Бирæты рагæй фæстæмæ дисы æфтауы ныгуылæн бæстæты цæрджыты фæрныгад, сæ царды уавæртæ иннæ адæмтæм абаргæйæ бæрæг хуыздæр цæмæ гæсгæ сты? «Доллар» æмæ «евро»-йы купюрæтимæ баст у сæ хъæздыгдзинад, æви сӕм æцæг ахæм кусаг адæм цæры? Сæ историмæ сын лæмбынæг куы æркæсæм, уæд æй бамбардзыстæм, кæцæй сæм ис уыйбæрц фæллæйттæ.

15-æм æнусы Португалийæ ацыдысты экспедицион наутæ Паулу Диашы сæргълæудæй æмæ балæууыдысты Африкæйы континенты денджызгæрæтты. Сæ хæдфæстæ ныццыдысты католикон дины кусджытæ æмæ цагъаруæйгæнджытæ, æмæ уырдыгæй фæстæмæ райдыдтой африкæйаг цæрджыты хъизæмæрттæ. Португайлæгты фæстæ Африкæмæ «агуылф» кодтой Европæйы иннæ бæстæтæй дæр æмæ райдыдта континенты  колонизаци. Европæйаг лæгсырдтæ нæ ауæрстой бынæттон цæрджытыл – сæ иу хай сын кодтой цагъары, иннæты та кусын кодтой «ма амæлайы» къæбæрыл. Сæ мулк сын тыхæй истой, сæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ та сын сæхимæ ссивын райдыдтой. Суанг абоны онг дæр уыцы процесс не ‘рлæууыд. Африкæйаг бæстæты фылдæр хай нырма дæр сты ныгуылæйнаг бæстæты дæлбар, кæд æмæ официалонæй хæдбарыл нымад сты, уæддæр.

Уый фæстæ европæйаг колонизатортæ ахызтысты Азимæ æмæ ам ноджы æнтыстджындæр уыдысты «фæлтæрдзинад» райсыны фæстиуæгæн. Азийы бæстæтæ африкæйаг цæрджытæй хъæздыгдæр уыдысты æмæ европæйаг æнæфсис эксплуататорты цинæн кæрон нал уыд. Фæлæ сын уый дæр фаг нæ уыд æмæ фæстæдæр ахæццæ сты Америкæйы континентмæ.

Америкæйаг континенты уæвгæйæ, европæйаг колонизатортæ тугдзых сырдтæй хъауджы нал уыдысты. Ам бынæттон цæрджытæн æрмæст сæ мулк æмæ хъæздыгдзинæдтæ нæ байстой, фæлæ ма сæ цæгъдгæ дæр ккодтой. Ахуыргæндты анализмæ гæсгæ Америкæйы континенты европӕйӕгты ныццыды агъоммӕ цардысты 50-110 милуан адæймаджы æмæ сын сæ 90 % бæрц европæйаг лæгхортæ скуынӕг кодтой. Ацы цау схонæн ис дзыллæты историйы иууыл егъаудæр геноцид, фæлæ абоны бон йæ кой кæнын ничи уæнды.

Куыд уынæм, афтæмæй нæ планетæйы цæрджыты фылдæр хай сæдæгай азты дæргъы куыстой ныгуылæн бæстæтæн, кодтой цагъайраджы цард, скъуыдысты æххормагæй. Ныгуылæн бæстæтæ милуангай адæмтæм радтой «мæгуыры лæдзæг», фæлæ  уæддæр сæхи рахонынц «демократон» бæстæтæ.

Ног колониалон методтæ

Советон Цæдис æппынæдзух архайдта, цæмæй колонитæ мауал уыдаид, иу бæстæ иннæйы мауал экслуатаци кодтаид. Дыккаг дунеон хæсты фæстæ ныгуылæн бæстæтæ Советон Цæдисæй райдыдтой тæрсын, хъомысджын æмæ авторитетон бæстæйыл нымад уыд дунейы. Уымæ гæсгæ ныгуылæн бæстæтæ сæ колониты æвæндонæй ныууагътой.

Раздæры колониалон бæстæтæ кæд цагъайраджы уаргъӕй ссӕрибар сты, хæдбардзинад райстой, уæддæр сæ фылдæр хай баззадысты ныгуылæн бæстæты дæлбар. Алыгъуызон махинациты æмæ хуызджын революциты фæрцы дзы къухдариуæггæнджытæй сæвæрдтой сæхи адæймæгты æмæ сæ дарддæр контроль кодтой. Комкоммæ зæгъгæйæ, колониалон системæ куынæг не ‘рцыд, æрмæст фæивта йæ формæ. Кæд æмæ раздæр искæйы хъæздыгдзинæдтæ тыхы фæрцы истой, уæд ныр та сарæзтой хинæйдзаг схемæ. Реалон товарты æмæ фæллæйтты ныхмæ ныгуылæн бæстæтæ райдыдтой дæттын доллартæ æмæ æндæр ахæм валютатæ. Ома хæлц, алыгъуызон хъæугæ товартæ, æрдзон ресурстæ бирæ азты дæргъы æлхæдтой макулатурайæ, кæцыйæн бынтондæр ницы аргъ ис. Уымæн та æвдисæн уыдысты экономикон кризистæ.

Советон Цæдисы ныппырх æмæ Путины æрлæуд

Советон Цæдис ныгуылæн бæстæты ныхмæ æргомæй цыд, эксплуатаци кæныны хъуыддаг сын къуылымпы кодта æмæ уымæ гæсгæ ссис сæ цыфыддæр знаг. Бирæ азты дæргъы архайдтой йе скуынæг кæныныл æмæ 1991 азы сæ бæллиц сæххæст нæхи уæйгæнджыты æххуысæй. Советон Цæдис ныддихтӕ ис æмæ йыл ныгуылæн бæстæтæ сæхи холыхортау ныццавтой. Ластой æнæрлæугæйæ сæхимæ нæ адæ-мы мулк æмæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, цы сæ бон уыд, уымæй йæ пырх æмæ куынæг кодтой. Уымæй уæлдай ма раздæры цæдисон республикæты, Белорусæй дарддæр, æрбадтысты хицæуттæй æмæ сын абоны онг дæр æндавынц сæ цардыл, сæ размæцыдыл.

1999 азы кæрон Путины æрлæудимæ Уæрæсейы стигъын æмæ æгад кæныны процесс æрлæууыд. Фæлæ цалдæр азмæ ныгуылæн бæстæтæ уыйбæрц фæллæйттæ аластой раздæры Советон Цæдисы территоритæй æмæ сын бухъ цард кæныны фаг уыдысты суанг 2009 азы онг. Стæй та ногӕй райдыдта дунеон экономикон кризис, кæцыйӕн нырма йӕ кӕрон нӕ зыны. Уымæ гæсгæ АИШ æмæ йæ сателиттæ архайынц, цæмæй та искæцы хъæздыг бæстæты бастигъой æмæ та раздæрау хъаны цард кæной. Уыцы нысанæн бабын кодтой Ливийы æмæ Сирийы, фæлæ æгæр къаннæг æмæ мæгуыр паддзахадтæ уыдысты æмæ сын се «ххормагдзинад» нæ басастой. Уый фæстæ сæ ных сарæзтой Уæрæсемæ Украинæйыл. Фæлæ ам дæр сæ фæндтæ сæ фæндиаг нæ цæуынц. Логикон æгъдауæй куы ахъуыды кæнæм, уæд дарддæр сæ планы уыдзысты Китай æмæ Инди, кæцыты фæллæйттæ сын, æвæццæгæн, сæдæ азы фаг уаиккой.

Историмæ æркæсгæйæ, Уæрæсе æмæ Китай хæлар бæстæтæ никуы уыдысты. Фæлæ ныры дуджы дыууæ бæстæйы разамынад дæр æмбарынц, иумæ куы нæ уой, уæд сæ иугӕйттӕй АИШ йæ фæсдзæуинтимæ ныддæрæн кæндзысты. Ахæм уавæры ис Инди дæр, кæцы нырма кæронмæ не ‘мбары тæссагдзинад. Путин йе ‘ддагон политикæйы архайы, цæмæй Китай æмæ Инди схæлар уой, бангом уой æддагон знаджы ныхмæ. Куыд уынæм, афтæмæй Иран æмæ Персы дон бакæлæны иннæ паддзахадтæ рахатыдтой ныгуылæн бæстæты хинæйдзаг митæ æмæ сæ фидæн бæттын райдыдтой Уæрæсе æмæ Китаимæ. Уымæй уæлдай ма Африкæйы æмæ Латинаг Америкæйы паддзахадты фылдæр хай дæр се ‘ргом раздæхтой Уæрæсемæ æмæ Китаймæ.

Ныгуылæн бæстæты гегемони ныппырх кæныны нысанæн арæзт æрцыдысты ахæм организацитæ, куыд БРИКС, ШОС æмæ æндæртæ. Ацы организациты скондмæ азæй-азмæ цæуынц фылдæр бæстæтæ. Паддзахадтæ раздæрау сæ кæрæдзийы хсæн экономикон ахастыты рæстæджы пайда кæнын райдыдтой нациналон валютæтæй æмæ уымæ гæсгæ доллары кад дæлæмæ хауын райдыдта. Стæй ма Уæрæсейы ныхмæ санкциты рæстæджы рабæрæг ис, доллар æмæ евро кæй сты тæссаг валютæтæ. Уымæн æмæ дын сæ АИШ кæдфæнды дæр адавдзысты æмæ ис мулкæй афтид армæй аззайдзынæ.

Ног глобалон экономикон кризис æрхæццæ кæны

Экономистты анализмæ гæсгæ АИШ-ы тагъд рæстæджы уыдзæн масштабон экономикон кризис, кæцыйы фæстиуæгæн, гæнæн ис, æмæ АИШ ныппырх уа хицæн штаттыл. Уымæ гæсгæ АИШ-ы разамынад архайынц экономикон кризис ма æруадзыныл. Фæстаг азты Китай, Уæрæсе, Инди, Иран æмæ ма æндæр бæстæты экономикæтæ афтæ стыхджын сты æмæ сыл АИШ-ы бар нал цæуы. Æрмæст ма йын ис иу хос – семæ схæца æмæ сæ ныддæрæн кæна. Фæлæ ныры дуджы уыцы фадат дӕр нал ис. Афтæмæй та сæ æнæмæнг хъæуы егъау ресурстæ, цæмæй сæ экономикæ йæ къахыл слæууа, сæндидза æмæ йын дефолтæй тæссаг мауал уа.

Америкæйаг политиктæ æмæ экономисттæ ссардтой ног вариант сӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн – Евроцӕдис. Европӕйы бӕстӕты экономикӕ ӕмткӕй егъау ӕмӕ бӕрзондтехнологон у, кондады фӕрӕзтӕ сӕм дзӕвгар ис. Стӕй ма сыл сӕ бар дӕр цӕуы ӕмӕ сӕ схӕцыны сӕр нӕ хъӕуы – алцыдӕр сын барвӕндонӕй ратдзысты. Уымӕн ӕмӕ сӕ къухдариуӕггӕнджытӕ иууылдӕр АИШ-ы адӕймӕгтӕ сты ӕмӕ сын цы дзурынц, уый ӕххӕст кӕнынц Евроцӕдисы комиссар Урсула фон дер Ляйенӕй райдайгӕйӕ. Ныридӕгӕн европӕйаг капитал ласт цӕуы АИШ-мӕ, ӕнӕхъӕн заводтӕ ӕхгӕд цӕуынц ӕмӕ сӕ ласынц ӕд кусджытӕ АИШ-мӕ. Евроцӕдисы экономикӕ АИШ-ӕн 5-8 азы фаг скомдзӕн. Фӕлӕ стӕй дарддӕр та?

Евроцæдисы фидæн

Куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Евроцӕдисӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Ӕниу АИШ-ы нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй европӕйаг бӕстӕтӕ бынтон смӕгуыр уой – уӕд ма сын Уӕрӕсейы ныхмӕ чи хъуамӕ лӕууа? Уымӕ гӕсгӕ Евроцӕдис куыд организаци, афтӕ официалонӕй гӕнӕн ис ӕмӕ цалдӕр аз дӕр уӕвынад кӕна, фӕлӕ ницыуал функцитӕ ӕххӕст кӕндзӕн. Ныридӕгӕн дӕр Европӕйы цӕуынц змӕстытӕ – адӕм растадысты Евроцӕдисы разамынады ныхмӕ, сӕ хистӕртӕй домынц Евроцӕдисы скондӕй рахизын.

Евроцӕдисы системӕ афтӕ арӕзт у ӕмӕ хъӕздыг паддзахадтӕ дарынц мӕгуырты ӕмӕ мӕгуыртӕ та алцӕуылдӕр разы кӕнынц хъӕздыджытимӕ. Фӕлӕ ацы системӕйӕ хуымӕтӕг цӕрджытӕ сфӕлмӕцыдысты – сӕ царды уавӕртӕ азӕй-азмӕ къуындӕгдӕр кӕнынц. Ныгуылӕн Европӕйы цӕрджыты фӕрныгад цӕхгӕр хицӕн кӕны централон Европӕйы царды уавӕртӕй. Зӕгъӕм, кӕд Болгарийы, Венгрийы куыстмызд у иу мин доллары бӕрц, уӕд Францы ӕмӕ Германы та у 4-5 хатты фылдӕр. Стӕй ма сӕм йӕ тӕмӕны ис миграцион кризис дӕр, кӕцыйыл хардз цӕуынц миллиардгай евротӕ. Ахӕм уавӕрты, экспертты хъуыдымæ гæсгæ ӕввахс рӕстӕджы Евроцӕдисӕн ӕнӕ ныппырх нӕй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.