Нуазыны доны проблемæ нæ горæты рæстæгæй рæстæгмæ вæййы. Уымæн ис, куыд объективон, афтæ субъективон аххосæгтæ дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй Цхинвал донæй ифтонг цæуы, Едыс-Цхинвалы донуадзæны руаджы. Ацы магистралон доны хæтæлмæ та иугонд сты цыппар хаххы. Уыдонæй дыууæ – Дзомагъдон æмæ Брытъаты  доны хæтæлтæ сты гом. Уалдзæджы миттайæнты рæстæджы, уыдон размæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнын. Горæты цæрджытæ æрвылуалдзæг дæр уымæ гæсгæ фæтыхсынц доны цухдзинадæй.

«Горæты сыгъдæг нуазыны дон кæй нал фæфаг кæны, уый тыххæй бацæттæ кодтам горæты микрорайонты донифтонгады график», – загъта нын «Водоканал»-ы сæйраг инженер Сиукъаты Иван.

Уый ноджыдæр загъта, сфидаргонд графикмæ гæсгæ, райсомы сахатты иу хай кæй ис-дзæн дон, изæрæй та – аннæ хай. «Уагæвæрдмæ гæсгæ дон изæры фондз сахатæй фæстæмæ цæудзæн горæты хуссар хаймæ – Харебаты Исахъы уынгæй æмæ микрорайон Текстильмæ. Райсомы авд сахатæй иуæндæс сахатмæ та Цхинвалы централон хаймæ лæвæрд цæудзæн дон. Горæты Мæскуыйаг æмæ  БАМ-ы микрорайонтæ дон исынц комкоммæ магистралы хæтæлтæй, уымæ гæсгæ уыдон доны хъуагдзинад не ‘нкъардзысты.

«Водоканал»-ы ма нын куыд загътой, афтæмæй до-нифтонгады фарст йæ гаччы сбаддзæнис,  Уанат-Цхинвалы ног хахх арæзт куы æрцæуа, уæд. Куыд зонæм, афтæмæй уымæн йæ арæзтад хаст æрцыд 2018-19 азты Инвестицион программæмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.