Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Нарыкъаты Любæйæн, 95 азы йыл кæй сæххæст, уый цытæн. Паддзахады сæргълæууæг æй бабæрæг кодта йæ хæдзары, балæвар ын кодта дидинджытæ, бакодта йын зæрдылдарæн лæвæрттæ, загъта йын æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбоны фæндиæгтæ.

Ахæм нысаниуæгджын бæрæгбонмæ йæм раарфæ кæнынмæ ма æрбацыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав.

Йæхи ‘рдыгæй, Нарыкъаты Любæ бузныджы ныхæстæ загъта, кæй йæ ‘рхъуыды кодтой, уый тыххæй æмæ æрныхас кодта йæ хæстон азты тыххæй. Уый банысан кодта, кæй никуы фæфæсмон кодта Советон Æфсады кæй службæ кодта, уый тыххæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ, Нарыкъаты Любæ 50 азы бæрц фæкуыста Цхинвалы скъолаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.