Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта 2020 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийыл контролы фæдыл штабæн профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, афтæ ма подрядон организациты хайадистæй.

Æмбырды сæйраг темæ уыд Инвестпрограммæйы объекттыл куысты æмгъуыдтæ æмæ гъæд.

Бибылты Анатоли аразджытæн бацамыдта, цæмæй сæ хъус лæмбынæгдæр æрдарой арæзтады эффективондзинады фарстатæм.

«Куыстытæ бæрæг аххосагмæ гæсгæ кæд фæнымæгдæр сты, уæддæр ныр куыст феггуырст йæ бынатæй. Уымæ гæсгæ фæтыхджындæр сты контроль дæр æмæ домындзинад дæр. Ныр хъус æрдарын хъæуы дыууæ хæслæвæрдмæ – тагъдад æмæ гъæдмæ», – банысан кодта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг æрдомдта, цæмæй цыбыр рæстæгмæ баййафтæуа арæзтады графиктæ æмæ рахызтæуа куысты планон гуырахсттæм. Сæрмагондæй та   2020 азмæ цы аст уынджы уыдысты планмæ хаст, уыдон хъуамæ цалцæг æрцæуой 20 сентябрмæ.

«Водоканал» йæхимæ хæс райста 1 августмæ доны сæйраг магистралты куыстытæ кæронмæ фæуын æмæ сæм  абонентты баиу кæнын.

Æмбырды уынаффæ цыд уадзæн пункт «Рукъ»-ыл,  Инвестпрограммæйы мадзæлт-тæ чи æххæст кæны, уыцы сæйраг подрядон ООО «СТМ-ЮГ»-ы автотранспорт æвæстиатæй уадзыны фарстатыл дæр.

Аразджытæ Президенты базонгæ кодтой, объектты куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уыимæ. Бибылты Анатоли цымыдис кодта, кусджытæ цы фæрсаг проблемæтыл æмбæлынц, кусæгдых æмæ сын техникæ фаг кæны æви нæ, уыдæттæм.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, æртыккæгæм астæуккаг скъолайы арæзтадон куыстытæ цæуынц активонæй, кусынц дзы 15 адæймаджы æмæ техникæйы 3 иуæджы. 80 процентæй фесты 2-аг уæладзыгыл  бетон кæныны куыстытæ, арæзт цæуынц гæрæнтæ. Куыстыты стыр хай арæзт æрцæудзæн 2021 азы.

Кæронмæ фæхæццæ кæны Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад.

Фæндагæн йæ 12 проценты æмбæрзт æрцыд асфальтæй, æххæст цæуынц зæххон, быцæуы къулты, донуадзæн хæтæлты æвæрыны куыстытæ. Объектыл кусынц 90 адæймаджы æмæ 56 иуæджы техникæ.

Бибылты Анатоли æрсидт аразджытæм, цæмæй ма æнхъæлмæ кæсой фæндаджы кæронмæ асфальтмæ бацæттæ кæнынмæ, фæлæ асфальт кæной конкретон фадгуыты, куыстытæ куыд цæуынц, уымæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.