Туджджыны лæгæт

Дӕргъӕвсы комы хохы фахсыл ис, йæ бацæуæн дурæй амад кæмæн у, ахæм лæгæт (уынут æй къамы). Лæгæтмæ æнцон схизæн кæй нæу, уымæ гæсгæ йæ фыццаг хатт чи фены, уыдон фæдис кæнынц, ома куы нæ дæр цæрæнуатæн бæззы, куы нæ – хъахъхъæнæн мæсыгæн, уæд æй цæмæн хъуыд æхгæнын, дурамад скæнын, зæгъгæ…

Туджджыны лæгæт

Ацы цымыдисон лæгæты тыххæй баззад ахæм таурæгъ: раджы кæддæр дыууæ нæлгоймаджы цуаны ацыдысты. Иуæн дзы йæ топп фæирвæзт, нæмыг йе ‘мбалыл сæмбæлд æмæ дзыхъмард фæцис. Чи фæмард, уыцы цуанон уыд тыхджын мыггагæй. Марæг цуанон бамбæрста: кæд йе ‘мбалы æнæбарвæндонæй амардта, уæддæр фæтуджджын тыхджын мыггагимæ æмæ йын йæ рæстдзинадыл æнæ æвдисæнтæй нæ баууæнддзысты. Йæхи удæй дарддæр йæ бинонтæй никæмæн тарст, уымæн æмæ йын мад æмæ дыууæ хойы йедтæмæ ничи уыд, сылгоймагæй та ирон адæм туг никуы истой. Æмæ йæхи бааууон кодта. Боныгон æмбæхст ацы лæгæты, æхсæвыгæтты та комæй дуртæ хаста, уæлæмæ сæ бæндæнæй иста æмæ лæгæты бахизæн фидæрттæ кодта.

Уырдæм æм йæ хотæ сусæгæй хастой хæринаг. Уыцы хабар базыдтой, цуаноны нæмыгæй чи фæмард, уый æфсымæртæ, фæлæ сæхи афтæ равдыстой, цыма ницы зонынц, цæмæй сæ тудджынмæ исты хуызы баххæсой йæ хоты фæрцы. Рæстæг цыд, æфсымæртæ сæхи адæмæн нал æвдыстой, худинаг сæм каст, се ‘фсымæры туг кæй нæма райстой, уый. Уæд иу рæстæджы се ‘ппæты кæстæр афтæ зæгъы:

«Цæй, æз мæ уæлæ арсы царм æркæндзынæн, афтæмæй мæйрухсы мæ цыппæртыл лæгæтмæ хæстæг рацу-бацу кæндзынæн. Цуанон мæ иу æхстæн кæцæй сцæф кæндзæн, фæлæ фыццаг гæрахы фæстæ мардæфсон скæндзынæн. Лæгæтæй куы рахиза æмæ мæм куы фæцæйцæуа, уæд – уæ хъару æмæ уæхæдæг.

Æфсымæртæ йæ фæндыл нæ разы кодтой, сæ туджджын тынг рæстдзæвин уыд æмæ йын тарстысты, фæлæ сæ куыдфæстагмæ тугисыны карз æгъдау басаста.

Иу мӕйрухс ӕхсӕв æртæ æфсымæры араст сты се ‘фсымæры туг исынмæ. Куыд бадзырдтой, афтæ кæстæр йӕхи арсы цармы ӕрбатыхта ӕмӕ арсау узгæ цыдӕй разил-базил кæны лæгæты бакомкоммæ.

Цуанон æй куыддæр бафиппайдта, афтæ топпы гæрахæй кæмттæ ныццарыдтой. Кæстæр æфсымæр йæ цыппæрттыл æрхауд æмæ æртылд къæдзæхрæбынмæ. Бæстæ куы ныссабыр, уæд цуанон рахызт лæгæтæй æмæ араст йæ «амæттаджы» ‘рдæм. Дыууæ æфсымæры йæ æмæхст фæкодтой. Цуанон фæцудыдта æмæ йæ тугкалгæ дуртыл æрфæлдæхт. Тугисджытӕ сæ риуыдзаг сулæфыдысты æмæ сæхи баппæрстой сæ кæстæр æфсымæрмæ. Фæлæ йын ницыуал баххуыс сты – рæстдзæвин цуанон нæ фæивгъуыдта фыццаг æхстæн дæр…

Сæр æмæ бæрзæйы фæдыл  быцæу

Кæд аскъуыддзаг кæндзыстæм, фынгыл кусарты сæр æмæ йæ иннæ хæйттæ кæд æмæ куыд æвæргæ сты, уыцы, хæрзхуымæтæджы фарст – алы фынгыл дæр нæм быцæу цæмæн расайынц? Цы уæлдай, дам, у, сæр æмæ бæрзæй кæм куыд æвæрд уой, уымæй? Уыцы быцæудзинад нæм нæ уаид, фынгыл кусарты сæр, бæрзæй æмæ уæн цæмæн æвæрæм, стæй ирон уырнынады рахис æмæ галиу цы нысан кæнынц, æппæт уыдæттæ куы зониккам, уæд.  Цины фынгыл сæрæн хъуамæ сæрибар уа йæ рахис хъус, зианы та – галиу хъус, уымæн сæ ралыг кæнын фæхъæуы. Зианы нæ фыдæлтæ алцыдæр нымадтой æмæ фынгыл æвæрдтой къæйттæй. Уыимæ хистæртæ сæхæдæг дæр уыдысты дыууæ, æртыккаг сæм бафтыдис фæстæдæр, хæрнæджы фынгтыл дæр цины фынджы хуызæн бадын куы райдыдтам, уæд. Ардæм ма хауы, зианы фынгыл цал кæрдзыны æмбæлы, уый фæдыл быцæу дæр. Æгъдауæн йæ мидис куы нæ зонай, уæд æй æххæст дæр раст нæ кæндзынæ. Æртæ кæрдзыны цы нысан кæнынц, уый амонын никæмæн хъæуы. Æмæ иугæр чи фæзиан, ууыл йæ хур аныгуылд, уæд дзы уый номыл кæрдзын мауал хъуамæ уа æвæрд. Афтæ чи зæгъы, Хуыцаумæ æнæ æртæ кæрдзынæй нæ кувынц, зæгъгæ, уыдон дæр раст сты, фæлæ хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, зианы фынгыл зианджынты Хуыцауыл фæдзæхсгæ кæй бакæнынц, рæгъ кæронмæ уадзгæ кæй нæу, уый.

Зондджын фыды фæдзæхст

Иу хъæздыг лæг куы мард, уæд йæ бынтæ ныллæвар кодта йæ иунæг фыртæн:

– Мæ лæппу, уадзын дын, цæрæнбонты кæй фæкодтон, уыцы  хъæздыгад æмæ дын фæдзæхсын: мæ бынтæн æххæстбарджын хицау куы суай, уæд алы хъæуы дæр араз мæсгуытæ, кæрдзын та хæр æрмæстдæр мыдимæ.

Хъæздыг лæг амард. Йæ фырт алы хъæуы дæр райдыдта мæсгуытæ амайын, кæрдзын хордта æрмæстдæр мыдимæ. Цас рæстæг рацыд, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ ахæм цардæй бынтон сгæвзыкк, смæгуыр. Йæ бон æнæхæдзар, æххормагæй цæрын куы нал уыд, уæд æлгъитын райдыдта йæ фыды, ахæм зонд ын кæй бацамыдта, уый тыххæй.

– Цæмæн æфхæрыс дæ фыды? – фæрсы йæ йæ фыды зæронд хæлар.

– Куыд цæмæн? Куы мард, уæд мын ныффæдзæхста, цæмæй алы хъæуы дæр амайон мæсгуытæ, кæрдзын æнæ мыд ма хæрон. Æмæ уыныс, бынтон смæгуыр дæн.

– Æнæхъуаджы аххосджын кæныс дæ фыды, – зæгъы йын зæронд лæг. – Ды йын йæ зондамынд кæй нæ бамбæрстай, уым уый ницы аххосджын у. Дæ фыд дын цы фæдзæхсты ныхæстæ ныууагъта, уыдон нысан кодтой, цæмæй алы хъæуы дæр дæхицæн ссарай, ныфс кæмæй бавæрай, ахæм хæлæрттæ, кæрдзын та уæдмæ ма хъуамæ бахæрай, цалынмæ дæм куысты фæстæ мыдау адджын нæ фæкæса…

Уацамонгæ

Фыдæмбæлæг – хæрзгæнæг

Ис ахæм историон факт: скифтæ сæхи персæгтимæ стыр хæсты бацæуынмæ куыд цæттæ кодтой,  афтæ хъæдæй сæ размæ рагæпп кодта тæрхъус. Уыдон æй расур-басур кæнын райдыдтой; уымæн æмæ фыдæлтæй фæстæмæ ирон адæммæ рувас хæрзæмбæлæгыл нымад куыд у, афтæ тæрхъус та нымад у фыдæмбæлæгыл, ома, тæрхъус дыл куы амбæла, уæд фæндарасты бæсты фыдвæндаг, фæсмойнаг фæуыдзынæ.

Персæгтæ уыцы æгъдауæн цы зыдтой æмæ скифты тæрхъусы расур-басургæнгæ куы федтой, уæд афтæ фенхъæлдтой, ома нæ нæ тæрсынц, ницæмæ нæ дарынц æмæ нæ хынджылæг кæнынц. Се онг амард æмæ фыртасæй лидзынмæ фесты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.