Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Дзабиты Иналы хæстæджытимæ.

Иналы мад, йæ цардæмбал æмæ хиуæттæ Президентæн загътой, фæдагуырды фæдыл сæм цы фарстытæ сæвзæрд, уыдон.

Бибылты Антоли банысан кодта, зæгъгæ, зианджын бинонтæн  ис бар фæдагуырды æрмæджытæм рæстæгыл æркæсынæн. Уый бахæс кодта Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæгæн, цæмæй фембæла Дзабиты Иналы цардæмбалимæ, куыд зианджын фарсы минæваримæ, æмæ æппæт документтæ дæр равдиса, Дзабийы фырты амæлæты фæдыл цы уголовон хъуыддаг арæзт æрцыд, уый фæлгæтты.

Президент ма ноджы иу хатт банысан кодта, зæгъгæ, фæдагуырд кæронмæ бахæццæ уыдзæн æмæ саразгæ фыдракæнды бæрæг хайадисджытæ закъонмæ гæсгæ райсдзысты карз æфхæрд.

Уыцы ныхæстæ ма Бибылты Анатоли загъта, уголовон хъуыддаджы фæлгæтты цы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ ахст æрцыдысты, уыдоны хиуæттæн, кæцытимæ фембæлд æрæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.