РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста республикæйы æмбæстæгты, кæцытæ уый размæ бахатыдысты Президенты Æхсæнадон химæисæнмæ алыгъуызон фарстытимæ æмæ æмбæлон куырдиæттимæ паддзахады сæргълæууæджы номыл.

Райдианы паддзахады сæргълæууæг райста Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрæг Джиголаты Маргойы, кæцы Президентмæ бахатыд йæ хæдзары æмбæрзт ын раивыны куырдиатимæ. Джиголаты чызг йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй хæдзар хъыгдард баййæфта 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæс-тæджы æмæ сæхицæн фадат нæй хæдзары æмбæрзт раивынæн.

Йæ рады, Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй райсом ацæуой Дменисмæ æмæ бынаты равзарой проблемæ.

«Тæккæ райсом уæм бацæудзысты æмæ бынаты фендзысты, цæмæй æмæ уын куыд баххуысгæнæн ис, уый. Алцыдæр арæзт æрцæудзæн, сымах куыд фæнды, афтæ», – загъта Президент.

Ахæм куырдиатимæ йæм бахатыд Цхинвалы цæрæг Хæныкъаты Маринæ дæр, кæцы цæры йæ мад – 89-аздзыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæгимæ.

Президент куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæм ахæм куырдиæттæ ис 50 бæрц, 32 хæдзары æмбæрзты та ныридæгæн ивд æрцыдысты.

«Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй паддзахадæн æххуыс кæнынц парти «Иугонд Ирыстон» æмæ амалиуæггæнджытæ, æмæ мах хæдзæртты бæстыхæйтты æмбæрзтытæ раивыныл паддзахадон бюджетæй иу капекк дæр нæ хардз кæнæм. Ацы куыст дарддæр дæр æххæст цæудзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый бахатыд, цæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветераны хæдзар хаст æрцæуа номхыгъдмæ æмæ, гæнæн уæвгæйæ, ивд æрцæуа йæ хæдзары æмбæрзт æввахс рæстæджы.

Афтæ ма цæрæнуатон фарсты фæдыл Бибылты Анатолимæ бахатыд Знауыры районы Балтайы хъæуы цæрæг Пухаты Маруся, кæцыйæн йæ цæрæнуат хъыгдард баййæфта сыджыты зæй ралæбырыны рæстæджы 2012 азы марты мæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдзар у аварион, æмæ йæ цæрынмæ æндæр ранмæ ацæуын та нæ фæнды. Бибылты Анатоли йын загъта, зæгъгæ, ацы проблемæимæ хорз зонгæ у,  йæ зæххы фадыджы хæдзар аразыны бар ын нæ дæтты Уæлвæткон уавæрты министрад, уымæн æмæ тас у, радон хатт та сыджыты зæй куы рацæуа, уымæй.

Президент Пухаты чызгæн загъта йæ фæндон, цæмæй цæрынмæ рацæуа «Арæнгæон территориты рæзт»-ы фæлгæтты цы хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй сæ иумæ, фæлæ уый не сразы æмæ бахатыд, цæмæй йын фатер рахицæн кæной горæт Цхинвалы кæнæ та йын йæ раздæры хæдзары бынаты ног хæдзар саразой.

«Æз ма ноджы иу хатт фæлхатт кæнын, ис Уæлвæткон уавæрты министрады хатдзæг, кæцы бар нæ дæтты уыцы бынаты хæдзар саразынæн, зæй рацæуынæй тас кæй у, уымæ гæсгæ. Мах дын сараздзыстæм хæдзар, фæлæ дæ цардæн тæссаг бынаты нæ, – æндæр ран. Мах арвитдзыстæм специалистты бынатмæ, æмæ уыдон кæд ссарой хæдзар саразынæн чи бæззы, ахæм бынат, уæд дын уым сараздзыстæм», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Цæрæнуат райсыны фарстимæ паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыд Бететы Светланæ. «Æз 2004 азмæ цардтæн Гуырдзыстоны. Мæ цардæмбал уыд гуырдзиаг æмæ амард, йæ ус ирон кæй у, уый тыххæй йæ куы фæнадтой, уый фæстæ. Уæд æз мæ чызгимæ ралыгъдтæн Хуссар Ирыстонмæ. Мæхæдæг кусын скъола-интернаты техникон кусæгæй, цæргæ дæр уым кæнын мæ чызг æмæ мæ чызджы чызгимæ уæлæмхас хатæны», – радзырдта Бететы Светланæ.

Президент бахæс кодта ацы фарст сахуыр кæнын æмæ Цхинвалы бирæфатерон хæдзæртты арæзтад фæуыны фæстæ йын уым цæрæнуат рахицæн кæныны гæнæнмæ æркæсын.

Дзауы районы фермер Цхуырбаты Уырызмæг, кæцыйæн ис 90 сæры ставдкъах фос, Президентмæ бахатыд дыууæ проблемæимæ.

«Хизæнты фæстæ фосы кæм бакæнон, уый мын нæй. Ис ма мын проблемæ тугдзых сырдтимæ, кæцытæ мын ныридæгæн аргæвстой 12 сæры», – загъта уый.

Президент бахæс кодта районы сæргълæууæг æмæ милицийы кусджытæн, цæмæй тæккæ райсом ацæуой æмæ Цхуырбайы фыртæн раздахой уыцы территори, кæцы йын уый размæ байстой, афтæ ма йын бары гæххæтт радтой хæцæнгарз дарынæн, цæмæй фермер йæ фос хиза йæ цардæн æдас куыд уа, афтæ.

Алыгъуызон фарстытимæ уыцы бон Бибылты Анатолимæ бахатыдысты 40 æмбæстагæй фылдæр.

РХИ-йы Президенты Æхсæнадон химæисæнмæ чи бахатынц, уыцы æмбæстæгты паддзахады сæргълæууæг йæхимæ райсы мæй дыууæ хатты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.