16 майы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Паралменты æхсæзæм сессийы æхсæзæм рабадт. Рабадт уагъта РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал.

Рабадты райдианы Мамиты Инал фæндон бахаста, цæмæй боны фæткæй ист æрцæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны Ӕхсæнадон палатæйы уæнгты сфидар кæныны тыххæй фарст, уымæн æмæ куыд загъдæуыд, афтæмæй цалдæр кандидаты раразмæ æрцыдысты, регистраци чи нæ уыдысты, ахæм æхсæнадон организацитæй æмæ уый та у «Ӕхсæнадон палатæйы тыххæй» РХИ-йы закъоны ныхмæ. Афтæ ма депутат Диакъонты Амираны фæндонмæ гæсгæ боны фæткмæ хаст æрцыд «æндæр æмæ æндæр фарстытæ».

Фыццаг фарсты фæдыл, кæцы хауд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары бынатмæ Пухаты Эрикы снысан кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæн разыйы ныхас радтынмæ, ныхасы бар лæвæрд æрцыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фыццаг хатт сиды депутатон корпусмæ, куыд РХИ-йы Президент, афтæ æмæ загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, æххæсткæнынадон органы æмæ депутатон корпусы куыст арæзт цæудзæнис иумæ, кæрæдзиимæ æмархайд кæн-гæйæ уыцы проблемæтæ скъуыддзаг кæныны, кæцытæ æвæрд æрцыдысты республикæйы адæмы раз æмæ кæцыйы руаджы нæ бон бауыдзæн куыст ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ ракæнын.

«РХИ-йы Конституцимæ гæсгæ æз фыстæг арвыстон РХИ-йы Парламентмæ Пухаты Эрикы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары бынатмæ снысан кæныны тыххæй. Мах иууылдæр зонæм уымæн йæ хъуыддагон миниуджытæ, фæлтæрд разамонæджы миниуджытæ, кæцыйæн йæ бон у фæстиуæгджын куыст кæнын, у æгъдауджын æмæ аккаг адæймаг, кæцы йæхи снывонд кодта йæ адæмæн лæггад кæнынæн.  Кæмдæриддæр куыста уыцы бынæтты йæхи равдыста иууыл хуыздæр фарсæрдыгæй, куыд æнтыстджын æмæ йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм къухдариуæггæнæг. Хицауады раз лæууынц иттæг бирæ ахсджиаг хæстæ  уыдон сты адæмы цæрæнуатæй сифтонг кæнынæн уавæртæ саразын, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын,  инфраструктурæйы, кредитон-финансон секторы рæзтыл кусын, амалиуæггæнджытæн хуыздæр уавæртæ аразын, ног кусæгон бынæттæ аразын, хъæууонхæдзарадон кондад æмæ агросæудæджерадон комплекс иумиагæй сисгæйæ саразын æмæ æппæт дæр саразын уавæр зынгæ фæхуыздæр кæныны фæдыл. Ӕз нымайын афтæ æмæ компетентондзинад æмæ нысанмæтырнындзинад, æххæсткæнынадон хицауиуæгады раз лæууæг æппæт проблемæты æмбаргæйæ, разамындгæнæджы фæл-тæрддзинад æмæ цахæмфæнды хæс скъуыддзаг кæнынмæ системон æгъдауæй бацæ-уыны,   арæхстдзинад Пухаты Эрикæн бах-хуыс кæндзысты цæмæй скъуыддзаг кæна цахæмфæнды разылæууæг хæс дæр æмæ куса æххæст æмархайдæй политикон партитæ æмæ закъондæттынадон органимæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли. Уый ма афтæ депутатты базонгæ кодта Пухаты Эрикы автобиографиимæ æмæ фæндон бахаста, цæмæй РХИ-йы Хицауады Сæрдары бынатмæ йæ кандидатурæйыл сразы уой.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Пухаты Эрикæн, кæцы бузныг загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн, ахæм æууæнк ыл кæй бафтыдта æмæ йæ фæндон кæй равдыста, цæмæй РХИ-йы Хицауады сæргъ слæууа, уый тыххæй. Уый депутатон корпусы базонгæ кодта республикæйы цардархайды ахсджиагдæр фарстытæ скъуыддзаг кæныны фæдыл хæстимæ, кæцытæ æвдыст æрцыдысты Бибылты Анато-лийы æвзæрстыты агъоммæ программæйы. Уымæй дарддæр ма уый банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы дарддæры рæзт домы активон æмæ адресон социалон-экономикон политикæ, кæцы иу кæны паддзахады нысаниуæг фæтыхджындæр кæнын бæстæйы æдасдзинад мидæггагон æмæ æддагон тасдзинæдтæй бахизын сифтонг кæныны, оптималон æмæ ныфсджын рæзтмæ рахизын,  нысæнттæ æмæ хæстæ сбæлвырд кæнын, афтæ ма сæ сæххæст кæныны фæндæгтæ сбæрæг кæнын.

Парламенты депутаттæ Коцты Жаннæ, Тедеты Руслан, Мамиты Инал, Диакъонты Амиран, Уалыты Розæ æмæ æндæртæ Пухаты Эрикмæ радтой къорд фарстытæ, кæцытæ хаудысты хъæууон хæдзарады рæзтмæ, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады кредит кæнынмæ, медицинæйы рæзтмæ, коррупцийы ныхмæ тох кæнынмæ, бангон системæ хуыздæр кæнынмæ æмæ æндæр проблемæтæм. Ӕппæт фарстытæн дæр лæвæрд æрцыдысты бæстон дзуаппытæ.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся ма загъта, зæгъгæ,  ацы фарсты фæдыл æппæт процедурон моменттæ хъахъхъæд æрцыдысты РХИ-йы Парламенты Регламент æмæ РХИ-йы Конституцийы 61-æм сатьяйы 11-æм пунктмæ гæсгæ, ис ма æвæрццаг хатдзæгтæ æппæт парламентон комитеттæй, кандидатурæ ма афтæ фидар æрцыд РХИ-йы Парламенты президиумы. Уый фæстæ депутаттæ рахызтысты сусæгæй хъæлæс дæт-тыны процедурæмæ.

Сусæгæй хъæлæс дæттыны фæстиуджытимæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта РХИ-йы Парламенты Хыгъдон къамисы сæрдар Гасситы Леонид, кæцыйы фæстиуæгмæ гæсгæ æппæт депутаттæ дæр сæ хъæлæстæ радтой РХИ-йы Хицауады Сæрдары бынатмæ РХИ-йы Президенты бавдисгæ кандидатурæ Пухаты Эрикы тыххæй.

Ӕддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь æркæсынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы ‘хсæн хæлардзинад, æмгуысткæнынад æмæ партнердзинады тыххæй Бадзырд сратификаци кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Банысан кодта, зæгъгæ, уый у, Хуссар Ирыстон æндæр республикæтимæ фыццаг цы сразыдзинæдтыл æрфыста йæ къух, уыдонæй сæ иу. Æмæ ацы этапы,  кæрæдзи æмбарынады бындурыл æхсæнхицауадон ахастытæ аразыны фæндондзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ æмæ дыууæфарсон æмгуысткæнынады дарддæры рæзтмæ тырнгæйæ ист æрцыд уынаффæ, цæмæй къухтæ æрфыстæуа Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы ‘хсæн хæлардзинады, æмгуысткæнынады æмæ партнердзинады тыххæй ног сразыдзинадыл. Бадзырды ма нысан цæуы политикон, базарадон-экономикон, социалон-гуманитарон æмæ культурæйы къабæзты стабилон ахастыты рæзт.  Ацы документæн ис æппæт æнæмæнгхъæуæг хатдзæгтæ.

Бадзырдыл депутаттæ сразы сты æмхъæлæсæй.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Ацы проекты фæдыл информаци сарæзта РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проект куыст æрцыдис «2017 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 11-æм статьямæ гæсгæ. Закъоны проектмæ гæсгæ  УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Ӕхсæнхицауадон къамисы уынаффæтæм гæсгæ лæвæрд фæрæзты баззайæццæгтæ здæхт æрцыдысты 2017 азмæ уыцы нысæнттæн. Афтæ ма фæндон бахастæуыд, цæмæй æнæспайдагонд баззайæццæгтæ рахаст æрцæуой паддзахадон нысанмæздæхт программæтæм æмæ кадрон резерв саразыны фæдыл мадзæлттæм.

Коцты Жаннæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, закъоны проектимæ уæлæвæрд сты æппæт æнæмæнгхъæуæг хатдзæгтæ, уыцы нымæцы РХИ-йы Парламенты Контролон-барадон управленийы хатдзæг дæр.

Уыцы комитет ма рахаста æруынаффæ йыл кæнынмæ «Бюджетон арæзтад æмæ бюджетон процессы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны Закъоны проект. «Ацы закъоны проект арæзт æрцыд «Мидхъуыддæгты органты иумæйаг информацион-организацион центр сифтонг кæнын æмæ йæ архайды тыххæй» РХИ æмæ УФ-йы æхсæн сразыдзинад сæххæст кæныны нысанæн. Уый бындуриуæг кæны РХИ æмæ УФ-йы æхсæн «Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырды» 4-æм статьяйы уагæвæрдтыл. Уæлдæр цы сразыдзинадыл дзырд цæуы – уый материалон-финансон æгъдауæй ифтонг цæуы РХИ æмæ УФ-йы ‘рдыгæй æмхуызон –  уый 3-аг æмæ 10-æм статьятæм гæсгæ, уымæ бахъуыд бахæссын ивындзинæдтæ, бюджетон фæрæзтыл сæйраджы кæй бар цæуы, уый рауæрæх кæныныл дзурæг хайы. Уырдæм бахастæуыд, æхсæнпад-дзахадон бадзырды куыд фыст у, уымæ гæсгæ арæзт æхсæнпаддзахадон органты, уагдæтты», – загъта Коцты Жаннæ. Проектимæ ма уæлæвæрд сты æнæмæнгхъæуæг уæлæвæрæн хатдзæгтæ дæр.

Депутаттæ дыууæ проекты дæр райстой æмразыйæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры монон-хæрзнамысон хъомылад»-ы тыххæй 2017-2019 азты Паддзахадон комплексон нысанмæздæхт программæ æруынаффæ йыл кæнынмæ рахаста Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты Сæрдар Гæбæраты Юри. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæуæг политикон æмæ социалон-экономикон ивындзинæдтæ тынг бандæвтой рæзгæ фæлтæрыл. Сæвзæрд сæм ног фæндарæзт æмæ æргъадтæ. Патриотизм, монон-хæрзнамысон æмæ æмбæстагон хъомылады идейæтæ не ‘рцахстой æмбæлон бынат идеологион ахастыты ног системæйы. Хъомыладæн стыр нысаниуæг ис адæймаджы социалон æмæ монон рæзты хъуыддаджы. Монондзинад, хæрзнамыс æххæст кæнынц националон хиæмбарынады æмæ бæстæмæ бæлвырд ахаст дарыны хæстæ. Нысанмæздæхт монон-хæрзнамысон хъомылады фæрцы фидар кæны Райгуырæн бæстæм, йæ истори æмæ традицитæм уарзондзинад.

Ацы фарсты фæдыл информациимæ ныхасы рацыд Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Уый, сæрмагондæй, загъта: «Адæйма-джы хъомылдзинады бæлвырдгæнæнтæй иу у йæ уагахасты æгъдау, этикет, ныхас кæныны нормæты æмдзыгуыр. Уагахасты, ныхас кæныны æгъдау, куыд гоймаджы ахсджиагдæр миниуджытæй иу, æвзæры æмæ рæзы адæймаджы æппæт царды дæргъы: бинонты æхсæн, сабиты цæхæрадоны, скъолайы, хихъомылады рæстæ-джы. Адæймаджы социализацийы сæйраг æвдисæнтæ сты, уый хидарыны æнаивгæ нормæтæ куыд зоны, йæ архайды рæстæджы хидарыны æмæ ныхас кæныны этикон нормæ-тыл, этикеты системæйыл куыд хæцы, уый. Хъомыладон куыст ацы фадыджы домы хъомыл-гæнинæгтæм раст ацы компоненттæ сæвзæрын кæнын. Куыстхъом, практикæйы ‘рдæм здæхт амæлттæ æмæ рæзыны фæрæзтæ, социалон нормæтæм гæсгæ раст хидарыны нормæтæ равзарын къухы бафтдзæн ахуырадон уагдæттæ, бинонтæ æмæ æхсæнадон организациты æхсæн æмархайды системæ саразыны фæрцы. Уыимæ иумæ, нырыккон хъомылады адæмон традицитыл æнцойгæнгæйæ, æнæмæнг хъæуы сабиты æрæмхиц кæнын ирон адæмон традицитæм, монон æмæ хæрзнамысон-этикон æргъадтæм. Ирон адæм абон дæр, гæнæн уæвгæйæ, аудгæйæ хъахъхъæнынц сæ фыдæл-ты фарн æмæ монон-хæрзнамысон бынтæ. Фæлæ дзырд куы ‘рхауы нæ традицитæ æмæ æгъдæутты фæдыл, уæд цæмæндæр алы хатт дæр фыццаг райдайынц адæмон бæрæгбонтæ, фынгыл бадыны æгъдæуттæй. Дзырд дæр ыл нæй, уыдон ахсджиаг сты, фæлæ ис нæ цардыуаджы æндæр хай, æмæ уый абоны бон у уыдонæй ахсджиагдæр æмæ хъæугæдæр. Уыдон сты ирон адæймаджы монон-хæрзнамы-сон дуне, йæ хидарыны нормæтæ æмæ йæ алфæмбылайы дунеимæ, æхсæнадимæ йе ‘махастытæ».

Уый ма бакаст, Паддзахадон программæйы сæйраг фæдыздæхтытæй национ идейæйы, патриотизмы, æмбæстагдзинады, адæймаджы бартæ, сæрибардзинад æмæ хæстæн аргъ кæныны, хæрзнамысон æмæ этникон хиæмбарынады æнкъарæнтæ æвзæрын кæныны, фæллой уарзыны, ахуырмæ, куыстмæ сфæлдыстадон ахасты, æнæниздзинадмæ æмæ æнæниз цардыуагмæ, æрдзмæ æмæ алфæмбылайы дунемæ аудгæ ахасты уды мидæг схъомыл кæнынимæ баст чи у, уыдон.

Паддзахадон программæйы фæдыл сæ хъуыдытæ загътой закъондæттынадон кусджытæ дæр. Афтæ депутат Плиты Алыксандр банысан кодта, зæгъгæ, ацы программæйы сæраппонд цы æхцайы фæрæзтæ хицæнгонд цæуынц, уыдон нæ аххæсдзысты æппæт ахсджиаг мадзæлттыл, æмæ бахаста фæндон, цæмæй равзæрстæуа иуцалдæр ахсджиагдæр пункты, æмæ куыстæуа уыдоныл. Уыимæ иумæ уый бахаста фæндон, цæмæй программæйыл но-джыдæр бакуыстæуа æмæ йæ бавдыстæуа сессийы радон рабадтмæ. Сæ хъуыдытæ ма ацы фарсты фæдыл загътой депутаттæ Коцты Олеся, Плиты Агуындæ, Диакъонты Амыран æмæ æндæртæ.

Ацы фарст депутаттæм хорзыл нымад æрцыд æмзæрдæйæ.

«Алыгъуызон фарстыты» хайы депутат Диакъонты Амыран бахаста хъæппæрис равдисыны фæндон, цæмæй президентон æвзæрс-тыты рæстæджы фæткхалæнты тыххæй бæрн-хæсджыты хицауады органты архайды фæдыл уагъд æрцæуой парламентон басгæрстытæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цæрджытæй цæуы бирæнымæц куырдиæттæ. Уыдон барадхъахъхъæнæг органты ‘рдыгæй æййафынц æфхæрд æвзæрстыты агъоммæйы мадзæлтты сæ хайадисты тыххæй. Ис ма ноджыдæр тæрхонгæнæн органты æнæзакъон рахаст фæндæттæ, ЦÆК-ы рахæсгæ фæндæттæ уæлæмхас æвзарæн фадгуытæ бакæныны фæдыл, президенты бынатмæ кандидаттæй иуæн æвзæрстыты хайад райсыны бар лæвæрд кæй не ‘рцыд, уый фæдыл æмæ æндæр æнæзакъон фæндæтты тыххæй.

Сессийы кæронбæттæны Парламенты Сæр-дары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мамиты Инал æрæвнæлдта æхцон процедурæмæ. Уымæн лæвæрд уыд Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады парламентон комитеты сæрдар Коцты Олесяйы Европæйы Комитеты орден æмæ ацы комитеты юрист-консульт Лалыты Зæлинæйæн та «РХИ-йы мидхъуыддæгты органтæн сæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы йæ ахъазы тыххæй» Кады грамотæ раттыны хæс.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.