Æрвылаз дæр, 6 июны, нæ бæстæйы бæрæг кæнынц уырыссаг генион поэт Александр Пушкины райгуырæн бон.  Ацы ном лæууы дунейы зындгонд адæймæгты нæмтты æмрæнхъ. Уый у уырыссаг литературон ӕвзаджы саразӕг. Уый гениалон ӕгъдауӕй рафӕлгъаудта уырыссаг ӕвзаджы райрӕзты фӕндаг – ӕрбангом кодта чиныджы ӕвзаг ӕппӕтадӕмон, дзургӕ ӕвзагмӕ.

Пушкины райгуырæн бон у ахсджиагдæр бæрæгбæттæй сæ иу.   Уымæн æмæ поэт у нырыккон уырыссаг æвзаджы бындурæвæрæг. Пушкины сфæлдыстадыл схъомыл сты бирæ зындгонд фысджытæ.  Бирæ классикты сфæлдыстады фенæн ис дуэлы æвирхъау фæстиуæг. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йы Дзамболат æмæ Ибрагимы быцæу. Æмæ ахæм цаутæ суанг дунейы классикты сфæлдыстады дæр ис. Ома, Александр Пушкины зонынц æмæ кæсынц зæххы къорийы алы адæмтæ дæр.

Алайнаг-ирон Марияйы хорзы кой ныхъхъӕр ӕппӕт Уӕрӕсейыл. Йӕ мæлæты фӕстӕ йæ Уӕрӕсейы чырыстон аргъуан банымадта сыгъдӕг удыл. Мария уыд ӕртыккаг, цыппӕрӕм уыд йӕ фырт, фӕндзӕм – йӕ фырты фырт Александр Невский, ӕхсӕзӕм – Невскийы фырт Даниил.

Александр Невскийы байзӕддаджы, йӕ фырт Андрей III-йæ рацӕугӕ иу къабазы фӕстӕдӕр райгуырд номдзыд поэт, гений А.С. Пушкин. Йӕ иннӕ фырт, сыгъдӕг уд Даниилӕй рацӕугӕ къабазы та райгуырд Пушкины цардӕмбал Н.Н. Гончарова. Афтӕмӕй, лыстӕг ахъуыды кӕнгӕйӕ, А. Пушкины ӕмӕ Н. Гончаровайы уӕнгты хъазыд сӕ фыдӕлты мад – ирон сылгоймаг Марияйы туг дӕр. Номдзыд поэт йӕ уацмыс «Путешествие в Арзрум»-ы ирон адӕмы тыххӕй хуымӕтӕджы нӕ фыста: «Сӕ сылгоймӕгтӕ диссаджы рӕсугъд сты». Уӕдӕ адӕмон сфӕлдыстады бындурыл цы уацмыстӕ ныффыста, уыдоны дӕр цыдӕр хиондзинады тӕваг банкъары ирон чиныгкӕсӕг. Бӕрӕг у, ирон адӕмон сфӕлдыстадӕн дӕр ӕцӕгӕлон кӕй не сты сӕ архайджытӕ ӕмӕ сӕ хъӕбатырдзинӕдтӕ. Адӕмтӕм кӕрӕдзийы цард, фӕлтӕрддзинад, культурӕ ӕмӕ аивад базонынмӕ тырнындзинад ис. Хорз алкӕмӕн дӕр фӕзминаг у, ӕмӕ-иу сабыр изӕрты Мария йӕ бирӕ цотӕн цы алайнаг-ирон аргъӕуттӕ, таурӕгътӕ, кадджытӕ дзырдта, уыдон фӕлтӕрты сӕрты Пушкинмӕ дӕр ӕрхӕццӕ уыдаиккой.

Поэтæн стыр аргъ кодта Хетæгкаты Къоста дæр, арæх ын пайда кодта йæ хъуыдытæй йæ фыстæ-джыты. Стыр поэты уацмыстæ тæлмац æрцыдысты дунейы 200 æвзагмæ. Уый руаджы æндæр бæстæты адæмтæ хуыздæр базыдтой Уæрæсейы, Кавказы æмæ уырыссаг культурæйы.

Хуссар Ирыстоны иу ахæм адæймаг дæр нæ разындзæн Пушкины уацмыстæ чи нæ бакаст.  Пушкины рæнхъытæ сты æнæмæлгæ. Уыдон уарзынц æмæ кæсынц стырæй, чысылæй. Сабитæ бирæ уарзынц йæ рæсугъд аргъæуттæ, фæсивæд – йæ лирикон æмдзæвгæтæ, хистæртæ та – йæ историон уацмыстæ.

Уырыссаг æвзаг у мах æвзаг дæр. Ацы æвзаг нæ сабидугмæ æрбацæуы Александр Сергейы фырт Пушкины аргъæутты руаджы. Уырыссаг æвзагыл дзурæм, куыд нæ мадæлон æвзагыл, афтæ. Уырыссаг æвзаг зонын та у Александр Сергейы фырт Пушкинмæ гом фæндаг, уый у стыр поэтимæ ныхас кæнынмæ фæрæз, уый у ирон æмæ уырыссаг культурæты диалогы райдиан.

Уырыссаг æвзагыл нæ сабиты ахуыр кæнын хъæуы хæрзчысылæй. Абон уырыссаг æвзаг нæ мадæлон æвзаджы æмрæнхъ æнæхъуаджы нæу нæ республикæйы паддзахадон æвзагыл нымад. Нæ сывæллæттæ уырыссаг æвзаг куы зоной, уæд райсдзысты иттæг хорз уæлдæр ахуырад, куыд нæ университеты, афтæ Уæрæсейы Федерацийы дæр.

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.