Знон Хуссар Ирыстонмæ официалон балцы æрцыд  уæрæсейаг парламентон делегаци Константи Косачевы сæргълæудæй.

Косачев куыд радзырдта, афтæмæй «рагæй хъавыдыстæм Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, фæлæ нын нæ куыст коронавирусы пандеми бахъыгдардта. Хъуыды кодтам, цы хуызы адарддæр кæнæм нæ æхсæнпарламентон æмгуысткæнынад нæ партнертимæ, ахæм æввахс партнертимæ, куыд Хуссар Ирыстон. Фæстаг мæйты уавæр фæвазыгджын кодта пандеми, уый фæстиуæгæн æмбæлон куысты уавæртæ дæр фæвазыгджындæр сты. Кæд видеорабадтытæ уагътам, уæддæр иууыл хуыздæр у комкоммæ адæймагон ныхас. Комкоммæ контакттæй равзæры ног хъуыдытæ æмæ фæндæттæ размæ цæуыны тыххæй».

Сенатор куыд банысан кодта, афтæмæй сæ фæнды, цæмæй сæ куыст Хуссар Ирыстоны Парламенты коллегæтимæ уа фæстиуæгджын, уымæн æмæ æхсæнпарламентон къамисы хæстæ ахсджиаг сты.

«Æхсæнпарламентон къамисы куыст здæхт у адæмы интерестæ хъахъхъæнынмæ. 12 азы рацыд, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уымæй. Уæдæй нырмæ бирæ бакуыстæуыд, бæлвырддæрæй та бацæттæ кодтам, къухтæ æрфыстам æмæ ратификаци æрцыдысты æмæ сæ тыхы бацыдысты 100 сразыдзинадæй фылдæр. Фæлæ ис егъау блок, уыцы нымæцы дыууæфарсон сразыдзинæдтæ, кæцытыл нырма куыст цæуы, кæнæ сты ратификацийы стадийы. Мах, къамисы фæлгæтты хъуамæ бадзурæм, цæмæй синхрононæй кусæм, максималон темптæй кæцы министрадтæ æмæ ведомствотæ нæ кусынц, уыдоны  размæ æггуырсæм.

«Уæрæсейы фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон уавæр  уа стабилон æмæ размæ цæуа, цæмæй скъуыддзаг цæуой, хицауиуæгадмæ цы фарстатæ хауынц, уыдон. Уый тыххæй та хъуамæ æххæст хъомысæй кусой хицауиуæгады æппæт институттæ дæр. Уыдонимæ æмархайд кæнын, парламенты мидæг дискусситæ, цыфæнды политикон платформæты размæ кæнын, дискусситы руаджы хи позицитæ размæ кæнын,  уымæй дæр Парламенты кусгæйæ, нæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у демократон æхсæнады рæзт», – банысан кодта Косачев æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, цæттæ сты конкретон куыстмæ æмæ сын ахсджиаг у, цæмæй  æхсæнпарламентон къамисы куыст уа синхронон  Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты нормалон конституцион архайдимæ.

«Мах цæттæ стæм конкретон фарстатыл уынаффæмæ, цæттæ стæм конкретон куыстмæ дæр», – бахахх кодта уæрæсейаг парламентари.

 «РХИ-йы Парламент суверенон паддзахады закъондæттæг орган у æмæ мах нæхи нæ хæццæ кæндзыстæм йæ хъуыддæгты, фæлæ нæ фæнды, цæмæй кусын райдайа», – загъта сенатор.

«Ивгъуыд азы фæззыгон сесси бынтондæр нæ ауагъдæуыд. Бакæсæм, куыд уыдзæн уалдзыгон сессийы хъуыддаг. Мах ныфс ис, уæ Парламент кæй райдайдзæн кусын. Мах афтæ нымайæм, æмæ дыууæ фарсы дæр æппæт тыхтæй хъуамæ бацархайой, цæмæй скуса парламентон æмгуысткæнынад   æххæст хъомысæй», – банысан кодта Константин Косачев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг делегацийы нысан у серьезон куыст.

«Нæ делегацийы уæнгтæ зæрдиагæй архайынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæнпарламентон æмгуысткæныны рæзты фарстатыл. Нæ бастдзинæдтæ арæзт цæуынц æмбæлон сразыдзинæдты бындурыл. Æз мемæ æрхастон, 2008 азы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы сразыдзинад. Уым ис статьятæ,  кæцытæ дырысæй æргом кæнынц не ‘мгуысткæнынады мидис», – загъта Косачев.

Сенаторы ныхæстæм гæсгæ, уы-цы сразыдзинады дыккаг статьяйы нысан  та у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадты гармонизаци, æмæ уыцы куыст та парламентаритæй дарддæр ничи сæххæст кæндзæн.

«Нæ закъондæттæг органты фæстиуæгджын куыст ахсджиаг у нæ дыууæфарсон ахастытæн. Цæмæй дыууæфарсон ахастытæ рæзой, уый тыххæй æхсæнпарламентон æмкуысткæнынады тых-хæй арæзт æрцыд къамис. Уый ивгъуыд азты куыста максималон эффективонæй. Нæ иумиаг къамисы фæстаг рабадт уыд 2019 азы ноябры. Уæдæй афæдзæй фылдæр рацыд. Рабадты суагъæйы нысан сты, конкретон фарстатæ, кæцыты хъæуы аскъуыддзаг кæнын. Уыцы рабадты фидар æрцыд 2020 азы цы хъуамæ бакуыстæуыдаид, уыдæтты план», – загъта Константин Косачев.

Уыцы планы стыр хай баззад æнæ реализацийæ. Раст зæгъгæйæ, уый у перспективæйы нæ архайды программæ. Мах æрмæстдæр хъæуы иумæ æрбадын æмæ кусын. Мах уымæ цæттæ стæм æмæ нæ æрцыды нысан дæр у, цæмæй фенæм, уыцы куыстмæ нæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ дæр цæттæ кæй сты. РХИ-йы Парламенты политикон тыхты ‘хсæн цы нæразыдзинæдтæ ис, уыдон æмбæлон бæстæтæ æмæ адæмты интерестæй уæлдæр ма хъуамæ уой», – банысан кодта Константин Косачев.

Уый куыд загъта, афтæмæй уæ-рæсейаг делегацийы фæнды хуссарирыстойнаг коллегæтимæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ зæгъын æмæ, гæнæн уæвгæйæ, размæцыды конкретон графикыл бадзурын. Уый тыххæй та хъæуы РХИ-йы Парламенты нормалон куыст сног кæнын.

«Уый у дыууæфарсон æмкуыстгæнынады ахсджиаг мадзал, æмæ æххæст хъомысæй куынæ скуса,  уæд ныццауæздзысты, дыууæфарсон ахастыты фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй развæлгъау цы бакуыстам, уыдон», – банысан кодта Косачев.

Йæ рады РХИ-йы Парламенты сæрдары хæдивæг Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг делегацийы æрцыдæй стыр ныфс æвæрынц, куыд æхсæнпарламентон къамисы куысты фæлгæтты, афтæ республикæйы сæвзæргæ уавæр бамбарыны тыххæй дæр.

«Уырны мæ уе ‘рцыды фæстæ нæ Парламент нормалонæй райдайдзæн йæ куыст», – загъта Гасситы Петр.

Уый фæстæ хуссарирыстойнаг депутаттæ сæ хъуыдытæ загътой проблемон фарстаты тыххæй, кæ-цыты аскъуыддзаг кæнын баст у сæ уæрæсейаг коллегæты позицийыл.

Парламенты веце-спикер Плиты Александр раразмæ кодта пенситы тыххæй фарст. Уый  куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзухæй чи цæры, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгтæн пенси нысан кæныны рæстæджы æххæстæй нымад нæ цæуы сæ куысты стаж. Уый та, йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрын кæны серьезон проблемæтæ.  

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды парламентон комитеты сæрдар Габатты Алан та  радзырдта Уæрæсейы территоримæ автотранспортон фæрæзты рæстæгмæ «ввоз»-ы проблемæты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн ссæ фылдæр сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ. Уыдонæн сæ бон нæу рæстæгмæ «ввоз» райсын, сæ машинæтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл регистраци куы уой, уæд. Уыцы уавæрты  таможнæйы кусджытæ домынц, цæмæй машинæйы хицаумæ ма уа дывæр æмбæстагдзинад. Уый та æвзæрын кæны проблемæтæ», – загъта уый.

Ацы фарст Гасситы Петр куыд бамбарын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон Евразиаг Таможнæйы цæдисы сконды кæй нæй, уый тыххæй Хуссар Ирыстонæн уæрæсейаг таможнæйы вæййы проблемæтæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.