Ирон чындзæхсæв æмæ чызгæрвысты æгъдæуттæн никæцы адæмты æгъдæуттимæ ис фæивддзаг кæнæн. Уыдонæн ис сæхи сæрмагонд æууæлтæ, сæхи сæрмагонд нысæнттæ, рагфыдæлтæй баззайгæ миниуджытæ. Уыдон сæ кæнынц аив.

Лæппуйæн хъуыддаг бакæнын афон у, уæд хъуамæ йæхицæн цардæмбал равзара. Æмæ иугæр кæрæдзийы æмбæрц чызгимæ сæ цард баиу кæнын дыууæйы хъуыдыйы дæр æрфидар, уæд сæ къуылымпы кæнын нæ хъæуы. Лæппуйы бинонтæ куы базонынц сæ фырты зæрдæйы уаг, сæ хъæбулы равзæрст чызг сæ кæстæрæн аккагыл куы фæнымайынц, уæд чызджы бинонтæм барвитынц минæвæрттæ.

Минæвæрттæ хъуамæ æртæ адæймагæй къаддæр ма уой, фæлæ сæ бирæ дæр нæ фидауы. Уыдонæй-иу гæнæн æмæ амал уæвгæйæ фыдыфсымæр хъуамæ уа, кæнæ мады æфсымæр. Минæвæртты хистæр сыхæгтæй фендджын, дзырддзæугæ, йæ ныхасы уæз кæмæн уа, ахæм.

Æртыккаг минæварæй гæнæн кæд уа, уæд чызджы бинонтæн зонгæ адæймаг. Ахæм кæд разына, уæд уый фæрцы хъуыддаг тагъддæр сырæзы.

Мах рæстæджы-иу чызджы бинонтæ зыдтой, уазджытæ сæм кæй æрбацæудзæн. Фæдзырдтой-иу хиæттæм, сыхæгтæй дæр искæмæ. Сæ ныхас æмæ сæ цæстæнгасæй бæрæг уыд сæ хъуыды.

Фынгыл-иу куы æрбадтысты, уæд фыццаг куывтой Сфæлдисæгæн, дарддæр Уастырджийæн. Æртыккаг гаджидау-иу рауагътой, иу цасдæр куы абадтысты, уæд. Минæвæртты хистæр-иу се ‘рбацыды сæр бамбарын кодта. Æмæ кæд кæстæрты фæндон æмбæрстгонд у, уæддæр минæвæрттæн сæ фыццаг æрбацыды æргомæй разыйы дзуапп радтын нæ фидыдта. Фæлæ «нæ», зæгъгæ, ныллæуу, уый дæр фыдбылыз хаста.

Фынджы хистæр, хæстæгæн сæ кæй агурынц, уый тыххæй-иу уазджытæн арфæ ракодта, стæй-иу радта ахæм дзуапп: «Бинонты хистæры, хиæтты, чызгæн йæхи æфсарм. Уый фæстæ хъуыддаг фæбæлвырддæр уыдзæн». Уымæй-иу уазджытæн бамбарын кодтой, ома, хæдзармæ уын фæндаг ис, зæгъгæ. Дыккаг хатт кæд æрбацæудзысты, уый дæр уыцы изæр сбæрæг кæнынц. Фæлæ йæ къуыри, дыууæ къуырийæ дарддæр аргъæвын  нæ фидауы.

Фидауджытæ

Æртæ-фондз адæймаджы фидауджытæ вæййынц. Лæппуйы бинонтæ сцæттæ кæнынц Фидауæггаг æхца, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ. Фидауæггаг цы æхца сæвæрынц, уый у Мысайнаг, дыууæ мыггаджы кæй бафидыдтой, кæй бахæстæг кодтой, уый æвдисæн.

Иуæй-иу хъæуты фидауынц лæппуйы хæдзары. Уымæн дæр гæнæн ис, æгъдау уый ныхмæ нæу, фæлæ уый тыххæй хъуамæ раздæр баныхас кæнай.

Æгъдæуттæ рæстæгимæ ивынц. Ныртæккæ бирæ хæттыты бафидауынц, чындз куы фæхæссынц, уыцы бон.  Чындзхæсджытæй цалдæр адæймаджы иу сахат раздæр ацæ-уынц æмæ бафидауынц, стæй чындзхæсджытимæ иумæ сбадынц.

Ирыстоны иуæй-иу рæтты чызджы бинонтæ лæппуйы хæдзарæй бацагурынц кусæрттаг. Ацы æгъдау кæнынц, йæ фадат кæмæн куыд амоны, йæхицæн хæсыл чи куыд нымайы, афтæ. Фидыды бон баныхас кæнынц лæвæртты тыххæй. Ныр, мах рæстæджы, чызджы бинонтæ дæр æмæ лæппуйы бинонтæ дæр кæрæдзийæн æмæ сæ хæстæджытæн лæвæрттæ нал кæнынц, кæд ма сæ хистæрты нæмттæ ссарынц, æндæр.

Фидыды бон бадзурынц чындзхæсджыты нымæцыл. Уыдон ссæдз – фондз æмæ ссæдз куы уой, уæд фаг сты. Дыууæ ног хæстæджы архайынц, цæмæй сæ иу дæр æмæ иннæ дæр ма фæрисса.

Сусæгцыд

Бафидыдæй цалдæр боны куы рацæуы, уæд къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын сиахсы акæнынц йæ каистæм. Уазджыты ахонынц хицæн уатмæ æмæ, фысымтæн сæ фадат куыд амоны, афтæ сæ сбуц кæнынц. Сиахсы къафеттæй чызджыты, сылгоймæгты зæрдæтæ балхæнынц.  Уый фæстæ сæ фынгыл сбадын кæнынц. Фысымты хистæр – сыхаг, уæздан адæймаг, уазджыты карæн кæнæ чысыл хистæр, гаджидау рауадзы Хуыцауы тыххæй, Уастырджийы тыххæй. Æртыккаг вæййы дыууæ æвзонг уды цæрæнбонæн. Уый фæстæ сиахс, къухылхæцæг æмæ йе ‘мдзуарджынимæ бацæуынц хæдзары хистæр сылгоймæгтæм, æфсинтæм. Æфсинтæ сын нуазæнтæ раттынц. Хæдзары хистæр сылгоймаг йæ нуазæн саккаг кæны сиахсæн. Уый дæр æмæ, йемæ чи ‘рбацыд, уыдон дæр сæ агуывзæтæ фæстæмæ афтидæй нæ раттынц: йæхицæн хæсыл чи цас нымайы, уыйас дзы æхца сæвæрынц.Уыцы æхца у ном ссарыны, æрхъуыдыйы тыххæй.

Сусæгцыды рæстæджы сиахс чындзæн хъуамæ æрбахæсса къухдарæн. Сиахс æмæ йе ‘мбæлттæн æхсæвы чындзы хæдзары баззайын не ‘мбæлы. Цыфæнды æнафон дæр уæд, уæддæр сæхимæ рацæуынц, кæд сын ацæуыны фадат нæй, уæд та хиуæттæй, кæнæ сыхæгтæй искæмæ баззайынц.

Къухылхæцæг æмæ

æмдзуарджынтæ

Ирон чызгæрвыст æмæ чындзхасты стыр бартæ æмæ стыр хæстæ хауы къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынмæ. Уыдон хæдзарæн, усгур лæппуйæн сты хæстæг, уарзон, æууæнкджын, бæрнон адæймæгтæ, хатгай вæййынц къабаз, хæстæг.

Алчидæр йæхицæн агуры ахæм къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын, æгъдау рæсугъдæй кæронмæ чи ахæсдзæн, лæджыхъæдджын æмæ йæ дзырдæн хицау чи уыдзæн. Уыдон дыууæ дæр лæппу æмæ чызгæн сты æфсымæрты хуызæн.

Чызгæрвыст цæмæй рæсугъд, аив æмæ афоныл ацæуа, уый къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæй бирæ аразгæ у. Хъуамæ чындзхæсджытæ амынд рæстæгмæ сæмбæлой сæ фысымтыл. Чындзыл йæ дзаумæттæ кæнын афон æрхæццæ, уæд къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын фынджы хистæрæй бар ракурынц, цæмæй чындзы бацæттæ кæной, уый тыххæй. Æмæ уæд æрвадæлты лæппутæй искæимæ, чындз цы уаты вæййы, уырдæм бацæуынц æртæ чъирийы æмæ арахъы графинимæ. Æрвадæлты лæппу скувы, цæмæй сæ хо фæндараст фæуа, сæ мыггаг, сæ хæдзарвæндаг сын ма фегад кæна.

Чындзхаст

Чындзхæссæг чи цæудзæн, уыдонæн рагацау бамбарын кæнынц. Раздæр-иу сын фехъусын кодтой цалдæр боны, суанг къуыри раздæр. Чындзхæссæг алы адæймаджы нæ хонынц, уыцы кад æппæтмæ нæ хауы. Чындзхæсджытæ хъуамæ уой уæздан, зараг, кафаг фæсивæд. Карз нозтмæ æмхиц чи нæу, æгъдау æмæ æфсарм кæмæ ис. Уыдон амондæн сты æвдисæнтæ æмæ хъуамæ чындзхаст срæсугъд кæной.

Къæбысты Суликъо

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.