Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты сæраппонд æрæджы цы бæрæгбон банысан кодтой нæ республикæйы цæрджытæ, уый сæ зæрдыл бадардзысты бирæ азты дæргъы. Бæрæгбон банысан кæныны бон нæ республикæмæ цы бирæ уазджытæ æрцыдысты, æгæрыстæмæй, уыдон дæр дисы бафтыдысты йæ аивдзинадæй æмæ сæ ныхæстæй бæрæг, уыд бæрæгбон сын сæ зæрдæты кæй ныууагъта рæсугъд тæлмæнтæ.

Цæмæй бæрæгбон бæрзонд æмвæзадыл ацыдаид, уый тыххæй нæ республикæйы æндæр æмæ æндæр фадгуыты кусджытæ бацархайдтой тынг зæрдиагæй. Уыцы хъуыддаг бахынцыдта нæ республикæйы разамынад æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй бæрæгбоны цытæн цы майдан рауагъд æрцыд, уымæй хорзæхджын æрцæуой нæ республикæйы æндæр æмæ æндæр  профессийы кусджытæ. Уыдон æхсæн сты цардуагон-хæдзарадон кусджытæ, аразджытæ, медицинæйы къабазы, музейы, ахуыргæнджытæ æмæ сæудæджерады къабазы кусджытæ.

Майданæй схорзæхджын кæныны церемони ауагъд æрцыд нæ республикæйы Хицауады дæр. Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик уыцы бон схорзæхджын кодта 10 адæймаджы – Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб, Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæджы хæдивджытæ Дзудцаты Мурат æмæ Бестауты Алинæ, Управленийы хъуыддæгты фæдыл къухдариуæггæнæг Кобесты Спартак æмæ æндæрты.

Церемонийы фæстæ сын зæрдæбынæй раарфæ кодта Хицауады Сæрдар æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæр дæр хæрзиуæгон æнтыстытæ.

«Нæ республикæ ныртæккæ ис йæ размæцыды фæндагыл æмæ нæ хъæуы фылдæр архайын, кусын, змæлын. Мах хъуамæ фылдæр бæрндзинад хæссæм нæ республикæйы фидæны райрæзты тыххæй, зæрдæбынæй уарзæм нæ адæмы æмæ нæ Ирыстоны размæцыды тыххæй ма ауæрдæм нæ зонындзинæдтæ æмæ нæ тыхыл. Æмæ уын ацы хъуыддаджы мæ цæст уарзы æнтысгæ куыст», – загъта Пухаты Эрик.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.