Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта кусæгон æмбырд профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, кæцыйы рæстæджы æруынаффæ кодтой пенсион ифтонгады фадыджы Социалон фæдзæхстады фонды техникон архайды фарстытыл.

Æмбырдмæ хуынд æрцыдысты республикон прокуратурæйы минæвар Тъехты Олег æмæ программист Цхуырбаты Кавказ.

Хицауады сæргълæууæг хæс æрæвæрдта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ бацæттæ кæной социалон фонд æмæ пенсион фæдзæхстады архайдимæ баст техникон фарстытæ æмæ куы бахъæуа, уæд куыстмæ уæрæсейаг коллегæты æрбахонын.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы профилон блокимæ æмархайды фæлгæтты ныхас цыд хуссарирыстойнаг фарсæн специалон техникон æххуыс бакæныны фадæттыл кусгæ æмбæстæгты персоналон хыгъды системæ саразыны фарстыты, фæлæ æнæ-мæнгхъæуæг у уыдонмæ лæмбынæг ин-формаци бавдисын программон ифтонгады домæнты фæдыл, къухы цы ифтонгад ис, уый хынцгæйæ.

Æмбырды ма æруынаффæ кодтой каддрон ифтонгады цæстæнгасæй социалон фæдзæхстады системæйы техникон æххуысы службæйы архайды фарстытыл.

Банысангонд æрцыд, æдзухархайæг персоналон хыгъды системæ саразын фадат ратдзæн кусгæ æмбæстæгты фæдыл æппæтуæвæг информаци равдисын, стаж æмæ æфтиаджы фæдыл æрбавдисгæ раст информацийæ сифтонг кæнын, фæдзæхст адæмæн пенситæ сфидар кæныны фæтк фæхуымæтæг кæнын æмæ йын йæ процесс фæтагъддæр кæнын.

Зæрдыл дарын кæнæм, социалон æмæ пенсион фæдзæхстады фондтæ сæ архайды фæлгæтты æххæст кæнынц хæрдзты финансон ифтонгад, кæцытæ баст сты фæдзæхстады уавæримæ, пенсион кар, маддзинады фæдыл рæстæгмæ нæ кусын, кондадон æнамонд цаутæ кæнæ профессионалон низимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.