16-18 февралы горӕт Мюнхены ӕдасдзинады фӕдыл   60-ӕм конференцимæ æрбамбырд сты дзæвгар делагаттæ алы бæстæтæй: 50 фылдӕр паддзахадты сӕргълӕуджытӕ, 60 фылдӕр – фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ, 25 та – хъахъхъӕнынады министртӕ. Уыдонæй дарддæр ма уым уыдысты зынгӕ политиктæ, эксперттæ ӕмӕ журналисттæ.

Дунейы проблемон фарстатыл æрдзурын, глобалон ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны фӕдыл исты бадзырдтӕ саразыныл ахъуыды кæныны бæсты конференцийæ ацыхатт рауад «мыстыты ӕмбырд». Æрмӕстдӕр кодтой Уӕрӕсейы кой ӕмӕ ма тӕрхон кодтой, Украинӕйӕн цахӕм ӕххуыс бакӕной, цӕмӕй хӕсты быдыры ныддӕрӕн кӕна уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты. Фӕлӕ кӕд фарон ӕртхъирӕнтӕ кодтой Уӕрӕсемӕ, ныфсджынӕй дзырдтой, зӕгъгӕ «Путины режим» тагъд рӕстӕджы скуынӕг кӕндзыстӕм, уӕд ныры форумы хайадисджытӕн сӕ оптимизм цыдӕр фӕцис.

2023 азы райдианы ныгуылӕн бӕстӕтӕ стыр ныфс ӕвӕрдтой украинаг размӕабырстӕй, фидарӕй сӕ уырныдта Хъырымы бацахсыны хъуыддаг. Фӕлӕ ныр укра-инаг фронты уавӕр цӕхгӕр фӕивта ӕмӕ ма цы саразой, уый нал зонынц. Стӕй ма АИШ нал разы кӕны Украинӕйӕн финанстӕ рахицӕн кӕныныл ӕмӕ хӕстон хӕрдзтӕ ӕруӕз кодтой Евроцӕдисы бӕрзӕйыл. Ахӕм хъуыддагмӕ та уыдон цӕттӕ не сты. Уымӕн ӕмӕ сӕм тынг скарз ис миграцион кризис, энергоресурстӕ ӕлхӕнынц зынаргъӕй ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн тынг бирӕ куыстуӕттӕ ӕхгӕд цӕуынц. Стӕй ма растадысты фермертӕ дӕр – уыдон разы не сты украинаг товарты льготӕтимӕ, ӕййафынц егъау зиӕнттӕ ӕмӕ домынц, цӕмӕй ӕрӕхгӕной украинаг экспорт Европӕмӕ.

Зеленскийы раныхас ацы форумы фаронмæ абаргæйæ ницы фæивта – куырдта та ӕхсӕнгарз, нӕмгуытӕ, ӕхца. Украинӕ ныртæккæ нымад у мӕгуыргур, лӕгъстиаг сты ныгуылӕн бӕстӕтӕн.

Официалон Уӕрӕсейæ уым иу адæймаг дæр нæ уыдис, фæлæ  Путины кой арӕх кодтой. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕн фронты ис ӕнтыстытӕ ӕмӕ НАТО-йы уæнгты мигъ ныббадт. Фырмӕстӕй ма сӕ дзыхы бафтыд дзырд «демократи», фӕлӕ йӕ алчидӕр ӕмбары, ныгуылӕн «демократийӕн» рӕстдзинадимӕ кӕй ницы иудзинад ис, уый.

Путины ӕппынӕдзух «тиран» хонынц, фæлæ æм хъусæг нал ис. УФ-йы Ӕддагон хъуыддӕгты министрады минӕвар Мария Захарова куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы официалонӕй куы фӕхуыдтаиккой уыцы конференцимӕ, уӕддӕр сӕм ничи ныццыдаид. Форумӕн йæхицæн, зæгъгæ, ницыуал ахадындзинад ис, ницы фарстатӕ у йӕ бон аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ дзы дзӕгъӕлы сӕ рӕстӕг цӕмӕн сафынц, уый зын бамбарæн у.

Конференци йæ тæмæны уыдис, афтæмæй сыл сӕмбӕлд  «ӕвзӕр» хабар – уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ссӕрибар кодтой фашисттӕй Донбассы горӕт Авдеевкӕ. Арвы цӕфау фесты. Сӕ адӕмы туджы бауагътой, зӕгъгӕ, хӕсты быдыры Украинӕ ӕмбулы, Путинӕн ницыуал баххуыс кӕндзӕн, тагъд рӕстӕджы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фыртӕсӕй лидзынмӕ фӕуыдзысты… Уалынмæ иууыл тыхджын арӕзт фидар уӕрӕсейӕгтӕ басастой, украинаг «хъӕбатыр» хӕстонтæ лидзынмӕ фесты,  НАТО-йы ӕхсӕнгарз фӕндӕгтыл уадзгӕйӕ.

 

Авдеевкӕ комкоммӕ равдысты ныгуылӕны ӕдыхдзинад

Сӕ политиктӕм хъарын райдыдта, уавӕр сӕ ныхмӕ кӕй ныззылд. Катастрофæ сын сæ дуар бахоста. Хъавыдысты   Уӕрӕсейы ӕрлӕмӕгъ кӕнын, официалонӕй йӕ террористон паддзахадыл банымайын ӕмӕ йын изоляци саразынмæ. Фӕлӕ сӕ фӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадтысты! Уӕрӕсейы фарс рахӕцыдысты дзӕвгар бӕстӕтӕ, санкциты сӕрты ахизынӕн йын ӕххуыс кӕнынц. Стӕй ма Уӕрӕсейы ӕхсӕнад дӕр разынд ӕнгом. Адæм балӕууыдысты Путины фарсмӕ ӕмӕ уымӕй ныгуылӕн бӕстӕты разамынад фырмӕстӕй фӕмӕлы.

Бирӕ бӕстӕтӕ йӕ   ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, Украинӕйы тыххӕй Уӕрӕсеимӕ сӕ ахастытӕ цӕмӕн хъуамӕ февзӕрдӕр кӕной. Зӕгъӕм, африкӕйаг искӕцы мӕгуыр паддзахадӕн цы пайда у санкцитӕ рахӕссын Уӕрӕсейӕн, кӕд ӕмӕ хӕлцадон продукттӕ Уӕрӕсейӕ ӕлхӕны? Фӕлӕ сын сӕ тыххӕй исын кӕнынц ныгуылӕн бӕстӕтӕ, тӕрсын сӕ кӕнынц, нӕ сӕ уадзынц Уӕрӕсеимӕ ӕмгуыст кӕнын. Уый  «диктат», ныгуылӕн  политикон ӕвзагыл та хуыйны  «демократи».

Фӕстаг дыууӕ азы бӕрӕг фӕфылдӕр сты Уæрæсейы кондады фӕрӕзтӕ, фæзындис ӕмӕ дзы аразынц ног заводтӕ, фабрикæтӕ. Ӕгуыст адӕмы нымӕц у минималон, ӕгӕрыстӕмӕй, Советон цӕдисы дӕр нӕ уыд ахӕм ныллӕг процент. Егъау ӕхцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой зонады райрӕзтӕн, ӕнӕниздзинадӕн, ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Йӕ энергоресурстӕ раздӕрау уӕй кӕны дунейы базарады тыгъдады ӕмӕ йӕ ӕфтиӕгтӕ фылдӕр йеддӕмӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Ӕппӕт ацы факттӕ сызнӕт кодтой АИШ-ы разамынады.

Форумы хайад райста Китайы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Ван И ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ ӕнӕ Уӕрӕсе ахӕм ахсджиаг фарстатӕн аскъуыддзаг кӕнӕн кӕй нӕй.

«Махӕн Уӕрӕсе у иууыл егъаудӕр сыхаг бӕстӕ ӕмӕ архайӕм йемӕ хорз ахастытӕ аразынмӕ. Не мгуыстад азӕйазмӕ ӕнгомдӕр кӕны, кӕрӕдзийӕн кад кӕнӕм, нӕ кӕрӕдзийы интерестӕ хъахъхъӕнӕм. Китайӕн Европӕимӕ дӕр ис хорз ахастытӕ, фӕлӕ санкцитӕ чи исы, уый хъуамӕ йӕ хъуыдыйы дара, ӕппӕтдунеон бӕрндзинад йе уӕхсджытыл кӕй ис. Мах кӕрӕдзимӕ знӕгты цӕстӕй ма хъуамӕ кӕсӕм, фӕлӕ уӕм партнертӕ. Ӕрбаиу кӕнын нӕ хъӕуы нӕ тыхтӕ, цӕмӕй зындзинӕдты сӕрты ӕнцондӕртӕй хизӕм».

АИШ Европӕйы бӕстӕтӕй ӕрдомдта, цӕмӕй се ‘фсӕддон хӕрдзтӕ бӕрӕг фӕфылдӕр кӕной. Ӕмӕ йæм Европæ куы байхъуса, уæд америкӕйаг ӕхсӕнгарзуадзӕн заводтӕ схъӕздыг уыдзысты, европӕйаг бӕстӕтӕ та смӕгуыр уыдзысты. Афтæмæй Иугонд Штаттæн конкуренттӕ нал уыдзысты. Европæйы лидертӕ та уый кæнæ не мбарынц, кӕнӕ та сты уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ сӕ паддзахадты хъысмӕт не ндавы.

Цӕмӕй европӕйаг цӕрджытӕ сӕ разамонджыты ныхмӕ ма рацӕуой, уый тыххӕй сын мысынц алыгъуызон диссӕгтӕ, тӕрсын сӕ кӕнынц, зӕгъгӕ Украинӕйы фӕстӕ та махмӕ ӕрбабырсдзӕн Путин ӕмӕ украинӕгтӕн баххуыс кӕнын хъӕуы.   Фӕлӕ адӕмы хъуыдыкӕнынад ивы – европӕйаг цӕрджытӕ раздӕрау Уӕрӕсейы се знагыл нал нымайынц.

Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ конференцийы фӕндон рахастой, цӕмӕй Украинӕйы территорийыл саразой сармадзанты нӕмыгуытӕаразӕн завод. Польшӕйы та бакӕндзысты ног ӕфсӕддон цӕттӕгӕнӕн полигон Украинӕйы гарзджын тыхтӕн. Уымӕй уӕлдай ма ацы аз хъуамӕ Украинӕйӕн радтой иу миллуан дроны.

Экономисттӕ куыд банымадтой, афтӕмӕй ныгуылӕн бӕстӕтӕ Украинӕйыл бахардз кодтой 244 миллиард доллары. Уӕрӕсейы хӕрдзтӕ та рауадысты 211 миллиард доллары. Куыд уынӕм, афтӕмӕй хӕрдзтӕ ӕмхуызон сты. Фӕлӕ дзы ис цӕхгӕр хицӕндзинад. Ныгуылӕн бӕстӕтӕй ӕрмӕстдӕр АИШ фӕпайда кодта ацы хӕстӕй – цалдӕр хатты фӕфылдӕр кодтой се ‘фсӕддонсӕудӕджерадон комплексы ӕфтиӕгтӕ. Европӕйаг бӕстӕтӕм та цы ӕхсӕнгарз уыд, уыдон Украинӕйы разӕй скодтой ӕмӕ ныр бар-ӕнӕбары зынаргъӕй ӕлхӕнынц АИШ-ӕй ног ӕхсӕнгӕрзты хуызтӕ. Уымӕй уӕлдай ма энергоресурстӕ дӕр бӕрӕг фӕзынаргъ сты ӕмӕ сӕ экономикӕ ныллӕмӕгъ, сӕ бон раздӕрау нал у сӕхи фаг ӕхсӕнгарз саразын.

Уӕрӕсейӕн йӕ хӕрдзтӕ пайдайырдӕм фесты – сфидар кодта йӕ хӕстон хъомысад, стыхджын сты стратегион кондадтӕ, реформӕ сарӕзта йӕ гарзджын тыхтӕн, йӕ экономикӕ раразмӕ кодта. Уӕрӕсе йе ‘фтиӕгтӕй раздӕрау ныгуылӕны зынаргъ гӕххӕттытӕ нал ӕлхӕны, макулатурӕ йеддӕмӕ ницы сты. Йæхи экономикӕйы сæ æвæры Уæрæсе.

Зеленскийӕн йӕ уавӕр мӕгуырау у. Мюнхены йӕ банкетмӕ хонгӕ дӕр нал фӕкодтой, йӕ бӕсты дзы хайад райста Киевы мэр Виталий Кличко. Уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Ууыл та уадз æмæ Зеленски æмæ йæ куратортæ тыхсæнт.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.