Къухтæ æрфыстой

сразыдзинадыл

Уæрæсейы Федерацийы «Роскосмос» æмæ Китайы национ космикон администраци сарæзтой сразыдзинад Мæйы æмæ дард космос раиртасыны фадыджы æмгуыстады тыххæй. Документыл сæ къухтæ æрфыстой Токиойы космос сахуыр кæныны фæдыл дунеон форумы, – хъусын кæны уæрæсейаг корпораци. Хъу-сынгæнинаджы банысанчындæуыд, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Китай æркæсдзысты 2022 азы уæрæсейаг орбиталон космикон аппарат «Луна-Ресурс-1» ауадзыны фæдыл æмгуыстады фадатмæ. Уымæй дарддæр ма, бæстæтæ бадзырдтой мæйы проекттæ æмæ дард космосы фæдыл бæрæггæнæнты уæрæсейаг-китайаг иумиаг центр саразыны тыххæй.

Продукци нал ласдзысты

6-æм мартæй фæстæмæ «Россельхознадзор» нал уадздзысты Белоруссийы дыууæ куыстуаты – «Милкавит» æмæ «Старфуд»-ы продукци ласын. Компани «Милкавит»-ы æхсырысæрты разынд хус æхсыр. Уымæй дарддæр ма ацы куыстуаты æхсыры разынд антибиотик дæр. Компани «Старфуд» цы тахынæджы хуызтæ уадзы, уыдоны сбæрæг кодтой доксициклин. Белоруссийæ æхсыры продукттæ мауал хъуамæ уагътаиккой ласын 26-æм февралæй, фæлæ белорусаг делегацийы йæ сæргъ бæстæйы вице-премьер Михаил Русый, афтæмæй баныхæсты фæстиуджытæм гæсгæ «Россельхознадзор» ацы продукцийыл арæнæвæрд бакæнын аргъæвта 6-æм марты онг. УФ-йы Хъæууон хæдзарады министр Александр Ткачев фехъусын кодта, зæгъгæ, сбæрæггонд цухдзинæдтæ иуварсгонд куы æрцæуой, уæд сæ фæстæмæ ласдзысты Уæрæсемæ.

Протестгæнджыты æмæ полициæгты ныхмæлæудтытæ

Киевы Уæлдæр Радайы бæстыхайы цур цæуынц ныхмæлæудтытæ протестгæнджытæ æмæ полициæгты ‘хсæн. Куыд хъусынчындæуы, уымæ гæсгæ полици æрбацыд цатыртæй городокмæ фæдагурæн архайдтытæ аудзыны тыххæй. Протестон акцийы хайадисджытæ фæлæууыдысты полициæгты ныхмæ, кæцыйы фæстиуæгæн райдыдтой конфликттæ. Дыууæрдыгæй фарс дæр ис хъыгдардбаййафджытæ, 30 адæймагæй фылдæр урæд æрцыдысты. Цатыртæй городок украинаг парламенты цур фæзынд ивгъуыд аз октябры мæйы, сорганизаци йæ кодтой Саакашвилийы фарсхæцджытæ. Протестгæнджыты домæнтæй иу у бæстæйы президент Петр Порошенкойы отставкæ.

Ссæрибар кодтой æртæ цæрæн пункты

Сирийаг æфсады хæстонтæ атыдтой Дамаскы цур Скæсæйнаг Гутайы бандитон къордты хъахъхъæнынады хахх. Æнтыстджын операцийы фæстиуæгæн æфсæдтæ ссæрибар кодтой æртæ цæрæн пункты – Утая, Хош-Салихия æмæ Телль-Фирзаты. «Джебхат ан-Нусра»-йы къорды террористтæ фæстæмæ алæууыдысты. Фидыдады фæдыл уæрæсейаг центры хистæр инæлар-майор Юрий Евтушенко куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ уадзæн пункты районы уавæр æвзæрдæр кæны, æхсынц æй снайпертæ. Афтæ ма боевиктæ сæ провокацион архайдтыты тыххæй пайда кæнынц зæххыбын фæндæгтæй. Уый аххосæй Скæсæйнаг Гутайы цæрджытæн сæ бон нæу гуманитарон паузæйæ спайда кæнын æмæ тæссаг зонæйæ рацæуын.

Бакодтой комендатон сахат

Сирийы фидыдады фæдыл центры минæвар Владимир Золотухин куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ боевиктæ Скæсæйнаг Гутайы бакодтой комендатон сахат гуманитарон паузæйы архайды рæстæджы. Сабыр цæрджытæй боевикты сфидаргонд уагæвæрд чи фехалы, уыдон æфхæрд баййафынц адæмы раз.

 

Фыццаг форум

АИШ-ы Орландойы байгом уæрæсейаг-америкæйаг фыццаг фæсивæдон форум, цыран хайад исынц 70 адæймагæй фылдæр – фæсивæдон æхсæнадон организациты, ассоциациты, социалон къордты æмæ студентон клубты минæ-вæрттæ. Форум уникалон уымæй у, æмæ уыцы иу рæстæджы кæй æрæмбырд код-та æвзонг адæймæгты цалдæр категорийы 18 азæй 35 азы онг, кæцытæ цæрынц ныртæккæ бæстæйы. «Мах фæнды гуманитарон проекты æмгуыстады здæхтытæ сбæрæг кæнын, кæцыйы нысан у уырыссаг æвзаг æмæ культурæйы рæзт, Уæрæсе æмæ АИШ-ы ‘хсæн адæмон дипломати рæзын кæнын», – банысан кодта форумы организатор.

Бардзырд фидыдады

тыххæй

Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæ фехъусын кодтой 5-æм мартæй фидыдад карзæй хъахъхъæныны тыххæй. Донецкы Адæмон Республикæйы оперативон командæкæнынады командиры хæдивæг Эдуард Басурины ныхæстæм гæсгæ къухтæ фыст æрцыдысты æмбæлон бардзырдтыл. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, бардзырд хæлд куы æрцæуа, уæд æй бынаты равзардзысты æмæ аххосджынты бæрндзинадмæ æркæндзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта Луганскы Адæмон Республикæйы хъахъхъæнынады ведомствойы минæвар Андрей Марочко дæр. Загъта, зæгъгæ, фидыдад бахъахъхъæныны тыххæй бардзырдимæ базонгæ кæндзысты сæрмагонд скондты.

Ног президент

Сомихстоны национ æмбырд равзæрста ног президенты. Уый у Лондоны Сомихстоны раздæры минæвар Армен Саркисян, кæцы уыд иунæг кандидат президенты бынатмæ. Саркисяны кандидатурæ раразмæ кодтой дыууæ фракцийы. Сомихстоны ног конституцимæ гæсгæ, президент æвзары парламент авд азы æмгъуыдмæ. Ныртæккæйы президент Серж Саргсяны æххæстбарты æмгъуыд фæуд кæны 9-æм апрелы, уыцы бон уыдзæн Армен Саркисяны инаугураци дæр. Уый фæстæ хицауад ацæудзæн отставкæйы, æмæ Сомихстон æххæстæй рахиздзæн хицауиуæгады парламентон формæмæ.

Стыр политикæмæ æрбаздæхт

4-æм марты Италийы уагъд æрцыдысты парламентон æвзæрстытæ. Фыццаг официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, правоцентристон коалици бæстæйы экс-премьеры партийы хайадистæй «Вперед, Италия!»-йæн ис хъæлæсты 37%. Дыккаг позицийыл хъæлæсты 31% ис «5 звезд» æмæ æртыккаг бынатыл та хъæлæсты 24% ис къухдариуæггæнæг Демократон парти. Фæлæ партитæй фаг хъæлæстæ кæй ничи райста, уымæ гæсгæ разæй сты ног коалицион баныхæстæ.

 

Райста французаг хорзæх

Фыццаг хатт историйы уæрæсейаг фильм Андрей Звягинцевы «Нелюбовь»-æн саккаг кодтой французаг хорзæх «Сезар». Французаг киноакадеми равзæрста Звягинцевы «Нелюбовь» æндæр тыхджын претендентты ‘хсæн «Фæсарæйнаг æвзагыл хуыздæр фильм»-ы номинацийы. Лауреат йæхæдæг цытджын церемонийы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ бон не ссис Пьер Ришар æмæ Софи Марсойы къухтæй хорзæх райсын, уымæн æмæ уыд «Оскар», кæцы домдта мадзæлттæм развæлгъау æрцыд. Хъыгагæн, уæрæсейаг кинофильмæн лæвæрд не ‘рцыд «Оскар».

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.