Плиты Владимиры фырт Андрей райгуырд 1920 азы Хуссар Ирыстоны Чирцъинайы хъæуы (Цхинвалы район) зæхкусæджы хæдзары. Дзриайы райдиан скъола каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Дзауы астæуккаг скъолайы, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис: йæ ахуыргæнджытæ æнæбафиппайгæ нæ фесты, Андрей ныв кæнынмæ рæвдз кæй уыд, уый, æмæ йæ сразæнгард кодтой, цæмæй йæ ахуыр адарддæр кодтаид нывкæнынады хаххыл, рарвыстой йæ Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ. Уый уыд 1938 азы.

Андрей æртæ азы дæр нæма сахуыр кодта ахуыргæнæндоны, афтæмæй йæ акодтой Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уалынмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ уый дæр, милуангай советон адæймæгтау, ацыд фронтмæ йæ райгуырæн бæстæ гитлерон фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Хæсты райдианæй суанг йæ фæудмæ, Андрей йæ къухы, цъылынæджы бæсты, дардта хæцæнгарз. Хайад иста немыцаг фашизм æмæ япойнаг милитаризм ныддæрæн кæныны хъуыддаджы.

Советон Æфсадæй демобилизацийы фæстæ Андрей æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Куыста æндæр æмæ æндæр рæтты, фæлæ уæддæр нывкæнынады хъуыддагыл йæ къух нæ систа. Йæ хъус дардта ацы профессимæ æмæ йын ссис уарзон. 1948 азы фæстæмæ бацыд нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ, каст æй фæци 1951 азы æмæ дзы кусын райдыдта ахуыргæнæгæй. Уæдæй фæстæмæ кодта педагогон куыст. Куыста Цхинвалы сывæллæтты нывгæнæн скъолайы дæр. Плиты Андрей куыста хуызфыссынады фадыджы дæр, фæлæ сæйраджыдæр йе сфæлдыстадон тыхтæ здæхт уыдысты скульптурæмæ. Йе скульптурон уацмыстæй хуыздæртыл нымад цæуынц «Плиты Иссæ», «Сидт», «Къоста», æмæ «Уæтæры».

Плиты Андрейы скульптурон композици «Сидт»-æн æмбæлон аргъ скодтой нæ республикæйы столицæйы цæрджытæ, аивады специалисттæ. Йæ иннæ уацмыстæй Плиты Андрей хайад иста областон равдыстыты.

Плиты Андрей хорзæхджын у «Германыл фæуæлахизы тыххæй», «Японыл фæуæлахизы тыххæй» æмæ «Кавказы бахъахъхъæныны тыххæй» майдантæй. Андрей йе сфæлдыстадон куысты бирæ уацмыстæй барæвдыдта ирон аивадуарзджыты æмæ йын кæддæриддæр табу кодтой йæ номæн.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.