2008 азы августы хæсты фæстæ интернет-хызæджы уæрæхæй æвдыст цыд видеоролик, цыран уæрæсейаг салдат нæмыгзгъалимæ иунæгæй æрлæууыд цалдæр автомашинæйыл цæуæг гуырдзиаг хæстонты колоннæйы раз. Уыцы рæстæджы бирæтæ нымадтой, зæгъгæ, уый у Бурятийы цæрæг Бато Дашидоржиев, кæцы, куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ дыккаг бон фæмард. Фæлæ 2011 азы  куыд рабæрæг, афтæмæй кадрты уыд æндæр адæймаг – Астраханы цæрæг Тасболат Ибрашев. Фæсарæйнаг журналисттæ ацы инцидент систой камерæйæ æмæ йæ апарахат кодтой хызæджы. Уыдон ацы историйæн радтой  ахæм сæргонд: «300 спартаконы нæ хъæуынц, фаг у иу уырыссаг дæр».

Кадры зыны, гуырдзиаг афицертæ уæрæсейаг салдатæй куыд домынц, цæмæй ауадза колоннæ, фæлæ уый никæмæ хъусы æмæ иунæгæй дарддæр лæууы знаджы хæстон техникæйы раз. Цасдæр рæстæджы гуырдзиæгты  фæстæ сæ хæстон колоннæ разылд æмæ ацыд фæстæмæ.

Тасболат райгуырд Казахстаны. 1986 азы йæ мад æмæ йæ дыууæ хоимæ цæрынмæ рацыд Астраханмæ. Æмгъуыдон службæ рацыд Цæгат Ирыстоны арæнгæрон æфсæдты, уый фæстæ контрактмæ гæсгæ службæ кодта Цæцæны, горæт Шалийы  УФ-йы Гарзджын тыхты сурзæххон æфсæдты 42-æм гвардион мотоæхсæг дивизийы 70-æм полчы. «Мах сыстын кодтой  фæдисмæ гæсгæ. Æрæмбырд нæ кодтой æмæ нын нæ командир, хистæр лейтенант Дычковский, загъта, зæгъгæ, цæуæм Гуырдзыстонмæ. Уым цæуы хæст æмæ мах хъуамæ баххуыс кæнæм фидауынгæнæг тыхтæн æмæ сабыр цæрджытæн. Изæрырдæм рацыдыстæм æмæ æхсæвы бахæццæ стæм тъунелы онг. Дыккаг бон ротæ слæууыд гуырдзиаг горæт Гурмæ бацæуæны. Нырма уал нын бахæс  кодтой, цæмæй сбæрæг кодтаиккам, æввахс хъæуты ма ныхмæлæуджытæ ис æви нæ, уый. Уыцы хæс куы сæххæст кодтам, уæд нын нæ блокпост сæвæрдтой Гурмæ бахизæны. Райстæуыд информаци, зæгъгæ, гуырдзиаг колоннæ рацæуы ацы фæндагыл. Уæд нæм æрбацыд булкъон Юрий Штон-денко æмæ загъта, цæмæй йын рахицæн кодтаиккой пулеметчикы æмæ дыууæ æхсæг салдаты. Мах бацыдыстæм «таблеткæйыл» (автомобиль УАЗ-452) уыцы бынатмæ. Уым уыдыстæм, цалынмæ уыцы колоннæ нæ фæзынд, уæдмæ. Рахызтыстæм машинæйæ, мæнæн командир бардзырд радта фæндагыл  слæууыны тыххæй. Ме ‘мслужбæгæнджытæ та бацахстой æввахс позици. Командир ацыд баныхæстæм ныхмæлæууæг фарсимæ, æмæ мæнæн та загъта: «Лæуу кæронмæ, цæмæй колоннæ дарддæр ма ацæуа». Æз ын дзурын: «Уæд та мæ  бон не ссис сæ бауромын, иунæгæй цы мæ бон суыдзæн?». Уый мын сдзуапп кодта: «Уый у бардзырд». Æмæ ацыд. Гуырдзиæгтæ мæм хъæр кодтой, зæгъгæ, ахиз нæ фæндагæй, ауадз нæ. Фæлæ куыд хъуамæ ахызтаин, мæнæн мæ командир радта бардзырд уым лæууыны тыххæй. Сдзуапп сын кодтон, зæгъын, нæ ахиздзынæн. Кæм лæууыдтæн, уырдæм æввахс бæласы бын лæууыд фæсарæйнаг журналистты къорд. Уыдон дæр мæм æрбацыдысты æмæ мæ бафарстой, зæгъгæ, цæй тыххæй лæууыс ам иунæгæй? Æз сын сдзуапп кодтон, зæгъын, ам лæууын Райгуырæн бæстæйы тыххæй. Баныхæстæ цыдысты 40-50 минуты бæрц. Æппæт уыцы рæстæджы æз лæууыдтæн нæмыгзгъалимæ гом бынаты, гуырдзиаг колоннæ уромгæйæ», – зæгъы уыцы боны цауты тыххæй.

Куы йæ бафарстой, зæгъгæ, нæ тарстæ, уæд сын дзуапп радта, ууыл кæй нæ хъуыды кодта, уый рæстæг ын кæй нæ уыд. «Æвзонг уыдтæн. Не ‘нкъардтон ницахæм хъайтардзинад. Бардзырд мын радтой æмæ йæ цæмæннæ хъуамæ сæххæст кодтаин. Мæнмæ гæсгæ, алкæцы нæлгоймаг дæр афтæ бакодтаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, æмбæрстон уый дæр, æмæ мæ  иу æхстæй дæр кæй амардтаиккой. Фæлæ нæ тарстæн, æрмæст хъуыды кодтон, зæгъын, хорз у æмæ йæ мæ мад нæ зоны, кæм дæн, уый. Уый размæ йемæ ныхас кодтон телефоны æмæ йын загътон, Цæцæны кæй дæн, уый тыххæй. Нæ йын æй схъæр кодтон, хæстмæ кæй цæуын, уый. Табу Хуыцауæн, аирвæзтæн сæрæгасæй. Абон дæр ахæм уавæры куы бахауин, уæддæр бакæнин афтæ». 2010 азы Тасболатæн фæцис йæ контракты æмгъуыд æмæ æрыздæхт Астраханмæ. Хуссар Ирыстонæй фæстæмæ куы здæхтысты, уæд æм бацыд булкъон æмæ йын загъта, зæгъгæ йæ хъуамæ схорзæхджын кæной Суворовы орденæй. Фæлæ уый фæстæ полк ныппырх кодтой, сарæзтой дзы бригадæ æмæ хорзæх нæ бахæццæ Тасболатмæ. Видеоролик уый федта «Æмкъласонты» 2011 азы бынтон æнæнхъæлæджы ахæм фыстимæ: «Æнусон мысынад», зæгъгæ. «Фæджихау дæн æмæ ныффыстон, зæгъын, видеороликы мæ ныв ис  æмæ æз сæрæгас дæн. Фæлæ мыл нæ баууæндыдысты æмæ бирæтæ райдыдтой фыссын, зæгъгæ, йæхи бакæнынмæ хъавы кæйдæр хъайтардзинад. Уый фæстæ æз ницыуал бæлвырд кодтон, кæд мын мæ цардæмбал æмæ ме ‘мслужбæгæнджытæ дзырдтой, зæгъгæ, дæуæн дæ бон суыдзæн сбæлвырд кæнын, роликы ды кæй дæ, уый, уæддæр. Мах, зæгъ, федтам, ды блокпостæй куыд цыдтæ, уый». Цалдæр азы фæстæ Тасболаты ссардта  Бурятийæ уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Семен Атанов. Уый дзы ракуырдта йæ телефоны номыртæ, зæгъгæ дæ агуры Паддзахадон Думæйы депутат Алдар Дамдинов. Депутатимæ Тасболат фембæлд Мæскуыйы. Дамдинов Фейсбукы ныффыста, зæгъгæ ацы истори у диссаг. «Фæнд кæнын æмбæлон  до-мæн УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадмæ арвитын Тасболатæн аккаг хорзæх радтыны тыххæй».

Уæд фæндвидардзинад кæй равдыста, уымæй Тасболат Ибрашев бахъахъхъæдта æрмæст уæрæсейаг фидауынгæнджыты æмæ сабыр цæрджыты цард нæ, фæлæ гуырдзиаг хæстонты цард дæр. Геополитикæйы фадыджы специалист Леонид Ивашов зæрдыл лæууын кæны: «2008 азы августы уæрæсейаг Генштаб хъуамæ ахызтаид ног бæстыхаймæ, бирæтæн нæ уыд, сæ куыст кæм кодтаиккой, ахæм бынæттæ. Уымæ гæсгæ Ибрашевы схорзæхджын кæныны тыххæй документтæ бынатмæ нæ фæхæццæ сты. Номхуындæй, ацы лæппутæ æрурæдтой гуырдзиаг колоннæты. Райдыдтой сабыр цæрджыты хъахъхъæнын. Фæлæ Тасболат йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæх нæма райста æмæ йæ исгæ та æнæмæнгæй хъуамæ ракæна».

2019 азы Тасболат Ибрашев æрцыд Хуссар Ирыстонмæ «Спутник-Южная Осетия»-йы фæхуындмæ гæсгæ. Агентады пресс-центры уагъд æрцыд видеохид Мæскуыимæ, кæцыйы рæстæджы уый радзырдта 2008 азы хæсты цауты тыххæй.  Пресс-центрмæ æрбацыд РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, кæцы хъайтары схорзæхджын кодта “За службу на страже мира в Южной Осетии”-йы майданæй. Хорзæх радтыны тыххæй Барамындыл йæ къух æрфыста Президент Бибылты Анатоли. Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, ныр Тасболат у Хуссар Ирыстоны хæлар æмæ нæ ныфс ис, кæй-иу нæм æрцæудзæн нæ мысæн æмæ бæрæгбонон мадзæлттæм, уымæй. Видео-хиды рæстæджы агентад «Россия сегодня»-йы мæскуыйаг студийы уыд Паддзахадон Думæйы депутат Алдар Дамдинов дæр. Уый радзырдта, хъайтары куыд агуырдта æмæ куыд фембæлдысты, уый тыххæй. Депутат Тасболаты схуыдта «ног рæстæджы хъайтар». Уыдæтты тыххæй лæмбынæг ин-формаци уыд нæ газеты дæр.

 Ныртæккæ Тасболат йæ цардæмбал æмæ дыууæ чызгимæ цæры Мæскуыйы цур горæт Дмитровы. Ныфс нæ ис, аккаг хорзæх йæ хъайтары кæй ссардзæн, уымæй.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.