Рагæй фæстæмæ ахуыргæнæджы дæсныйад нымад цæуы иууыл хъæуæгдæр æмæ кадджындæртæй сæ иуыл. Ахуыргæнæг йæ иууыл стырдæр хæрзиуæгыл нымайы рæзгæ фæлтæры царды раст фæндагыл бафтауын.

Мæ уацы мæ æрдзурын фæнды, йæ царды бонтæ сабиты хæрзиуæгæн чи снывонд кодта, уыцы адæймаг Хуыгаты Иринæйы тыххæй. Уый райгуырд Къуайсайы, астæуккаг скъола дæр каст фæцис уым. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Казахстаны горæт Термезы паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультеты. Уæлдæр ахуырадон уагдон каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Къуайсамæ æмæ кусын райдыдта ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ æрцыд горæт Цхинвалмæ æмæ кусынмæ бацыд горæты сабидæттæй сæ иумæ хъомылгæнæгæй. Зæрдæ-хæлар сылгоймаг уайтагъд ссардта фæндаг чысыл сабиты зæрдæтæм.

Йæ хорз куысты тыххæй Хуыгаты чызджы горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады уæды къухдариуæгад снысан кодта 8-æм сабидоны сæргълæууæгæй. Æмæ йæ байгом кæнынæй абоны онг кусы ацы уагдоны. Уый райгонд у йæ дæлбар кусджыты куыстæй дæр. Сæ куысты пайда кæнынц сабитимæ куысты фæдыл ног методтæй. Арæх ауадзынц бæрæгбонон мадзæлттæ. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхтæй дæр.

Иринæйæн йæ цардæмбал раджы фæзиан æмæ йæ иунæг лæппу кæд хæрзчысылæй баззад сидзæрæй фыды ‘рдыгæй, уæддæр уый зындзинæдтæн бафæрæзта æмæ йæ иунæг хъæбулы бафтыдта царды раст фæндагыл. Райсын ын кодта уæлдæр ахуырад, æркодта йын бинонтæ. Фæзынд сын кæстæртæ – иу чызг æмæ æртæ лæппуйы. Абон Иринæ цæры йæ хъæбулы æмæ йæ хъæбулы хъæбулты цæрайæ.

Сылгоймæгты дунеон боны цытæн мæ 8-æм сабидоны кусджыты номæй зæрдæбын арфæтæ зæгъын фæнды Хуыгаты Иринæйæн. Бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæкус дæ уарзон коллективимæ. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у!

Нукърадзе Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.