лæг фесæфт. Гъе, уый дын ныгуылæйнаг рæстдзинад!

Саудоваг журналисты æввахс хæлар радзырдта: «Æз Джамалыл амбæлдтæн йæ амæлæтæй иу къуырийы размæ. Уый уыд мæсты æмæ йæхинымæр тыхст. Куы йæ бафарстон, зæгъын, цы æрцыдис, уæд мын радзырдта, зæгъгæ, æмбырд кæны бæлвырдгæнæнтæ Саудоваг Арави химион хæцæн-гарзæй кæй спайда кодта, уый тыххæй».

Куыд дзурынц, афтæмæй, куыддæр Хашогги консуладмæ бахызт, афтæ йæ æрцахстой, карз фыдæвзарæнтæ йын фæкодтой æмæ йæ уый фæстæ амардтой. Уый фæстæ йæ мард буары суæнгтæ кодтой медицинон хырхæй 7 минутмæ æмæ йæ раластой сау фургоныл дыууæ сахаты фæстæ.

Джамаль Хошаггийы мард абоны онг дæр нæ разынд…

Украинæйаг журналист Кирилл Вышинский куыста украинæйаг «11-æм»” æмæ ICTV теле-каналты. 2006 азæй 2014 азмæ уыд уæрæсейаг канал «Россия-1»-ы программæ «Вести»-йы журналист. 2014 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхты фæстæ слæууыд «РИА Новости Украина»-йы сæргъ. 2015 азы райста уæрæсейаг æмбæстагдзинад, бахъахъхъæдта Украинæйы æмбæстагдзинад дæр. 2018 азы 15 майы Украинæйы æдасдзинады службæ æрцахстой Кирилл Вышинскийы æмæ йæ фæаххосджын кодтой паддзахадыл гадзрахатæй рацæуынæй. Аххосджын нæ уыд, афтæмæй иу азы дæргъы ахæстоны арвыста тынг уæззау бонтæ. 2019 азы 16 майы журналисты ракодтой Херсонмæ. 2019 азы 28 августы Киевы апелляционон тæрхондон ссæрибар кодта журналисты.

Раргом кодта АИШ-ы фыдракæндты тыххæй æмæ…

Уæдæ 51-аздзыд австралиаг журналист Джулиан Ассанж АИШ-ы аххосæй ныр 12 азы дæргъы цы хъизæмæрттæ æвзары, уыдон диссагæн дзуринаг не сты? Портал WikiLeaks-ы саразæг Ассанжы фæрцы дуне базыдта сусæггаг документты æнæхъæн къорды тыххæй. Уыдон сæрмагондæй хауынц Афганистан æмæ Æввахс Хурскæсæны Иугонд Штатты æфсад цы æфсæддон фыдракæндтæ аразы, уыдонмæ. Ацы публикациты тыххæй Джулиан Ассанж ныр 12 азы дæргъы кæны хъизæмайраджы цард, нырма Эквадоры, цыран райста политикон æмбæхсæндон æмæ уый фæстæ та Стырбританы. АИШ-ы юстицийы министрад журналисты ныхмæ раразмæ кодта аххосæгты æнæхъæн къорд æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы 175 азы ахæстоны фæбадын. Ныртæккæ Ассанж ис бритайнаг ахæстоны, рахастой йын карз режим. 2022 азы июны æмбисы Стырбританийы мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг радта, Ассанжы АИШ-мæ сэкстрадици кæныны бар. Ассанжы адвокаттæ ногæй хъаст балæвæрдтой тæрхон аивыны тыххæй. Хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, уый бæрæг нæу.

Æнæ скойгæнгæ мын нæй, иу 15 азы размæ хуссарирыстойнаг æвзонг журналист цы уавæры бахаудта, уый тыххæй дæр. Уый ныффыста критикон уац бæрзонд бынæтты кусæг чиновникты тыххæй, зæгъгæ, уæ кабинеты ма ба-дут æхгæд дуæрттæй, фæлæ адæммæ уе ’ргом раздахут. Уацы тыххæй дзы раппæлыд Хуссар Ирыстоны уæды сæргълæууæг, фæлæ… Æцæгæй та журналисты фæдыл зилын райдыдтой, æппынæдзух йæ фæдыл цыдысты цахæмдæр æнæзонгæ машинæтæ. Æвзонг, курдиатджын журналисты бахъуыд йæ журналистон архайд ныууадзын… Гъе, уый дын демократи!

Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы фæцæфтæ сты хуссарирыстойнаг журналисттæ Хуриты Гиви æмæ Хъуылаты Мулдар (абон дыууæ дæр дзæнæттæгтæ). Нæ республикæйы арæх вæййы ахæм цаутæ дæр, журналист критикон уац куы ныффыссы, уæд масты хай фæвæййы…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.