(Фыссæг Цæрукъаты Алыксандры райгуырдыл сæххæст 105 азы)

 Виктор Гюго загъта: «Поэзи æдзухдæр вæййы, цы æхсæнады сæвзæрд, уый хуызæн». Уымæ гæсгæ, литературæ æмæ йæ фæзындтæм мах кæсæм историон цæстæнгасæй, æвзарæм сæ, цы рæстæг сæ сфæлдыста, уый æууæл хынцгæйæ.

Ирон поэзийы стыр фæд чи ныууагъта, уыдонæй иу у зындгонд поэт æмæ прозаик Цæрукъаты Алыксандр. Джыккайты Шамил-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, Алыксандры сфæлдыстад никæимæ абарæн ис, ис ын хæдхуыз бындур. Йæ поэзийæ æдзух хъуысы сагъæс æмæ зæрдæсасты катай. Йæ мидбылхудгæ йæ стæм хатт исчи федтаид. Бæрæг куыд у, афтæмæй йын йæ фыд Ибрагимы, йæ рæстæджы ахуыргонд, 37-æм азы куы æрцахстой æмæ, Сыбырмæ ахæсгæйæ, зæрдæскъуыд куы фæцис, уый лæппуйыл афтæ бандæвта, æмæ йæ царды бонты йæхиуыл нал схæцыд. Йæ зæрдæйы хъыг æвдыста йæ поэзийы.

Фæстæдæр, 90-æм азты, хæдзармæ йæм бацæугæйæ, мæхæдæг базонгæ дæн курдиатджын поэтимæ æмæ мын йæхæдæг фæкодта йæ царды хабæрттæ. Уæд Алыксандрыл сæххæст 80 азы, æддæмæ нал хызт, нал уыдта…

Алыксандр райгуырд 1918 азы Хъарман-Сындзыхъæуы. Скъолайы ахуыргæнгæйæ, активонæй архайдта литературон къорды. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзынд 1933 азы, газет «Сурх Дигорæ»-йы.

Литературæмæ йын уæрæх фæндæгтæ байгом сты, Цæгат Ирыстоны пединституты рабфакы ахуыр кæнгæйæ. Уым базонгæ ис курдиатджын фæсивæдимæ: Цырыхаты Михал, Баситы Мысост, Цæгæраты Максим æмæ иннæтимæ. Фæстæдæр каст фæцис Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институт. Йæ фыццаг æмбырдгонд рацыд 1947 азы. Афтæ райдыдта йæ фæндаг литературæмæ.

Стæй канд уымæн нæ. Йæ дыууæ æфсымæры – Валодя æмæ Таймураз дæр, уыдысты курдиатджын фысджытæ. Иу хæдзарæй – æртæ фыссæджы. Йæ фыртты курдиатмæ та стыр бавæрæн бахаста сæ мад Агъниан. Уый уыд ирон фæрнджын, æппæтзонæг, таурæгъгæнæг сылгоймаг. Зыдта тынг бирæ хабæрттæ. Уыцы æндæвдад тынг фæзынд йæ зæнæгыл. Фæстæдæр ын сæ йæ фырттæ æмбырд кæнын райдыдтой æмæ сæ хицæн чиныгæй рауагътой.

Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстад ма бирæ цæмæйдæрты уымæй хицæн кæны æмæ йæ уацмысты ис, рагæй кæмæй нал пайда кæнæм, ахæм историзмтæ æмæ архаизмтæ. Байхъусæм ма йæм:

 

Нæ фендзынæ æрмгуырой, фæхт, зынгдзæгъдæн,

                  Цæлласæн, нæрв, цыхцырæджы сыкъа…

                  Нæ мад-иу райста пирæн, йе фæтдзæгъдæн,

                  Мæ фыд – дзывыр, дзæккор кæнæ гæркъа.

 

Æз æй куы бафарстон, зæгъын, æвзаджы ахæм хъæздыгдзинад кæцæй райстай, уæд загъта: «Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Хъарман-Сындзыхъæуы. Уым та æмхуызон хорз зонынц ирон æмæ дыгурон æвзæгтæ. Æз гыццылæй фæстæмæ, цыдæриддæр æнахуыр ныхæстæ хъуыстон, уыимæ, фылдæр мæ мадæй, уыдон-иу бахъуыды кодтон æмæ сæ рауад хъæздыг æвзаг».

Алыксандр бирæ азтæ бакуыста рауагъдад «Ир»-ы редакторæй. Алы азты рацыдысты йæ уацмысты æмбырдгæндтæ: «Æмдзæвгæтæ», «Сæууон зарджытæ», «Арвæрдын», «Дада, чызг æмæ хосгæнæг», «Æзынма дæ æцæг зонын», «Радзырдтæ», «Зæрдæйы фæндæгтæ», «Æвзистсыг къæвдатæ» æмæ æндæртæ.

Фæлæ, уæлдæр ма йæ загътон, йе сфæлдыстады сæйраг апп у трагикон. Куыд мын дзырдта, афтæмæй йын йæ æнæаххос фыды мæлæт йæ тых тынг асаста. Уыцы æндæвдад фæзынд йæ уацмыстыл дæр. Йæ фыды тыххæй алы ран дæр йæ фæндæгтæ уыдысты æхгæд, бирæ мæстыты бахауд. Фæлæ, раздæр уыдæттыл æргом дзурæн нæ уыд. Йæ бирæ зæгъинæгтæн ын дзурыны фадат фæцис фæстæдæр, æргомдзырды заман, æмæ райхъуыст йæ зарæг-хъарæг.

Къамы галиуырдыгæй рахизырдæм: Цæрукъаты Алыксандр, Джусойты Нафи, Хъодзаты Æхсар, Ходы Камал.

Уæвгæй, Алыксандры хуызæттæ уæд мингæйттæ уыдысты, 37-æм  азты сæхи кæнæ сæ бинонты кæмæн фесæфтой, фæлæ йæхи сæрмагонд трагеди фыссæджы æнкъараг зæрдæ нæ бабыхста.  Уыцы тугуарæн заман æрмæст ирон фысджытæй бабын кодтой цыппоры бæрц.

Йæ уыцы зæрдæрыстæй курдиатджын поэты зæрдæйы чи райгуырд æмæ уыцы иу рæстæджы хъæздыг æвзагæй кæй сфæлдыста, уыцы æмдзæвгæтæй иу хæссæм газеткæсджыты размæ.

                                                                            ДЖУСОЙТЫ Нинæ

 

ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр

ЗÆГЪИНÆГТÆ, МЫСИНÆГТÆ

(Цыбыргондæй)

Баст зæгъинæгтæ,

Уе ʻлхынцъ райхалут,

Дард мысинæгтæ,

Райгас, райхъал ут!..

 

Рагон къахвæдтыл,

Раг хъуыдытимæ.

Зилон рагъгæндтыл

Æз мæ фыдимæ.

 

Хъус та ахсдзæни

Уый уæзбын хъæлæс.

Не сных хъаздзæни

Стыр тъыфыл цæргæс.

 

Сыстдзæн сау рындзæй,

Æврагъ-урс мæкъуыл.

Згъордзæн фаг тындзæй,

Дымгæ хусæрттыл.

 

Суй мысинæгтæ,

Уе ‘ндах райхалут.

Рох, зæрин сæнттæ,

Райгас, райхъал ут!..

 

Сонты уаг, уæдæ

Макуы бастъæлай.

Мады аргъæуттæ

Æмæ алолай.

 

Фæлæ цас уыдзæн,

Сагъæс, сары хъыг.

Цалæн ахуысдзæн,

О, сæ арты зынг.

 

Саудар усы куыд…

Цæф, рæхуыст зæрдæ.

Мингай – удыскъуыд

Кæд нæ хуыздæртæ!

 

Сæфты уаргъхæссæг,

Сси мæ дарæг дæр.

Ничи батыхсæг,

Нæй æмбарæг дæр…

 

Баст зæгъинæгтæ,

Риуы туглæсæн.

Дард мысинæгтæ

Дудгæ утæхсæн.

 

Дзуарсынк домд удыл,

Хъæды фахсрæбын.

Кувын зонгуытыл

Тулдз бæласы бын.

 

Сон, рын тауджыты,

Барвæнд мацы хъом.

Арын дауджыты –

Стæй Хуыцауы ном.

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.