Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цӕрджытӕ се ‘мхъӕуккаг Лохты Уахтъанджы куыстуарзаг ӕмӕ хӕдзардзин  адӕймагӕй  зыдтой.  Уый  зӕрыбонты дӕр йӕ фӕллойадон архайд нӕ уагъта, ӕдзухдӕр хӕрзгуыст кодта йӕ хӕдзаргӕрон зӕххы фадыг ӕмӕ ӕрыскъӕф, хъӕлӕрдзы мӕнӕргъы ӕмӕ ӕндӕртӕй кӕддӕриддӕр иста хъӕздыг тыллӕг. Йӕ дзӕнӕттаг фыды фӕллойадон архайд ныр дарддӕр кӕны йӕ фырт, журналист Лохты Джамбулат. Уымӕн сфӕлдыстадон куыстӕй сӕрибар рӕстӕджы нӕй иу ран ӕрбадт ӕмӕ физикон куыстӕй исы ӕхцондзинад. Мӕрмӕ базилын ӕмӕ дзы хорз тыллӕг райсынӕн дзӕвгар гӕнӕнтӕ вӕййы. Уыдон цӕмӕй ӕххӕстӕй базонай, уый тыххӕй хъӕуы ӕндӕрты фӕлтӕрддзинадыл цайдагъ кӕнын, стӕй хъӕуӕг литературӕ ахуыр кӕнын. Джамбулат сӕ дыууӕйыл дӕр хӕцы фидар ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ къухы ӕфты ӕнтыстытӕ. Стыр хъусдард здахы ӕнгузы куыст рапарахат кӕнынмӕ. Уый тыххӕй йын бастдзинӕдтӕ ис Воронежӕй Левинимӕ ӕмӕ иннӕ та у ахуыргонд агроном, биологион зонӕдты кандидат  Хуснудинов Р. Оренбургӕй.

– Дӕлӕ мын уый у ӕнгузы къох ӕмӕ сты 124 талайы. Ис дзы, иугай азтӕ кӕуыл цӕуы, ахӕмтæ   70, – зӕгъы Лохы фырт. Цы ӕндӕр мыггаджы ӕнгузтӕ йӕм ис, уыдон та сты 40, рӕзынц 4 метры бӕрзӕндӕн ӕмӕ алы бӕлас дӕр тыллӕг дӕтдзӕн 30 килограммы. Джамбулат ма фӕлварӕн куыст кӕны фӕткъуы ӕмӕ кӕрдойы талатӕ схъомыл кӕныны дӕр ӕмӕ йын ис зӕрдӕрухсгӕнӕн фӕстиуджытӕ. Ныридӕгӕн ын цӕттӕ сты, джитъри ӕмӕ пъамидор кӕм хъуамӕ байтауа, уыцы бынæттæ. Зымӕгон хъарм бонтӕ фадат радтой нурыйы ӕвзарты рӕзтӕн. Зайӕгойтӕ цӕмӕй ӕнӕнизӕй рӕзой, уый тыххӕй сӕ бапырх кӕны сылы, хуырхӕг кӕнӕ медицинон препараттӕй. Йæ зӕххы фадыджы ис 8 хуызы мӕнӕргъытӕ, хъӕлæрдзы цыппар ӕмӕ ма ноджы ӕндӕртӕ. Фӕндзай быны ныссагъта æртæ хуызы дзедӕрӕджы талатӕ, уыдон сӕ къалиутӕ айтыгътой телтыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, алы бӕлас дӕр хъуамӕ ратта 30 кг тыллӕг ӕмӕ уӕд йӕ фӕззӕджы бӕркад уыдзӕн 1,5 тоннæйы. Цӕмӕй йӕ зымӕгон уазӕлттӕ ма бафхӕрой, уый тыххӕй хъармы тыхт уыд, йӕ бӕрзӕнд дыууӕ метрӕй фылдӕр кӕмӕн у, легъуийы уыцы бӕлас. Фарон дзы ӕртыдта 6 ведрӕйы, фӕлӕ ацы аз заддӕр хъуамӕ уа.

Уымӕй дарддӕр ма хорз хъусдард здахы мыддарды куыстмӕ дӕр ӕмӕ уал ӕм абоны онг ис 12 мыдычыргъӕды. Фӕззӕджы бӕлӕсты сыфтӕртӕ куы ӕрызгъӕлынц, уӕд уыдон дӕр ӕнӕхъуаджы нӕ сӕфынц, фӕлӕ сӕ ӕвгӕны боцкъатӕм. Уыдон цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ куы бамбийынц, уӕд мӕрӕн сты иттӕг хорз хъацӕн, афтӕ ма пайда кӕны фӕныкӕй дӕр. Амоны, цӕмӕй брӕттӕ хуымы мачи судза, кӕннод мӕры пайдайаг цъарӕн кӕны стыр знаггад. Афтӕ ма алыгъуызон зианхӕссӕг уырынгонты ныхмӕ тынг хорз сты уаллӕттӕ ӕмӕ кусы уыдон сбирӕ кӕныныл дӕр.

Бирӕ хорз фӕндтӕ ӕмӕ пайдайаг хъуыдытӕ ис Лохы фыртмӕ йӕ хӕрзиуӕгон куыст ӕмӕ архайды. Фӕлӕ уӕддӕр ӕрмӕст хи цӕнгты тыхӕй нӕу ӕнцон, ӕппӕт куыстытӕ рӕстӕгыл сӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы техникӕ. Уый амӕйразмӕ социалон хызӕгты ныффыста, хуымгӕнӕн трактормӕ тынг кӕй бӕллы. Рацыд рӕстӕг, Джамбулатӕй рох дӕр фӕци, исчи йын ацы ахсджиаг хъуыддаджы баххуыс кӕна, уый. Фӕлӕ йыл иу бон сӕмбӕлд, ӕнхъӕл куыд нӕ уыд, ахӕм ӕхсызгон хабар. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ йын йӕ куырдиатимӕ базонгӕ нӕ республикӕйы Президент Бибылты Анатоли ӕмӕ йын ӕвӕстиатӕй сӕххӕст кодта йӕ фӕндон. Ныр Джамбулаты цæхæрадоны фæзынд, мӕры куыстыты цалдӕр хуызы чи ӕххӕст кӕндзӕн, ахӕм трактор. Ныр ын фенцондӕр уыдзӕн алыгъуызон куыстытӕ ӕххӕст кӕныны. Йӕхӕдӕг ацы лӕвары тыххӕй афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, хорздзинад фидын хъӕуы хорзӕй ӕмӕ, ӕз дӕр фӕстӕ нӕ фӕлӕудзынӕн. “Нӕ аргъуанмӕ цӕуы бирӕ ӕвӕрӕзджын адӕм ӕмӕ фӕззӕджы, мӕ хӕдзаргӕрон зӕххы фадыгӕй цы тыллӕг ӕрзайын кӕнон, уый иу хай балӕвар кӕндзынӕн уыдонӕн”, – загъта уый.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.