7 мартæй 14 мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æхсæз æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 333 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 5 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

7 марты рынчындонмæ уæззау уавæры бахауд горæттаг, 59-аздзыд цæрæг, кæцы йæ хæдзары уæвгæйæ, фæулæфыд сыгъдхъæстæ газ.

Горæт Цхинвалы милицийы хайады кусджытæ баурæдтой 23-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.