Нæ республикæйы иумæйаг ахуырадон скъолаты ахуыр-хъомыладон куыстмæ стыр хъусдард здæхт цæуы, канд урокты рæстæджы ахуыры процессмæ нæ, фæлæ ма скъолайæн æддейæ ахуыргæнинæгтимæ алыгъуызон мадзæлттæ ауадзынмæ дæр. Ахæм мадзæлттæ та сын ахъаз кæнынц сæ æппæтфарсон рæзтæн сæ дунеæмбарынад рауæрæхдæр кæнынæн.

Иу ахæм мадзал æрæджы ауагъд æрцыд РХИ-йы Национ музейы. Бацæттæ йæ кодта 3-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бекъойты Майя.

Мадзал уыд литературон-поэтикон æмæ дзырд цыдис зындгонд францаг фыссæг – поэт, эссеист æмæ профессионалон хæдтæхæгскъæрæг Антуана де Сент-Экзюперийы сфæлдыстадыл, сæйраджыдæр та йæ æнæмæлгæ роман «Маленький принц»-ыл.

Куыд зонæм, афтæмæй 3-аг скъолайы ахуыргæнинæгтæ ныртæккæ ахуыр кæнынц 12-æм астæуккаг скъолайы, сæхи скъолайы бæстыхай зæронд кæй уыд æмæ пырх кæй æрцыд æмæ йæ бынаты ног скъола арæзт кæй цæуы, уымæ гæсгæ.

Национ музей, кæд ахуырадон уагдон нæу, уæддæр дзы арæх ауадзынц ахæм мадзæлттæ, уымæн æмæ у ног бæстыхай æмæ дзы ис фадæттæ сæ ауадзынæн.

Мадзалы, банысангонд фыссæгæй дарддæр, зæлыдысты уырыссаг поэттæ Тютчев, Есенин, Блок, Гумилев æмæ æндæрты æмдзæвгæтæ дæр. Бекъойты Майя куыд зæгъы, афтæмæй ахæм мадзæлтты руаджы ахуыргæнинæгтæ хуыздæр базонгæ вæййынц уырыссаг адæмы литературæимæ, йæ культурæимæ.

Махæн, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн ахсджиаг у, цæмæй сывæллæтты хуыздæр æмæ арфдæр зонгæ кæнæм уырыссаг литературæимæ, стыр уырыссаг фысджыты сфæлдыстадимæ, хъæздыг уырыссаг æвзагимæ. Æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон у, дæ куысты фæстиуджытæ куы уынай, уæд. Махæн уый у иууыл стырдæр хорзæх», – загъта Бекъойты Майя.

Зæгъын хъæуы уый æмæ музейы кусджытæ мадзал ауадзынæн æрмæст бынат нæ рахицæн кодтой, фæлæ йæ æппæт хайадисджыты дæр базонгæ кодтой музейы цымыдисон экспонаттимæ æмæ археологион ссарæггæгтимæ, зæронд цардуагон дзаумæттимæ æмæ æндæр историон æрмæджытимæ, кæцытæ дзурæг сты ирон адæмы истори æмæ хъæзныг культурæйыл.

Зæгъын хъæуы уый æмæ мадзал бацæттæ кæныны стыр хайад кæй райста РХИ-йы сгуыхт артист Цоциты Никъала дæр. Уый сын фæамоны, сæхи сценæйыл куыд хъуамæ дарой хъазгæ хъазын, артисты архайды, уыцы сусæгдзинæдтæ.

«Ахæм сфæлдыстадон мадзæлттыл кусгæйæ рæзы сывæллæттæн сæ миддуне, сæхæдæг дæр райсынц æхцондзинад æмæ ахæм изæртæм сæхи фæцæттæ кæнынц æнæзивæгæй. Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды музейы директор Зассеты Мерабæн æмæ иннæ кусджытæн дæр. Никуы базивæг кæнынц мадзал ам ауадзыны тыххæй. Уый нæ, фæлæ нын сæхæдæг дæр баххуыс кæнынц, мадзал хуыздæр ауадзынæн сæрибардæр, райдзастдæр бынат рахицæн кæнынæн. Сывæллæттæ сæхæдæн дæр тынг фæцин кæнынц мадзал музейы ауадзыны тыххæй. Уымæн æмæ музей сæ зæрдæмæ тынг цæуы», – загъта Никъала.

Мадзалы ма сывæллæттæ сæххæст кодтой цалдæр музыкалон номыры, уымæй ноджы фæаивдæр æмæ дзы ардæм æрбацæуджытæ райстой удæхцондзинад.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.