Цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын, цалдæр бынæтты чи кусы уыдон фæдыл фарст æрбæстон кæнын æмæ дарддæр сæ бакæнгæ куыстыты тыххæй Президент Гаглойты Аланæн хыгъд скодтой горæт æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ. Æмбырды ма хайад райстой президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан æмæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард.

Горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Къадзты Гено дзырдта, зæгъгæ, администрацийы цæрæнуатон къамисы куыст вазыгджын кæны уымæй, æмæ къамисы уæнгтæ кæй куырдиæттæ ацух кæнынц номхыгъдтæй, уыдон, тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, фæстæмæ разынынц, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, ахæм бинонтæ. Уый, зæгъгæ, тынг стыр проблемæ у ныртæккæ æмæ къуылымпы кæны къамисы куыст.

«Цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамис сбæрæг кæны, бæрæг бинонтæ цæрæнуат райсыны хъуыддаджы кæй нæ тыхсынц, нæ республикæйы территорийæ дарддæр сын кæй ис сæхи сæрмагонд хæдзæрттæ æмæ нæ хауынц, цæрæнуатæй хъуаг чи æййафы, уыцы категоримæ», — дзырдта администрацийы сæргълæууæг.

Президент бахæс кодта, цæмæй цæрæнуатон фарстатæ бæстон цæуой, куыд гæнæн ис, афтæ объективон æмæ закъоны домæнтæм гæсгæ æмæ банысан кодта æввахс рæстæджы кæй фембæлдзæн цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамисы уæнгтимæ.

Къадзты Гено куыд дзырдта, уымæ гæсгæ горæты территорийыл ис ахæм сывæллæтты рæвдауæндæттæ, кæцытæ сты аварион уавæры æмæ сæ хъæуы пырх кæнын.

Дарддæр куыст цæуы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты алфæмблай схæрзарæзт кæныныл. Ам администрацийы кусджытæ æмбæлынц цæлхдуртыл, уымæн æмæ бирæ цæрджытæ нæ разы кæнынц, рæстæгмæ цы мæнгагъуыстытæ, гаражтæ сарæзтой æнæзакъонæй, уыдон аиуварс кæныныл. Афтæмæй уыдон æгъуыз кæнынц хæрзарæзтадон куыстыты фæстиуджытæ.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, уынг у иумиаг, æмæ горæты иумиаг бакаст хъуамæ уа аив. Уый тыххæй цæрджытимæ хъæуы ныхас кæнын æмæ афтæмæй æрбæстон кæнын сæвзæргæ фарстытæ.

Республикæйы дæрддаг районтæй иу — Ленингоры районы территорийыл цы куыст æмæ архайд цæуы, уый тыххæй Президентæн лæмбынæг информаци сарæзта районы разамонæг Гæджиты Иларион. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Павлианы хъæуы хид арæзт æрцыд кæронмæ, цæугæдоны цыд аздæхтой къæдзæхы ’рдæм, цæмæй ма хæра фæндаджы былтæ.

Уымæй дарддæр районы территорийыл куыст цæуы суадæтты алфæмблай хæрзарæзтадон куыстытыл. Æрдзон фæзындтæ къуылымпы кæнынц куыстытæ, фæлæ цыбыр рæстæгмæ сæ алфæмблай æмбонд æмæ электроны рухсытæ арæзт æрцæудзысты Ереды хъæуы. Дарддæр куыстытæ конд цæуынц районы цæрджыты нуазыны донæй ифтонг кæныныл. Хъусдард ма здæхт æрцыд районы ахуырадон, скъолайы агъоммæ уагдæтты æмæ музей зымæгмæ сугæй сифтонг кæныныл.

Бæстæйы разамонæг ма цымыдис кодта, районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сæ куыстмыздтæ райстой æви нæ, уыцы фарстмæ. Районы къухдариуæггæнæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы бонты цыппар мæйæн кусджытæ райсдзысты сæ куыстмыздтæ. Президент бафæдзæхста, цæмæй азы кæронмæ йæ æмбæлон фæрæзтæ райса алы кусæг дæр.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæйы ныхæстæм гæсгæ, район ныртæккæ, æндæр куыстыты æмрæнхъ, архайы æвæрæз бинонты зымæгмæ сугæй сифтонг кæныныл. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл кусынц социалон службæйы кусджытæ, фæлæ транспортон хъуагдзинад цасдæрбæрцæй къуылымпы кæны куыст.

Уымæй дарддæр ма районы дæрддаг хъæу Синагуры раивын хъæуы электроны рухсы цæджындзтæ, науæд зымæгон митуарды тæссаг у аварион уавæртæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дарддæр куыст цæуы районы Барсы хъæу нуазыны донæй ифтонг кæныны фарстыл.

Тыбылты Вандæ ма рæгъмæ рахаста ахæм хъуыды, зæгъгæ, хорз уаит, Уанел æмæ Ручъы хъæууон администрацитæ куы баиу кæниккой. Уæд Уанелы администрацийы сæргълæууæг та Ручъы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй нысан æрцæуит. Уый фæстиуæгæн сæрибар кæнынц дыууæ паддзахадон æмбæстагон службæйон штаты.

«Ацы хъуыддаг кæд æнтыстджын уа, уæд дзы æндæр хъæууон администрациты дæр пайда æрцæудзæн», — банысан кодта уый.

Горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан райгондæй баззад æмæ бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы разамынад æмæ Ленингоры районы къухдариуæгадæн, фадат сын кæй фæцис æмæ районы цæрджытæ æлхъывд газæй зымæгон рæстæгмæ фæсауæрцтæ кæй бакодтой.

Дарддæр радзырдта бакæнгæ цалцæггæнæн куыстыты тыххæй — сывæллæтты рæвдауæндоны цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ конд фесты, ныртæккæ куыстытæ цæуынц астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ та цалцæг æрцæудзысты Фæзыхъæуы хъæууон администрацийы вагæттæ, 4 бирæфатерон хæдзæрттæн та ивд æрцыдысты сæ дуæрттæ.

Къуыдаргомы фæсивæд тырнынц спорты алы хуызтæй сæ хъарутæ равдисынмæ. Администрацийы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæм ис тренертæ уæгъдибар хъæбысхæст æмæ волейболæй. Фæнд ма кæнынц уæззау атлетикæйы секци бакæнын дæр.

Хуыгаты лæппуйы ныхæстæм гæсгæ, сæ тыхсын кæны, Къозы хъæумæ фæндаг цъыфы зæй кæй æрæхгæдта, уый сæ техникæ та нæ тых кæны фæндаг айгæрдыныл, уымæ гæсгæ ацы хъуыддаг бæстонгонд нæма æрцыд.

Цхинвалы районы администрацийы къухдариуæггæнæг Бæззаты Иналы информацимæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц районы хъæутæм фæндæгтыл — Залда, Сатихъар, Бихъар, Хелцуа æмæ Арцеумæ.

Президент фæндон бахаста, цæмæй фæндæгтæ хайгай цалцæгкæныны бæсты æркæсой æххæстбæрцæй асфальткæныны фадæттæм.

Фæндæгты арæзтады фæдыл комитеты сæргълæууæг Елдзарты Константин банысан кодта, ацы фарстыл куыст кæй цæуы.

Знауыры районы администрацийы территорийыл хъæутæм фæндæгтæ æмбæлон уагмæ æркæнын, иунæг кæнæ æвæрæз бинонты зымæгон рæстæгмæ сугæй сифтонг кæнынæй фæстæ нæ лæууы районы разамынад дæр.

Администрацийы сæргълæууæг Гобозты Аланы ныхæстæм гæсгæ, районы цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамисы уынаффæмæ гæсгæ, аварион хæдзары цæрæг 11 бинонты хъуамæ сæ цæрæн бынæттæ раивой ногарæзт 18 фатерон социалон цæрæнуатмæ. Президенты бахæсмæ гæсгæ, къамисы куысты æнæмæнгдæр хъуамæ хайад иса районы депутат æмæ юридиконæй раст бындурыл ифтонг цæуой ног цæрæн бынæттæй.

Бæстæйы разамонæг ма районты сæргълæуджытимæ уынаффæ кодта Хуссар Ирыстоны Хицауады уагæвæрдыл, кæцымæ гæсгæ республикæйы районты бакæнгæ куыстытæм йæ хъус хъуамæ дара Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад, науæд та — Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ дæттыны фæдыл комитет.

Алы районы сæргълæууæг дæр нысан кодта, активон куыст кæй цæуы цалдæр бынаты чи кусы, уыдонмæ ахастыл. Цадæггай фарст бæстон цæуы, кæд дзы æнæмбæрст уавæртæ сæвзæры, уæддæр.

Президент ноджы бабæрнджын кодта æмбырды хайадисджыты, цæмæй æмбæ-лонæй бакусой, цалдæргай бынæттæ чи ахсы, уыдонимæ, æмæ æгуыст адæмæн дæр фæзына куысты бынæттæ.

Администрациты сæргълæуджытимæ æмбырды кæрон Гаглойты Алан ноджыдæр бахæс кодта, цæмæй æппæт тыхтæ дæр здæхт цæуой хъæуты цæрæг æмбæстæгты цард хуыздæр æмæ гъæдджындæр кæнынмæ.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.