Ӕвзӕрстыты агъоммӕ Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин интервью радта Ӕппӕтдунеон информацион агентад «Россия сегодня»-йы генералон директор Дмитрий Кисилевӕн. Йӕ интревьюйы Путин банысан кодта йӕ позици ӕппӕт актуалон темӕты фӕдыл, ӕрдзырдта паддзахады размӕцыды стратегийыл ӕмӕ фидӕныл.

Ныгуылӕн бӕстӕтӕ тынг архайынц Путины дӕлдзиныг кӕныныл, рахицӕн кодтой егъау ӕхцайы фӕрӕзтӕ Уӕрӕсейы дискредитаци кӕнынӕн. Фӕлӕ сӕ фӕндиӕгтӕ ӕххӕст нӕ цӕуынц. Путины ном ӕмӕ кад азӕй-азмӕ тыхджындӕр кӕны ӕмӕ ныридӕгӕн нымад у иууыл куырыхондӕр ӕмӕ хъомысджындӕр политикыл. Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ ныхӕстӕм ӕгас дунейы дзыллӕтӕ тынг фенхъӕлмӕ кӕсынц. Уӕлдайдӕр, актуалон темӕты фӕдыл куы фӕзӕгъы йӕ хъуыдытӕ, уӕд.

Ацы интервьюйы Путин акцент фылдӕр сӕвӕрдта мидӕггагон проблемӕтыл ӕмӕ плӕнттыл. Ӕрдзырдта экономикон проекттыл, кӕцытӕн азы ӕмгъуыдмӕ рахицӕнгонд ӕрцӕудзӕн триллионгай сомтӕ. Зӕгъӕм, масштабон проект «Трасса Сочи-Джубга» райдыдтой аразын ӕмӕ йӕ эксплутацимӕ ратдзысты 2028 азы. Фыццаг ӕртӕ азы уал арӕзтадӕн  рахицӕн кодтой иу миллард ӕмӕ ӕрдӕг сомы. Трассӕйы дӕргъ хӕццӕ кӕндзӕн 150 километрмӕ, уыдзӕн дзы дыууӕ тъунелы ӕмӕ дзуапп хъуамӕ дӕттой нырыккон домӕнтӕн. Ацы фӕндаджы фӕрцы тынг бирӕ адӕмӕн фенцондӕр уыдзӕн – кӕд абоны бон Сочимӕ фӕндагыл бӕлццӕттӕ бахъӕуынц 7 сахаты бӕрц, уӕд ног трассӕйӕ спайда кӕнгӕйӕ та хардз кӕндзысты ӕрмӕстдӕр 2 сахаты. Ахӕм проекттӕ дзӕвгар сты ӕмӕ комкоммӕ бандавдзысты цӕрджыты цардыл, фӕрныгадыл.

Социалон фарстатæ æмæ экономикӕ

Уӕрӕсейы разамынады фӕнды дарддӕрдӕр сывӕллонджын бинонтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ уый фӕдыл бирӕ къахдзӕфтӕ ӕрцӕудзӕн арæзт. Зӕгъӕм, ахӕм сывӕллонджын бинонтӕн сӕ хъалонтӕ ноджы хъуамӕ фӕкъаддӕр кӕной. «Социологтӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй не ‘хсӕнады 70% бӕрц нӕлгоймӕгты ӕмӕ 72% бӕрц та сылгоймӕгты фӕнды, цӕмӕй сын уа дыууӕ кӕнӕ фылдӕр сывӕллоны. Ахӕм ӕмбӕстӕгты фарсмӕ балӕууын мах нымайӕм нӕ комкоммӕ хӕсыл. Ацы аз нӕм нымад у бинонты азыл. Кӕцы регионты нӕм гуыры къаддӕр сывӕллӕттӕ, уыдонӕн рахицӕн кодтам 75 миллиард сомы ӕмӕ сӕ ӕмбӕлонӕй куы бахардз кӕнӕм, уӕд фӕахъаз уыдзысты уавӕр фӕхуыздӕр кæнынӕн. Иумæйагӕй та ахӕм проекттыл 6 азы дӕргъы хардз ӕрцӕудзӕнис 14 триллион сомы. Ис нӕм бирӕ плӕнттӕ ӕмӕ сӕ æввахс рӕстӕджы ӕнӕмӕнг хъуамӕ среализаци кӕнӕм».

Æввахс рӕстӕджы ма Уӕрӕсейы хицауады фӕнды ног прогрессивон хъалонисӕн системӕмӕ рахизын. Прогрессивон системӕйы фӕстиуӕгӕн корпорацитӕ, компанитӕ, куыстуӕттӕ, кондадтӕ ӕмӕ ма ӕмбӕстӕгтӕй бирӕ ӕфтиӕгтӕ кӕмӕ хауы, уыдонӕн сӕ хъалоны фиддонтӕ уыдзысты фылдӕр. Ацы хъалоны фӕрцы цы уӕлӕмхас ӕфтиӕгтӕ исой, уыдон здахдзысты мӕгуыр, гӕвзыкк адӕмы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.

Уӕрӕсейы рагӕй нӕ фаг кӕны кусӕгдых. Путины хъуыдымӕ гӕсгӕ æввахс азты ацы проблемӕйӕн аиуварсгӕнӕн нӕй. Ӕгӕрыстӕмӕй мигранттӕ дӕр бирӕ ахъаз не сты – сӕ нымӕц хӕццӕ кӕны ӕрмӕстдӕр 3,7 процентмӕ. Уымӕ гӕсгӕ куыстуӕтты хицӕуттӕ хъуамӕ агурой ӕндӕр мадзӕлттӕ – хъӕуы роботизаци. Астӕуккаг нымадӕй нӕм абон алы дӕс мин кусӕгмӕ хауы дӕс роботы ӕмӕ уый тынг цъус у Путины хъуыдымӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Японы алы дӕс мин кусӕгмӕ дӕр хауы иу мин роботы ӕмӕ æввахс азты мах дӕр хъуамӕ уыцы ӕмвӕзадмӕ схизӕм. «Робототехникæимӕ хъӕуы архайын ӕмӕ уый фӕдыл фӕзынд ног проблемӕ – ӕмбӕлон кадртӕ бацӕттӕ кӕнын. Уый фӕдыл бакӕнын кодтам 30 инженерон скъолайы, ацы аз ма ноджы бакӕндзысты 20 скъолайы, стӕй ма фӕстӕдӕр та ноджы 50. Инженерон цӕттӕдзинад кӕмӕ ис, ахӕм кадртимӕ баст уыдзӕн нӕ фидӕн».

Ацы дыууӕ азы хъахъхъӕнынады министрады заказты фӕрцы бӕстӕйы экономикӕ стыр темптӕй ацыд размӕ. Фӕлӕ Путин куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ацы хъуыддаджы дӕр хъӕуы баланс хъахъхъӕнын, кӕннод фӕстӕдӕр зындзинӕдтимӕ сӕмбӕлдзыстӕм. Ома граждайнаг продукцийы рауагъдады гуырахст дӕр хъӕуы фылдӕр кӕнын, ног технологитӕй активондӕрӕй пайда кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма Уӕрӕсейы скондмӕ цы ног регионтӕ бахызтысты, уыдонӕн дӕр ӕвӕстиатӕй хъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй цыбыр рӕстӕгмӕ схизой федералон ӕмвӕзадмӕ.

Украинӕ

АИШ Украинӕмӕ æфсад бакӕныны фӕнд кӕны ӕмӕ Путины хъуыдымӕ гӕсгӕ уыдон нымад ӕрцӕудзысты интервенттыл ӕмӕ уавӕр ӕнӕмӕнг скарз уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ АИШ-ы къухдариуӕгад ацы хъуыддаг аразын кӕны Польшӕйӕн ӕмӕ Францæн. «Польшӕйы ӕфсӕддонтӕ Украинӕйы ныгуылӕн хаймӕ куы бахизой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕмӕ нал акомдзысты. Уымӕн ӕмӕ уыцы территоритӕ кæддæр сӕхи уыдысты ӕмӕ абоны онг дӕр бӕллынц се ‘рбаиу кӕнынмӕ. Комкоммӕ зӕгъгӕйӕ та ныгуылӕн бӕстӕтӕ рагӕй исынц хайад уыцы конфликты куыд уынаффӕгӕнджыты ӕмӕ инструкторты, афтӕ ма ӕххуырст ӕфсӕддонты хуызы дӕр. Фӕлӕ йӕ мах бӕлвырдӕй зонӕм, цахӕм ӕххуырст ӕфсӕддонтӕ дзы ис, уый. Йе ‘фсад исчи куы бакӕна Украинӕмӕ, уӕд кардиналонӕй ницы фӕивдзӕнис фронты».

Ныридӕгӕн цы провокацитӕ аразынц украинаг националисттӕ Уӕрӕсейы арӕнтӕм æввахс, уыдон здӕхт сты Уӕрӕсейы президентон ӕвзӕрстытыл бандавынмӕ. Хӕстон архайдтыты стыр зиӕнттӕ кӕй ӕййафынц, уый фӕдыл сӕ фӕнды исты разнаггад кӕнын Уӕрӕсейӕн, информацион эффект саразын.

Украинӕимӕ истӕуыл бадзурыны хъуыды бирӕтӕм ис ӕмӕ Путин уый фӕдыл зӕгъы, зӕгъгӕ мах разы стӕм, ӕрмӕст, ома, нӕ домӕнтӕ ӕххӕст хъуамӕ ӕрцӕуой. «Кӕд та сӕ домӕнтӕ исты психотропон препараттӕй спайда кӕныны фӕстиуӕгӕн дзурдзысты, уӕд нӕ семӕ ницы хъуыддаг ис. Мах ӕрмӕстдӕр разы стӕм, абоны бон цы уавӕр сӕвзӕрд хӕсты быдыры, уымӕ гӕсгӕ бадзырдтытыл. Мах никӕуыл уал ӕууӕндӕм, уӕлдайдӕр та ныгуылӕн бӕстӕты къухдариуӕгадыл. Нырӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы интерестӕн дзуапп чи нӕ дӕтта, иу ахӕм къахдзӕф дӕр нал сараздзыстӕм».

Ядерон хӕсты тӕссагдзинад

Путин куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсе цӕттӕ у ядерон хӕстмӕ. Ӕгас дунейы, уӕлдайдӕр та ныгуылӕн бӕстӕты, уайтагъд цъиувӕдис систой. Бритайнаг дзыллон информацийы фӕрӕзты объективонӕй нӕ райстой Путины ныхӕстӕ, фӕлӕ райдыдтой уымӕй, ома, Уӕрӕсе цӕттӕ у ныгуылӕныл ядерон бомбæ ӕрӕппарынмӕ. Ахӕм хуызы информаци радтой иннӕ европӕйаг ӕмӕ америкӕйаг информацион фӕрӕзтӕ дӕр. Ӕрмӕстдӕр информацион агентад Bloomberg комкоммӕ радӕтта Путины ныхӕстӕ ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе домы ӕрмӕстдӕр ӕдасдзинады гарантитӕ.

АИШ ӕмӕ иннӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ

Путин та ногӕй банысан кодта, зӕгъгӕ, америкӕйаг адӕм кӕй равзарой президентӕй, уыимӕ бакусдзысты. Фӕлӕ, ӕвзӕрстыты агъоммӕ уавӕрыл дзургӕйӕ, Путин банысан кодта, америкӕйаг политикон системӕ кӕй ис кризисы ӕмӕ тынг кӕй адард сты демократийӕ. Финлянди ӕмӕ Швеци НАТО-йы скондмӕ кӕй бахызтысты, уыцы къахдзӕф, Путины хъуыдымӕ гӕсгӕ, дыууӕ бӕстӕйӕн дӕр ницы пайда ӕрхӕсдзӕн. Францӕн Африкӕйы континенты дзӕвгар проблемӕтӕ кӕй фӕзынд, уым Уӕрӕсе ницы аххосджын у. Африкӕйаг бӕстӕты разамынад сӕхӕдӕг хатынц Уӕрӕсемӕ, цӕмӕй семӕ ӕмгуыст кӕной, сфидар кӕной экономикон бастдзинӕдтӕ. «Ныгуылӕны элитӕтӕ 500 азы дӕргъы цагъайраджы ӕфсондзы бын дарынц милуангай адӕмты Африкӕйы, Латинаг Америкӕйы ӕмӕ Азийы. Уыцы бӕстӕты цӕрджытӕ бафӕлладысты ахӕм цардӕй ӕмӕ се ‘ргом здахын райдыдтой Уӕрӕсейы ‘рдӕм, ныфс нӕ ӕвӕрынц, ома сын сӕ хӕдбардзинад расидыны хъуыддаджы баххуыс кӕндзыстӕм. Ныгуылӕн бӕстӕтӕ разы не сты ивындзинӕдтыл. Уымӕн ӕмӕ сахуыр сты искӕйы удхарӕй марыныл ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн та сӕ дзыппытӕ ӕхцайӕ йедзаг кӕныныл. Нырма йӕ нӕ бамбӕрстой, тугцъиртӕн сӕ адзал кӕй ӕрхӕццӕ кӕны».

 ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.