2008 азы августы хæсты фæстæ уый ссис Уæрæсейы иууыл æвзонгдæр хъайтар. 2008 азы сержант Сергей Мельниковыл сæххæст 22 азы. Райгуырд горæт Свердловскы 1986 азы 8-æм февралы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта колледжы программисты дæсныйадыл. Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæм баслужбæ кæнынмæ йæм æрсидтысты 2006 азы æмæ æрвыст æрцыд Еланскаг гарнизоны ахуыры хаймæ. Ахуыры фæстæ Сергей службæ кодта Дзæуджыхъæуы 58-æм æфсады 19-æм мотоæхсæг дивизийы. Æфсæддон полигонты ахуыргæнæн æхстытæ æххæст кæнгæйæ, уый никуы ахъуыды кодтаид  ууыл, æмæ йæ уыдоны  сæр  кæй бахъæудзæн реалон хæстон уавæрты.  2008 азы йе ‘фсæддон службæ адарддæр кодта  контракты бындурыл.

 2008 азы 9-æм августы батальонон тактикон къорды сконды архайдта 141-æм хицæн батальоны танкон ротæ, кæцыйы Цхинвалы штурмы рæстæджы сатакæ кодтой ныхмæлæууæджы тыхтæ. Атакæйæн ныхкъуырд дæтгæйæ, сержант Мельников скуынæг кодта æртæ бронеобъекты. Æххæстæй йæ хæстон комплект куы бахардз кодта, уæд уый йæ танк ракодта æхстыты бынæй æмæ уымæй бахъахъхъæдта экипажы цард. Хъыгдард чи æрцыд, ахæм танкыл æнæ иунæг хæстон æрмæгæй скъæргæйæ, йæ цард бахъахъхъæныныл æппындæр нæ хъуыды кæнгæйæ, Мельников сатакæ кодта ныхмæлæууæджы фистæг æфсады дæлхайы, фæлидзын æй кодта æмæ афтæмæй йæхиуæттæн къæлидор сарæзта гуырдзиаг хæстонты æрхъулайæ … 

 Æфсæддон формæйы хæрзконд лæппуйы мад уайтагъд нæ базыдта йæхи Серегайы. Дыууæ азы размæ уый афæндараст кодта йæ фырты æфсадмæ. Фæндараст кодта хуымæтæджы æфсæрмдзæстыг лæппуйы. Æмæ ныр та йæ разы ис Уæрæсейы æцæг хъайтар. Уый карзæй загъта, зæгъгæ, алцы дæр «нормалон у», фæлæ йæхи иуварс кодта, чи йыл сæмбæлд, уыцы æмзæххонтæ æмæ журналисттæй. Æгæрыстæмæй йæм æфсæддон къамисар дæр æрбацыд дидинджытимæ. Йæ тыхстдзинад тыххæй уромгæйæ, сержант Мельников фæлвæрдта сдзуапп кæнынмæ, алкæйы дæр цы фарста цымыдис кодта, уымæн: «Цæй, куыд уыд уым, Цхинвалы?». «Нæ, уым нæ тарстæн, тæссаг мæм ныр фæкаст, уым цы уавæры бахаудтæн, уый. Хæдзармæ æрыздæхтæн, уымæн æмæ удæгас æмæ æнæниз дæн. Фæлæ знагимæ тохы рæстæгæй, уæлдай тынгдæр тыхстæн Кремлы, Уæрæсейы Президенты къухтæй «Сыгъзæрин Стъалы» куы истон, уæд», – басаст танкист. 2008 азы 1-æм октябры Кремлы цытджын уавæры УФ-йы Президент Дмитрий Медведев йæхи къухтæй радта Сергей Мельниковæн Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном «Сыгъзæрин Стъалы»-йы  майданимæ.

Гуырдзиаг æфсæдты ныхмæ хæстон архайдтыты 141-æм хицæн танкон батальоны сконды сержант Мельников хайад иста æрмæстдæр иу бон. Æмæ йын уыцы бон фæивта æрмæст йæхи цард нæ, фæлæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты батальоны æппæт хæстонты цард дæр, кæцытæ уыдысты æрхъулайы æнгом цæджы. 2008 азы 9-æм августы комкоммæдæр Цхинвалы уынгты хæсты Т-72 Сергейы командæйы бын æмæ ма ноджы æртæ бронемашинæимæ сифтонг кодта атынд æрхъулагонд фидауынгæнджытæм æмæ сæ бахъахъхъæдта скуынæг кæнынæй. Фæлæ сын гуырдзиаг артиллери æмæ танкæтæ дарддæр дæр æхстой сæ позицитæ. – Мах батальонмæ куы бацыдыстæм, уæд дисы бахаудтам, цы ныв федтам, уымæй. Казармæ æмæ артгæнæнтæ (котельные) уыдысты пырх, санитарон хай æмæ ног медицинон машинæ куынæг æрцыдысты. Фидауынгæнджытæй фæмард 12 адæймаджы, уыдис дзы цæфтæ дæр, – радзырдта фæстæдæр Уæрæсейы иууыл æвзонгдæр хъайтар. Мельниковы машинæ архайдта, куыд цæугæ æхсæн фæрæз, афтæ. Размæ-фæстæмæ цæугæйæ, танк рæстдзæвинæй æхста ныхмæлæууæджы удæгас тыхты æмæ техникæйы. – Фæкъуыхцыйы бар нын нæ уыд. Нæ танкты алы сармадзаны нæмыг дæр æмбæлд йæ нысаныл. Дыууæ сахаты фæстæ мæ танкыл сæмбæлдысты дыууæ гранатæ РПГ æмæ  БМП-йы дыууæ сармадзаны нæмыджы. Мæ танчы динамикон хъахъхъæнынад ахауд, сармадзаны зилæн системæ фехæлд, фесты нæ хæстон æрмæджытæ. Уæд мах аскъуыддзаг кодтам танкæй рахизын æмæ фидауынгæнæг тыхты батальоны командиримæ æрбаиу уæвын, цæмæй казармæйæ æхстаиккам ныхмæлæууæджы танкæты. Фæстагмæ æз хызтæн танкæй танкмæ, уымæн æмæ æххæстæй зыдтон тохы быдыры уавæр, нæ машинæтæй дыууæ та батальоны æмбæрзтой фæсчъылдымæй. Цыппæрæм танчы хæстон комплект куы фæци, уæд бахъуыззыдтæн казармæмæ, æмæ уырдыгæй æхстон автоматæй. Фидауынгæнджыты городокы алыварс цæг æлхъывддæр кодта. Гуырдзиæгтæ нын нæ позицитæ æхстой 40 метры дæрддзæгæй. Цы æххуыс нæм рарвыстой, уыдоны размæ ацæуын нын карз тохты бын нæ уыд гæнæн, – радзырдта Сергей Мельников.

 Уæд æвзонг хæстон сарæзта, гæнæн цæмæн нæ уыд, уый. Бахъуыззыд йæ пырх æнæ хæцæнгарз танкмæ æмæ максималон тагъдадæй атакæйы рацыд гуырдзиаг мотоæхсджытыл. Тæссаг хæстон машинæйы хъомысдзинад æмæ уырыссаг танкисты фæндвидардзинадæй фæтæрсгæйæ, уыдон лидзынмæ фесты. Мельников сæ фæстæ цыд иу километр æмæ æрдæджы бæрц, æмæ уый фæстæ фехъусын кодта бастдзинадæй: «Гæнæн ис æмæ райдайат цæуын». Фидауынгæнджытæ цыдысты сылгоймæгтæ-медиктимæ, сæ къухты цæфтимæ æмæ гуырдзиаг фистæг æфсад сæ фæстæ цыд фондз километры бæрц…

– Æз удæгас æмæ æнæниз дæн, нæ фæцæф дæн, – фехъуыст Сергейы хъæлæс, телефоны хæтæл йæ мад куы систа, уæд. Къуырийы бæрц ныййарджытæ нæ зыдтой сæ фырты хъысмæты тыххæй, йæ телефон нæ дзуапп кодта. Æмæ телевизоры ног хабæртты та æппынæдзух дзырдтой Цхинвалы уынгты тугкалæн хæстыты тыххæй. Сергей фæстæдæр батальоны командирæй базыдта, командæкæнынад хуымæтæджы салдаты Уæрæсейы Хъайтары ном райсынмæ кæй бавдыста, уыцы хабар. Фыццаг йæхи дæр нæ бауырныдта. Фæлæ йæхицæн уайтагъд аскъуыддзаг кодта, ахæм бæрзонд ном ын кæй саккаг кодтой, уымæй кæй никуы æппæлдзæн. Æрмæст ын иу хатт спайда кæндзæн йæ лæггæдтæй – уæлдæр ахуыргæнæндонмæ куы цæуа, уæд…

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.