Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ Парламенты кусынц архайды алыгъуызон здæхтыты, уыцы нымæцы паддзахадон службæйы дæр барадон фадыджы цухдзинæдтæ аиуварс кæныныл.

Хицауады рабадты Пухаты Эрик æххæсткæнынады хицауиуæгады органты къухдариуæггæнджытæн бахæс кодта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ Хицауадмæ æрбавдисой паддзахадон организациты штатон расписани æмæ кусджыты бæрцон сконды тыххæй зонæнтæ.

«Паддзахадон службæйы тыххæй закъон райсыны фарст, кæцы фадат ратдзæн паддзахадон кусджытæн бæрæг статус радтын, раджы сæвзæрыд. Абоны бон æмбарынад «паддзахадон кусæг» бæрæг не ‘рцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны иу нормативон-барадон акты дæр. Паддзахадон органты кусджытæ, куыд æндæр организациты кусджытæ, афтæ  разамынд кæнынц РХИ-йы Фæллойады кодексыл, кæцы юридикон цæстæнгасæй раст нæу», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Архайды куыд æндæр фадыджы, афтæ ацы фарсты дæр хъæуы фæтк æрæвæрын, ома, райсын хъæуы закъон, кæцы дзуапп дæтта РХИ-йы паддзахадон-барадон арæзты хиæдтæн. Фæлæ закъоны хъæуы æнæмæнгхъæуæг финансон ифтонгад. Уымæ гæсгæ Бибылты Анатоли бахатыд уæрæсейаг коллегæтæм. Ныртæккæ ацы фарс ис бакусыны æмæ йыл уынаффæ кæныны стадийыл УФ-йы Фæллойады министрады», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй закъоны проект здæхт у паддзахадон организацитæм квалификациджын кадрты æрбаздахын, вакантон бынæттæм конкурстæ ауадзыны объективондзинад æмæ рæстдзинад фæбæрзонддæр кæнын, паддзахадон кусджыты профессионалон рæзты системæ фæхуыздæр кæнын, паддзахадон службæйы стабилондзинад æмæ хæдбардзинад сифтонг кæнынмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.