30 сентябры æгас дуне, æгæрыстæмæй ма Уæрæсейы цыфыддæр знæгтæ дæр, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты Владимир Путины раныхасмæ. Стыр нысаниуæг ын уымæн дæттой, æмæ ныридæгæн уавæр у æндыгъд, стæй Путин хъомысджын политикыл нымад цæуы, ахсджиаг политикон фарстатæ скъуыддзаг кæ-ны. Фæлæ йын ацы раныхас историйы баззайдзанис эпохалоныл, Уæрæсейы сконд-мæ цы ног цыппар субъекты бахызтысты, уыдоны цæрджытæн та нырæй фæс-тæмæ сæ цард цæхгæр фæивдзæнис.

Путин йæ раныхасы бахахх кодта, регионты цæрджытæ кæй спайда кодтой сæ бартæй, кæцытæ фидаргонд сты Иугонд нациты организацийы Уставы фыццæгæм статьяйы. Хурныгуылæн «демократон» бæстæтæ æппынæдзух  æхсæнадæмон барады кой фæкæнынц, кæд æмæ йæ сæхæдæг арæх фехалынц, уæддæр. Уæрæсе та рагæй фæстæмæ йæ къахдзæфтæ закъоны фæлгæтты фæаразы, йæхи никуы æруагъта фæлитой митæ кæнынмæ æмæ та сын æй ныр дæр ацы референдумты хуызы бамбарын кодта, адæм æмсæр кæй сты æмæ нацитæн кæй ис хæдуагæвæрды бар.

«Ацы регионты цæрджытæн ис бар, цæмæй сæ историйы иугонд кæимæ уыдысты, сæ фыдæлтæ Рагон Уæрæсейы кæимæ размæ кодтой… хъахъхъæдтой, уыдонимæ сæ цард дарддæр кæной. Ам, Новороссийы, хæцыдысты Уæрæсейы сахъгуырд фырттæ Румянцев, Суворов, Ушаков, ног горæттæн бындур æрæвæрдтой Екатеринæ II æмæ Потёмкин. Ам фæрсæйфæрстæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты лæууыдысты нæ фыдтæ æмæ фыды фыдтæ», – банысан кодта Путин.

Нæ дзы ферох сты Путинæй Украинæйы 2014 азы æрцæугæ цаутæ дæр, кæцыты банымадта паддзахадон фæфæлдæхтыл хурныгуылæйнаг бæстæты комкоммæ архайды руаджы. Уыцы трагикон хабæртты фæстæ Украинæйы къухдариуæгадмæ æрцыдис фашистон режим æмæ бынæттон уырыссæгты цард зындон фестын кодтой. Путин æрымысыд уыцы фæмардуæвæг цæрджыты нæмттæ, кæцытæ тох кодтой сæ мадæлон æвзагыл сæрибарæй дзурыны тыххæй, сæ культурæ, традицитæ, дин бахъахъхъæныныл.

«Махæй никуы ферох уыдзысты Донбассы хъæбатыр хæстонтæ, Одессæйы трагедийы æмæ алыгъуызон терактты фæмардуæвджыты нæмттæ. Уыдон уыдысты хæдæфсæддонтæ, хуымæтæджы цæрджытæ, сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, æмæ се ‘хсæн æрмæст уырыссæгтæ нæ уыдысты, фæлæ ма – украинæгтæ æмæ æндæр нациты минæвæрттæ дæр», – загъта Путин.

Цалдæр азы дæргъы æмæ ма абоны бон дæр Новороссийы цæрджыты сæрвæлтау сæ цард чи ратта, уыцы хъæбатыртæ рохуаты нæ баззадысты. Донецкы республикæйы адæмон лидер Александр Захарченко, хæс-тон командиртæ Арсен Павлов, Владимир Жога, Ольга Качура, Алексей Мозговой, десантник Нурмагомед Гаджимагомедов æмæ ма æндæр хæстонтæ, кæцытæ фашистты ныхмæ карз тохты фæмардысты, уы-доны рухс нæмттæ ссардтой, иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Дзырд «уæрæсейæгтæ» бирæтæ æмбарынц афтæ, ома йæм хауынц æрмæстдæр уырыссæгтæ. Фæлæ Путин йæ раныхасы райхæлдта æмæ бамбарын кодта, «уæрæсейаг» схонæн кæй ис ахæмы, кæцы Уæрæсейы культурæмæ, традицитæм, иумæйаг историмæ æнгом лæууы, йæхи та нымайы æмæ хаты «уæрæсейаг дунейы». Дзырд «уæрæсейаг»-æн ис æмбырдгæнæн функци æмæ йæ фæстæ лæууынц тынг бирæ нациты минæвæрттæ. Уымæ гæсгæ Советон Цæдисы цы адæмтæ цардис, уыдоны фылдæр хай абоны бон дæр фæсмон кæнынц Цæдисы ныппырхыл. Милуангай адæймæгтæ аззадысты фæсвæд, рохуаты, æмæ дзы бирæтæ дзæвгар азты дæргъы хъизæмарæй мæлынц, сты æнæбар æмæ цардæфхæрд. Флæ сын сæ хъысмæтыл ничи хъуыды кодта æмæ кæны. Алыгъуызон «демократтæн» æмæ фашистон элементтæн æрмæстдæр ис иу бæллиц – Уæрæсейы æмæ уæрæсейæгты скуынæг кæнын. Уымæ гæсгæ киеваг фашис-тон режим уымæн фæкæны æрмæстдæр Донбассы территориты кой, Путин та – йæ цæрджыты кой. Зеленскийы æмæ йæ кура-торты хуымæтæджы уырыссаг цæрджытæ нæ хъæуынц.

Уæрæсе бирæ азты дæргъы лæмæгъ æмæ æнæбон кæй уыд, уымæ гæсгæ йын нæ уыд йе ‘мтуг, йе ‘мзæххонты бахъахъхъæныны фадат. Йæхи дæр ын аныхъуырынмæ хъавыдысты – Цæцæны террористтæй æмæ æхсæнгарзæй куы байдзаг кодтой, Гуырдзыстоны фашистон режимы Хуссар Ирыстоны цæрджытыл куы сардыдтой, Приднестровьейы туджы зæйтæ куы рауагътой… Фæлæ сын нæ бантыст, сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Уæрæсе та йæ къахыл слæууыд æмæ аккаг ныхкъуырд райдыдта дæттын йæ цыфыддæр знæгтæн.

Путин йæхæдæг дæр 1991 азы æрцæугæ цаутæ нымайы националон катастрофæйыл, уымæн æмæ Советон Цæдисы цæрджыты ничи бафарста, афтæмæй сын сæ хъысмæт аскъуыддзаг кодтой цалдæр уæйгæнæджы. Ацы цауты сæйраг архайджытæ уыдысты хурныгуылæйнаг бæстæтæ æмæ йæ аразгæ та скодтой нæхи мæнгард политикты къухтæй. Ахицæнгонд республикæты арæнтæ та сфидар кодтой сусæгæй, бынæттон цæрджытæн дзырды бар ничи радта, афтæмæй.

Абоны бон æй иууылдæр хорз уынæм, 90-æм азты политикон процесстæ раст кæй нæ цыдысты, уый. Æгæрыстæмæй ма адæмы бартæ дæр хъахъхъæд не ‘рцыдысты, фехæлдтой дунеон барад. Фæлæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ сæ цæстытæ алцæуыл дæр сæхгæдтой, уымæн æмæ сæ бæллицтæ кæдæйуæдæй æххæст кæнын райдыдтой æмæ уый тыххæй цахæмфæнды æнæзакъонон цауы сæрты дæр ахизæн уыдис.

Донбассы цæрæг адæм кæд бирæ азты дæргъы быхстой кæйдæр хиарæзт æнæбары паддзахады цæрын, хъæцыдысты сæ цухдзинæдтыл, уæддæр сын нал уыдис фæстæмæ алæууæн, фашистон режим дзы бæстон куы æрбынат кодта, уæд. Цы паддзахады цæрыс, уый дæ куынæг кæнынмæ куы æрхъава, уæд никæй бафæндид дарддæр ахæм бæстæйы цæрын.

Историмæ куы æркæсæм, уæд рагæй фæстæмæ англосакстæн ис æрмæстдæр иу позици æмæ сын дугæй-дугмæ нæ ивы –  Уæрæсейы пайдайæн цы фæнды уæд, уæддæр легитимон нæу!

Уæдæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы, ома, хурныгуылæйнаг афтæхуыйнæг «де-мократон» бæстæтæ рæстдзинады фæндагыл ныллæудзысты.

Путины раныхасы фæстæ та сæ санкцитæ ныккалдтой. Æгас дунейыл цъиувæдис кæнынц, зæгъгæ, Уæрæсе аннекси сарæзта. Референдумы кой ничи кæны. Адæм бирæ азты дæргъы кæй удхар кодтой æмæ кæй бæллыдысты Уæрæсейы скондмæ бахизынмæ, уый никæй æндавы. АИШ-ы президент Джо Байден комкоммæ загъта:

«Мах дунейы æхсæнадимæ æрбангом уыдзыстæм æмæ Уæрæсейы бæрндзинадмæ æркæндзыстæм. Украинæйы та дарддæр дæр ифтонг кæндзыстæм æхсæнгарзæй, цæмæй йæхи бахъахъхъæна Уæрæсейæ æмæ йын тыхы фæрцы мауал иса йæ зæххытæ», – загъта Байден.

Ахæм реакци уыд АИШ-ы дæлбар уæвæг паддзахадтæн дæр – Евроцæдисæн, Японæн, Канадæйæн, Израилæн, Австралийæн, Стыр Британийæн… НАТО дæр не сразы референдумы фæстиуджытыл æмæ уый дæр диссаг никæмæ фæкастаид.

«Алчидæр æй хъуамæ бамбара, абоны бон Украинæйы цы хæстонтæ ис, мобилизацийы фæстиуæгæн кæмæ æрсидтысты æмæ ма Новороссиийы цæрджытæн чи æххуыс кæны, уыдон иууылдæр сæ райгуырæн бæстæйы размæцыдыл кæй архайынц. Ногæй та сараздзыстæм скъолатæ, рынчындæттæ, цæрæн хæдзæрттæ, театртæ, музейтæ, инфраструктурæ. Архайдзыстæм Новороссийы цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Уæрæсе нæхи йеддæмæ никæй хъæуы», – банысан кодта Путин йæ историон раныхасы.

Уыимæ ма райхæлдта, хурныгуылæйнаг бæстæтæн ахæм хæрам ахаст цæмæн ис Уæрæсемæ. Рагæй фæстæмæ Европæйы паддзахадтæ кодтой калониалон цард – стыгътой æндæр адæмты Африкæйы, Азийы, Америкæйы. Туджы зæйтæ рауагътой тынг бирæ нацитыл, бирæты дзы бынтондæр скуынæг кодтой. Уæрæсе æрдзон хъæздыгдзинæдтæй ифтонг кæй у, уымæ гæсгæ сæ æппынæдзух фæндыд, цæмæй йæ ныппырх кæной æмæ йын йæ цæрджытæй цагъайрæгтæ саразой. Фæлæ сын нæ бантыст, сæ бон нæ бацис. Ӕмæ сæ абоны бон дæр фæнды диктатурæ саразын, цæмæй хицауиуæг кæной æгас дунейыл. Ӕрмæст ныр Евроцæдисы бæстæтæ фæсвæд аззадысты, комкоммæ зæгъгйæ та систы англосаксты колонитæ.  Путин ацы хъуыддаг афтæ бахахх кодта, ома, ахæм паддзахадты къухдариуæгад сæхи лакейты бынаты кæй сæвæрдтой, уымæй гадзрахатæй рацыдысты сæ адæ-мыл.

«Факттæм кæсгæйæ оккупацийы сты Герман, Япон, Республикæ Корей æмæ æндæр ахæм бæстæтæ, кæцыты ма фыддæрадæн хонынц æмбар цæдисонтæ дæр. Фæлæ æз ахæм «æмсæр, æмбар цæдисон ахастытæ» не ‘мбарын, иу бæстæ иннæ бæстæйы къухдæриуæгады хæдзæртты æмæ службæйон кабинетты сæрмагонд аппаратурæ куы æвæра, цæмæй сæсæгæй йæ хъус дара. Уый сæрмæ хæссинаг нæу! Хурныгуылæйнаг бæстæтæ æнусты дæргъы дзурынц, зæгъгæ, адæмтæн сæрибардзинад, демократи хæссæм. Афтæмæй та сæ сæрибардзинад нысан кæны сцагъар кæнын æмæ тыхми кæнын, сæ демократи та – къæхты бын ныссæндын æмæ эксплуатаци кæнын», – банысан кодта Путин.

Ӕниу Европæйы кой куы кæнæм, уæд хæдбар никуы уыдысты. Рагæй фæстæмæ сæ сусæгæй – æргомæй контроль кодтой англосакстæ. Ныр та АИШ-ы æфсондзы бын балæууыдысты æмæ хæцаг куыдзы куыд сардауай, афтæ сæхи дарынц. Æвæццæгæн, сæ туджы ис цагъайраджы цард.

Ныры дуджы æппæт хъæндзинæдтыл дæр æрдзырдта Путин æмæ йын дзы иу хъуыды дæр аппаринæг нæ уыд. Знæгтæн комкоммæ загъта сæ ныхæстæ, бæстон сын æрдзырдтæ сæ фыдракæндтыл æмæ сæ фæлитой митыл. Уæрæсейаг фыссæг, журналист æмæ прозаик Александр Проханов куыд зæгъы, афтæмæй йæм иууыл тынгдæр бахъардта, хурныгуылæйнаг бæстæты кæй рахуыдта «сатанизм»-æй рынчынтæ.

«Уый нысан кæны, хурныгуылæйнаг бæстæтимæ тох æрмæст æфсæддон, экономикон, политикон хуыз нæ райста, фæлæ ма райста религиозон æмæ метафизикон хуыз дæр.

Фæстагмæ Путин загъта: «Нæ фæстæ Уæрæсе ис» æмæ уый дæр нысаниуæгджын дзырд у. Уый та нысан кæны, ныры фæлтæрæй аразгæ кæй у нæ иумæйаг Райгуырæн бæстæйы уæвынад æмæ сомбон», – загъта Проханов.

                              ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.