4 мартъийы Германы минæвар Уæрæсейы Федерацийы Александр Ламбс­дорффмæ фæсидтысты УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ бундесверы афицерты телефоны ныхасы тексты ныммыхуыр кæныны фæстиуæгæн. Уæрæсе домы, цæмæй æмбæлон дзуапп радта Герман.

Æрæджы медиакъорд «Россия сегодня» æмæ телеканал RT-йы сæйраг редактор Маргарита Симоньян социалон хызæ­джы публикаци сарæзта ФРГ-йы бундесверы афицерты ныхæсты аудиофыстæн. Германы æфсæддон разамынады хистæртæ цыппарæй быцæу ныхас кодтой Украинæйы цауты фæдыл. Сæ сæйраг темæ уыд, украинæгты куыд сахуыр кæной TAURUS ракетæтæй пайда кæныныл, цæмæй сæ бон бауа Уæрæсейы территори фехсын æмæ афтæмæй егъау зиæнттæ æрхæссын. Комкоммæ дзы дзырд цыд Хъырымы хид спырх кæныныл. Афицертæй сæ иу бамбарын кодта йæ коллегæтæн, ома Хъырымы хид афтæ фидар арæзт у æмæ йын 10-20 TAURUS ракетæйы дæр ницы ракæндзысты.

Сæ дзырды сæр ма уыд, цæмæй Германы хайадист ма рабæрæг уа æмæ сын Уæрæсеимæ конфликт ма рацæуа. Уый фæдыл сæ фæнды англисаг æмæ амери­кæйаг æфсæддонты æххуысæй спайда кæнын. Уыдон ныр дыууæ азы дæргъы сты Украинæйы æмæ украинаг националист­тæн æххуыс кæнынц нырыккон æхсæн­гæрзты хуызтæй пайда кæнынæн, амонынц сын бæрзондтехнологон аппараттимæ æмæ системæтимæ архайын. Комкоммæ дзы дзырдæуы, немыцаг Хъахъхъæнынады министрад кæй ифтонг кæны украинæгты æппæт развæдсгæрсты информацийæ.

Ацы информацийы кæй раргом ис, уый тынг хъыг уыд æппæт НАТО-йæн. Уæрæсейы разамынад æй зоны, НАТО-йы æфсæддонтæ Украинæйы кæй хæцынц. Фæлæ НАТО алы амæлттæй йæхи æмбæхсы, нæ йæ фæнды, цæмæй комкоммæ нымад æрцæуа Уæрæсейы ныхмæлæууæгыл. Уымæн æмæ уæд регионалон конфликт райсдзæн æндæр формат – дунеон хæст.

Германы канцлер Олаф Шольц æрæ­джы комкоммæ загъта, зæгъгæ TAURUS ракетæтæ нæ ратдзысты Украинæйæн. Фæлæ уыцы ныхæстыл æууæндæн нæй – LEOPARD танктæй дæр афтæ дзырдтой, фæлæ АИШ-æй сæм бардзырд куы æрхæццæ, уæд ницыуал сфæрæзтой дзурын. Уымæ гæсгæ АИШ-ы куы бафæнда, уæд Шольцы ничи бафæрсдзæн. Уæл­дайдæр та сæ Хъахъхъæнынады министр Писториус у АИШ-ы адæймаг æмæ алы амæлттæй архайы TAURUS-тæ Украинæйæн радтыныл.

Германы æхсæнадыл тынг бандæвта ацы информаци, тæрсынц Уæрæсейимæ сæ ахастыты ноджы фæкарздæрæй. Уæлдайдæр та сæ хæстæй тæрсын кæнынц æмæ сæ нæ фæнды украинæгтау «демократийы» сæраппонд амæлын. Фæлæ сæм ис, кæй фæнды Гитлеры хъуыддæгтæ адарддæр кæнын ахæм хъуыдыйыл лæуд адæм дæр. Уымæн æвдисæн Шольц æмæ сæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Анналена Бербок. Сæ дыууæйæн дæр сæ фыды фыдтæ уыдысты гитлерон фашистты хæстонтæ æмæ куыд уынæм, афтæмæй нацизм Германы æхсæнады ногæй арф уидæгтæ ауагъта.

Паддзахадон Думæйы спикер Вячеслав Володин фехъусын кодта, кæй ацы цауы тыххæй сæрмагонд рабадты Думæ æрдом­дзæн бундестагæй, цæмæй ауадзой слестгæ­нæн мадзæлттæ æмæ радтой исты дзуапп.

Германы кæцыдæр политиктæм диссаг нæ фæкастысты сæ афицерты ныхæстæ, – æрмæст хъынцъым кодтой, ома уæрæ­сейæгтæм куыд бахаудта, уыцы информаци. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Уæрæсейы развæдсгарджытæ активонæй кæй архайынц Германы террриторийыл.

Немыцаг политикты æмæ сæ бизнесы минæвæртты фылдæр хайы нæ фæнды Уæрæсеимæ сæ ахастытæ фехалын. Со­цио­логтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæ­мæй цæрджыты фылдæр хай дæр разы не сты Шольцы политикæимæ. Æмбарынц æй, Уæрæсеимæ хæст сын кæй ницы пайда æрхæсдзæн, уый.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.