Знон йе ‘нусон бынатмæ афæндараст кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Æлборты Тамарæйы. Уый амард Цхинвалы 95-аздзыдæй. Ветераны йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав, республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.

Æлборты Тамарæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы уыд æхсæг дивизийы радист, уый бархионæй ацыд фронтмæ, æдзух хæсты раззагон хаххыл уæвгæйæ, ныххæццæ Берлины онг. Уый хорзæхджын уыд бирæнымæц хæстон хорзæхтæй – хæстон ордентæ æмæ майдантæй, уыцы нымæцы Фыдыбæстæйон хæсты II къæпхæны орденæй, Сырх Стъалыйы орденæй, «Æхсардзинады тыххæй», «Берлин сисыны тыххæй» майдантæй æмæ æндæртæй.

«Тамарæ Никъалайы чызг райгуырд 1923 азы Знауыры районы Балтайы хъæуы. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд ахуыр кодта Тбилисы Фармакохимион институты фыццаг курсы, уый фæстæ бацыд радисткæйы курсытæм æмæ сæ каст куы фæцис, уæд ацыд фронтмæ. Хайад райста Украинæйы, Белоруссийы, Польшæйы тохты æмæ бахæццæ Берлины онг», – траурон митинджы радзырдта Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.