20 июлы 1990 азы Цæгат Ирыстоны Цæдисы Сæйраг Совет фæндон рахаста, цæмæй горæт Орджоникидзейæн йæ ном раивой Владикавказæй. Уыимæ ма иумæ Владикавказæн радтой йæ зæронд ирон ном дæр – Дзæуджыхъæу. Дыууæ боны фæстæ, 22 июлы ацы уынаффæ сфидар кодтой æмæ абоны бон дæр уырыссагау хуыйны Владикавказ, иронау та – Дзæуджыхъæу.

Горæт Дзæуджыхъæуы историмæ куы акæсæм, уæд цымыдисон у, фæлæ бирæ рæстæджы дæргъы зынгæ гуырдзиаг революционер Серго Орджоникидзейы ном кæй хаста, уый диссаг у, кæмдæр та мæм æгад дæр кæсы. Мæнмæ гæсгæ, сæдæ азы размæ дæр кæрæдзийыл нæ хæцыдыстæм куыд иу наци, афтæ, кæрæдзийы рыст нæм кæронмæ нæ хъардта, фæйнæрдæм райвæз-байвæз кодтам искæй ма фæхъыг кæныны тыххæй. Æндæра 20-æм азты геноцидæй хæрзцъус рæстæг  еддæмæ нæ рацыдис æмæ афтæмæй гуырдзиаг лæджы ном бауагътам æвæрын нæ сæйраг горæтыл. Куы йыл ахъуыды кæнæм, уæд уый нысан кæны, ома «кæд цæфæй нæ мæлыс, уый та дын рæхуыст». Зæгъæм, сомихæгтæн геноцид куы сарæзтой туркæгтæ, уæдæй нырмæ сæдæ азæй фылдæр рацыдис æмæ абоны бон дæр адæймаг хъуыды дæр нæ акæндзæнис, цæмæй Сомихыстоны искæцы горæт зынгæ туркаг гоймаджы ном хæсса. Æгæрыстæмæй, сæ горæтты уынгтыл дæр нæ бауадздзысты ахæм ном æвæрын, – йе скойгæнæгæн йе взаг дæр стондзысты. Æмæ мах та…

Горæт Владикавказ сырæзт 1784 азы куыд уæрæсейаг æфсæддон фидар, ахæм хуызы. Уæрæсейы Империйæн нымад цыд хуссайраг форпостыл æмæ йæ уылты бастдзинад арæзт цыд Фæскавказы территоритимæ. Фæстæдæр ацы фидары алыварс рæзын райдыдтой хъæутæ, йæ цæрджытæ фылдæрæ-фылдæр кодтой æмæ йын 19 æнусы лæвæрд æрцыд горæты ном.

«Владикавказ»-ы ном равзæрдис дыууæ дзырдæй – «владей» æмæ «Кавказ»-æй, ома, «Владей Кавказом». Ацы ном та йын радта зынгæ уæрæсейаг æхсæнадон æмæ политикон архайæг граф Павел Потемкин, кæцыйы фæрцы арæзт æрцыдис ацы æфсæддон фидар дæр.

Ирон ном «Дзæуджыхъæуæн» йæ этимологийы тыххæй бирæ быцæутæ цæуы. Иутæ йын йæ ном æмбарын кæнынц, ома, æфсæддон фидармæ ввахс уыд ирон хъæу, кæцыйæн таурæгъмæ гæсгæ бындурæвæрæг уыд Быгъуылты Дзæуг. Ацы верси бауырнинаг у, фæлæ мæхъæлæттæ та æндæргъуызон æмбарын кæнынц сæ хъуыды. Уыдон та зæгъынц, зæгъгæ, дзы уыд махъæлон хъæу Зауре, æмæ, ома, ирæттæ ацы термин рацарæзтой сæхирдыгонау «дзуармæ» æмæ дзы рауад «дзуарыхъæу», кæцы фæстæдæр трансформаци æрцыд «Дзæуджыхъæумæ»… Зын бамбарæн у ацы верси.

Баззад историон бæрæггæнæнтæ, кæцыты ис Дзæуджыхъæуы кой. Уыимæ ма иумæ зонадон æмæ публицистон куыстыты «Дзæуджыхъæу» æмæ «Владикавказ» терминтимæ иумæ æмбæлы «хъæу Капкай» дæр. Куыд раиртæстой историктæ, афтæмæй ацы æртæ термины дæр нысан кæнынц иу бынат, ома иу цæрæн пункт.

2007 азы Дзæуджыхъæуы Семен Штыбайы номыл фæзуаты æвæрд æрцыд цыртдзæвæн Быгъуылаты Дзæугæн. Уыцы аз ма Владимир Путины указмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуæн лæвæрд æрцыдис «Хæстон намысы сахар»-ы  цытджын ном дæр.

О, фæлæ куыд æрцыд афтæ, æмæ 1931 азы ирæтты сæйраг горæтæн йæ ном аивтой Орджоникидзейæ (1944 азы йæ раивтой Дзæуджыхъæуæй, фæлæ та йыл 1954 азы сæвæрдтой фæстæмæ уыцы ном)? Зынгæ революционертæ ирæттæм дæр къаддæр нæ уыдис, фæлæ Гуырдзыстоны горæтты æмæ уынгты нæмттæ никуы хастой Санахъоты Матейы, Айдарты Знауыры, Харебаты Исахъы, Нартыхты Сосойы, Плиты Ароны, Козаты Раздены, Дзæрæхохты Хаджи-Мураты æмæ æндæрты нæмттæ. Стæй ма 20-æм азты геноцидæй 10 азы бæрц еддæмæ нæ рацыд æмæ уыцы хъæдгæмттæ афтæ тагъд бадзæбæх сты, афтæ æвиппайды айрох сты нæ судзаггаг рыстытæ? Хуссар Ирыстонæй лигъдæттæ дæр дзæвгар куы æрцардис Цæгат Ирыстоны æмæ бæлвырдæй та горæт Дзæуджыхъæуы? Фæлæ, æвæццæгæн, уыцы лигъдæттæн уæды рæстæджы ныхасы бар дæр ничи лæвæрдта, дæллаг галæй сæ тыдтой æмæ бынæттон ирæтты та не ндæвтæ се мтуг адæмы рис.

Æгас Гуырдзыстоны ис уынгтæ æрмæстдæр Хетæгкаты Къостайы номыл æмæ æрмæст горæт Цхинвалы та гуырдзиæгты нæмттæ хастой дæсгай уынгтæ. Æмæ Дзæуджыхъæуы дæр афтæ. Æгæрыстæмæй ма 1918 азæй суанг 1992 азмæ Къостайы проспект дæр хаста Буачидзейы ном. Æмæ уый та у горæты иууыл сæйрагдæр уынг. Уый та ууыл дзурæг у æмæ нæ зонæм нæ сæрæн кад кæнын æмæ нæ сæдæгай азты нæ сыхæгтæ сæ къæхты бын дæр уымæн ныссæстой.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.