Хуссар Ирыстон дæр хъæлæс кæндзæн

Цас æввахсдæр кæнынц Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ, уый бæрц сæм адæмты цымыдисдзинад рæзы. Ацы æвзæрстыты хайад исдзысты дунейы 63 бæстæйы. Политикон стыр цау тынгдæр кæй æндавынц, уыцы бæстæтæ æмæ адæмтæй сæ иу у Хуссар Ирыстон. Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ æрмæг цæттæ кæныны рæстæджы æвзарджытæй кæйдæриддæр афарстон, уыдон ныридæгæн дæр цæттæ сты æвзæрстыты хайад райсын æмæ цыппар кандидатæй аккагдæрæн схъæлæс кæнынмæ.

Бибылты Мухар – 92-аздзыд пенсиисæг: Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы фæцис, уæд мыл кæд æртындæс азы цыд, уæддæр бирæ зынтæ бавзæрстон. Уæдæй фæстæмæ дæр бирæ хъуыстон æмæ уыдтон зындзинæдтæ, фæлæ хатыдтæн, адæмы цард хуыздæр кæй кодта, уый æмæ æз дæр уыцы хорздзинæдтыл æнцой кæнгæйæ, мæ цард кодтон. Абон иуæй-иу æмбæстæгтæ ацы æвзæрстытæм уæлæнгай  ахаст дарынц. Кæд сæм амæсты вæййын, уæддæр сын сабырæй бамбарын кæнын, æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны адæмы цардæн стыр ахъаз кæй сты, уый. Æвзæрстыты кæмæн æмбæлы, уымæн куы схъæлæс кæнæм, уæд уымæй равдисдзыстæм, Уæрæсе нæ адæмæн цы стыр лæггæдтæ бакодта æмæ кæны, уыдон æнæхъуаджы кæй нæ кæнынц, бахъуыды рæстæджы мах дæр сæ фарсмæ кæй лæууæм, уый.

Нæ мæ уырны æмæ, æвзæрстытыл мæгуырауæрдæм чи бандава, ахæм инцидент нæм æрцæуа. Уæрæсе раздæры Уæрæсе нал у, стæй Владимир Путины ныфсхастдзинад æмæ хъæддыхдзинад дæр зыгъуыммæгæнджытæ æнкъарынц æмæ сæ ныфс фыдбылызтæ аразынмæ нæ бахæсдзысты.

Цыппар кандидатæй хъæлæс кæмæн æмбæлы радтын, уый тыххæй дзурын дæр нæ хъæуы. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, 90-æм азты цы уавæрмæ æрцыд Уæрæсе. Йæ разамонджытæ сæхæдæг дзырдтой, зæгъгæ, сæрсæфæны былгæронмæ æрхæццæ стæм уæд. Æцæгæй афтæ уыд. Уæрæсе æндидзын райдыдта Владимир Путины фæрцы. Акæсæм ма абон, Уæрæсе  хъæздыгдæр æмæ  тыхджындæр у. Уæрæсе размæ цæуын куы нæ райдыдтаид, уæд уæззау хабæрттæ махыл тынгдæр бандæвтаиккой.

Бузныг зæгъын, Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн хъæлæс кæныны фадæттæ чи сарæзта, уыдонæн. Уый стыр хъуыддаг у. Уырны мæ, нæ республикæйы фылдæр хъæлæстæ Владимир Путин кæй райсдзæнис, уый.

Хъæцмæзты Вандæ, горæт Цхинвалы библиотекæйы хистæр кусæг: – Уырны мæ, Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны æнæ цухдзинæдтæй ацæудзысты. Уымæн æмæ не ‘мбæстæгтæй алчи дæр æнкъары, æвзæрстыты хорз фæстиуджытæ нæ адæмæн ахъаз кæй уыдзысты, уый. Æвзæрстыты хорз ацыд нæ фæнды Ныгуылæны бæстæты, фæлæ сын дзы ницы рауайдзæнис.

Цæмæй Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ ацæуой тынг хорз, кандидаттæй кæмæн æмбæлы, уымæн схъæлæс кæной, уый тыххæй нæ библиотекæйы кусджытæ дæр сæхимæ райстой бæрндзинад – ныридæгæн нæ алы чиныгкæсæгимæ дæр аныхас кæнæм, æмбарын сын кæнæм æвзæрстыты хайад райсыны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ раст равзæрст саразыны тыххæй.

Битарти Зойæ, зонадон кусæг, профессор: – Ацы æвзæрстытæн стыр нысаниуæг кæй ис, æмæ куыд Уæрæсейы, афтæ сæм Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм дæр æнхъæлмæ кæй кæсынц, уый алчи дæр зоны. Уый тыххæй мæн фæнды арфæйы ныхæстæ зæгъын, Хуссар Ирыстоны æвзарæн фадгуытæ бакæныныл чи бакуыста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Мæхæдæг сæрæгас уон, уый йедтæмæ æнæмæнг æрбацæудзынæн æвзарæн фадыгмæ. Æмæ æрмæст мæхæдæг нæ, фæлæ ма сразæнгард кæндзынæн хиуæтты, зонгæты, æмкусджыты æмæ æндæрты дæр.

Нæ йæ æмбæхсын, æмæ мын æмбæхсинаг дæр нæу, схъæлæс кæндзынæн Владимир Путинæн. Уымæн æмæ ма нæ цæст ахæссæм, цалынмæ Владимир Путин Уæрæсейы паддзахады сæргъ не слæууыд, уæдмæ цахæм уавæрты цардысты куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр. Уæрæсейы сæндидзын кæнын æмæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл кæуылты стыр куыст бакодта, цахæм уæззау уавæрæй фервæзын кодта нæ бæстæйы дæр æмæ нæ адæмы дæр. Æмæ æрмæст уый нæ, фæлæ абон Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæй чи хъуамæ зæгъа, зæгъгæ, нæм Уæрæсе фаг хъусдард нæ дары?

Владимир Путин алы фадыг дæр хорз зоны æмæ уыны. Уый бирæ сарæзта æмæ аразы ахуырады къабазы дæр, æмæ мæ уырны, ногæй йæ президентæй куы равзарой, уæд ноджы фылдæр кæй сараздзæнис.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.