Зындгонд хъазахаг ахуыргонд Ануар Галиевы зонадон куыстыты арæх ис фембæлæн нæ рагфыдæлтæ скифтæ, аланты цард æмæ фæндæгты тыххæй. рагæй нæм æрфидар ахæм æмбарынад, зæгъгæ, иугæр нын нæхи фыссынад нæ уыд, уæд нæ историйы дзадджындæр хæзнатæ хъуамæ агурæм æндæр æмæ æндæр историон гуырæнты.

Евразийы тыгъд быдыртæ бирæ скæсæйнаг знæмтæ куы ахстой, уæдæй нырмæ бирæ æнустæ рацыд. «Ариæгты тыгъдбыдыр» – афтæ хуыдтой уыдон Хъазахстаны æнæкæрон тъæпæнтæ. Рагон персайнаг автортæ уыцы знæмты амонынц сæ иумæйаг номæй – сактæ. Фæстæдæр рæстæджыты сæ дих кæнын райдыдтой æмæ дзы кæй «фурды фале цæрæг цъуппхудджын сактæ» схуыдтой, кæй «Согдомы æдде цæрджытæ».

Бердзенаг историон æрмæджыты та ныхас цæуы массагеттæ, аримаспахтæ, аситæ æмæ пасиантыл – уыдон дам кæрæдзийæн хæстæг адæм уыдысты, зæгъгæ, дæр сæ загъдæуы. Уæдæ скифтæн дæр хионтæ кæй уыдысты, уый дæр æнæмæнг у – ома Европæйы быдырты цæугæцардгæнджытæн.

Ирайнаг æвзæгтыл дзурæг знæмты къордмæ ма рагон автортæ æфтауынц аланты дæр. Китайы «Ханты кæстæр хæдзары Историйы» куыд фыстæуы, афтæмæй сын Арал æмæ Хъаспы быдырты цы зæххытæ уыд – Яньцай, зæгъгæ, уыдоны ном ивд æрцыд Аланьяйæ.

«Алантæ сты уындæй рæсугъд æмæ асæй бæрзонд адæм, зына-нæзына бурдзалыг, сæ егъау цæстыты карз æмæ хиуылхæцгæ ’нгас лæджы удаист кæны», – ахæм хуызы сæ ныв кодта Аммиан Марцеллин. IV æнусы 70 азты ацы домбай хæстон адæм иуæй цагъды фесты алы хæстыты, иннæмæй та Азийы рæбынтæй æрбабырсæг хæстмондаг гуннтимæ сæмхæццæ сты.

Уыцы историон къæпхæн уыд, хурыскæсæйнаг ирайнæгтæ Азийы континенты куы æлдариуæг кодтой, уый кæронæн йæ райдиан æмæ, Великое переселение народов кæй хонынц, уымæн йе ’фсон.

Историон æвдисæндартæ куыд дзурынц, афтæмæй ахæм фæтк ныффидар: иугæр-иу алантæ дæр сæ фыдæлтыккон бынатæй куы фæхауæццаг сты, уæд-иу ногæй æрбынæттон уæм искуы, зæгъгæ, сæ бон зæгъын нал бацис. Æмæ сæхæдæг дæр ныгуылæйнаг бæстæтæ сæттын æмæ исын байдыдтой, уымы адæмты сæхицæн дæлбар кодтой. Алантæ се ’мцæдисон готтимæ 378 азы бынтыбыны дæрæн ныккодтой Ромы империйы скæсæйнаг хайы император Валенты ’фсад, йæхæдæг дæр фæмард. Стæй гермайнаг знæмтимæ иумæ алантæ размæ афсæрстой æмæ ’ппæт Ныгуылæн Европæйыл ахызтысты (абон дæр ма уымы бæстæтæ алайнаг топонимтæй хъулон дарынц – Эстерг, Франкфурт, Сарагосса æмæ а. д.) æмæ сæ ных Африкæмæ сарæзтой.

Æмæ адæмтæн кæддæр Хъазахстаны быдырты цы цæугæцарды дуг райдыдта, уый æрмæстдæр ныр басабыр, фæсыкк.

«Фæлæ кæд сæхæдæг (скифтæ æмæ сактæ) историйы аренæ ныууагътой, уæддæр сæ культурон бынтæ ног æхсæнадты исбон систы. Ахуыргæндтæ биноныг æмæ бæлвырдæй раиртæстой, нырыккон ирæтты фыдæлтæ –  астæуккаг æнусты цæрæг аланты этникон истори æмæ культурæ скифтæ-сакты этнокультурæимæ ’нгом баст кæй сты, уый», – фыста номдзыд ирон ахуыргонд Уарзиаты Вилен.

Ирæттæ комкоммæ (æмæ ма семæ Хохы Бадахшаны цæрæг адæмтæ дæр) скæсæйнаг ирайнæгты байзæддæгтæ сты æмæ сæм скифтæ æмæ сакты культурон бынтæ ахуыр кæныны хъуыддагмæ æмбæлгæ цæстæй кæсынц, фæлæ уый зæгъæн нæй, æмæ хицæн тюркаг адæмты культурæты дæр уыцы фарстамæ фаг æргом здæхт цæуы, зæгъгæ. Афтæмæй та археолог, историк-этнограф С. П. Толстов кæд æмæ кæд фыста туркменты этногенезы аланты ахадындзинады тыххæй – туркменты иу хай – «Олам»-æн дам йæ фыдæлон бындурæвæрæг алантæ уыдысты.

Узбектæ æмæ хъарахъалпакты этногенезмæ та сæ бæлвырд æвæрæн бахастой астæуккаг æнусты цæрæг ирайнаг астæ. Толстовы хъуыдымæ гæсгæ, туркментæ, узбектæ, хъарахъалпактæ æмæ хъазахты этногенезæн бындурæвæрæг сты рагзаманты сактæ-массагетты знæмтæ. Башкирты знæм юрматтæй иуæй-иу ахуыргæндтæ афтæ зæгъынц, цыма сын уыцы ном сæрмæттæй цæуы, ома дзырд фендæрхуызон кодтой æмæ – фæцис.

Фæлæ мах афтæ дæр нæ зæгъæм, æмæ ’ппæт уыцы хъуыдытæ зыбыты рохуаты аззадысты. Хъазахаг археолог К. А. Акишев куыд фыссы, афтæмæй хъазахаг адæмы этногенезы баиу сты дыууæ этнокультурон фæлтæры: автохтонон, ома бындурон бынæттон тæлм æмæ ’рцæуæг-æрбафтæг тюркаг-мангойлаг тæлм (VI – XIII æнустæ). Царды уыцы æцæгдзинад ма фиппайын лæгæн йæ цæстцухыл нæ, фæлæ саугуырм кæй у, ууыл дзурæг у. Æндæр уæдæ цы зондæй ис афтæтæ дзурæн, скифтæ, сактæ, массагеттæ æмæ тюркæгтæй хъауджыдæр нæй, кæрæдзийæ æппындæр ницæмæй хицæн кæнынц, зæгъгæ?..

Истори æрымысгæ хабæрттæй ифтонг кæнын, йæ дзыхъытæ-къуыппытæ йын æмвæз кæныны фæлтæрæнтæ та, хъыгагæн, арæх сты. Уыцы низ историон фæндаджы фæзилæнты адæмы химбарынадыл хæрæгхæлмагау фæзыны. Мах фидарæй ахæм хъуыдыйыл хæст стæм, зæгъгæ истори рафысс-бафысс куы кæнай, уæд уый дæхицæй давын, дæхи стигъынæй уæлдай нæу.

Хъазахтæн ирайнаг фæд æрмæст сæ антропологон сурæты нæ баззад, фæлæ ма сæ географион нæмтты дæр – Балхаш (Борукаша), цæугæдон Асса Жамбылы облæсты, горæт Яссы Хуссар-Хъазахстайнаг облæсты, Алма-Атайы цур Ассы зæхх. Скæсæнирайнаг, скифаг лексикæ цæрæццаг у хъазахты æвзаджы: «Сакты хъыз-борæй (чызг-бирæгъ) рауад хъазахты хъызкуу».

Комкоммæ скæсæнирайнаг скифты, аланты (ома хъазахты этногенезы арф фæд чи ныууагъта, уыцы знæмтæ) байзæддæгтæ сты ирон лæгтæ Абайты Васо, стыр ахуыргонд; Медойты Андрей – Хъазахстаны рагон истори иртасæг; профессор Уарзиаты Вилен – хъуыстгонд этнолог. Бирæ бæстæты йын цы монографитæ æмæ хицæн уацтæ ис (1994 азы уыцы зонадон куыстыты тыххæй Виленæн радтой Уæрæсейы Зонæдты Академийы преми), уыдоны Уарзиаты Вилен раиртæста ир æмæ сæ сыхаг адæмты культурæты кæрæдзиуыл ахадыны æууæлтæ. Уый йæ адæмы культурæйы гуырæнтæ ссарыны охыл архайдта зонадон экепедицийы – «Via Alanica» («Аланты фæндаг»). Æмæ йæ рагфыдæлтæ незаманты цы надвæдтæ ныууагътой, уыдоныл фæзылд æмæ йæ уыцы фæндæгтæй иу Хъазахстанмæ ’рхуыдта. Хъазахты фыдæлтыккон культурæйыл ирайнаг дунесконды тæваг бæрæг-бæлвырдæй кæй фæзынд, уый Уарзийы-фырт хорз бафиппайдта. Зæгъæм, Вилен сразы, жузты адæмыхатты равзæрд æртæ функционалон кæй у, уыимæ – уый та ’нгом баст у скæсæнирайнæгты рагзаманты этнокультурон æгъдауимæ.

Иры рагфыдæлтæй иуы ном – Алгъуыз (Агуыдз), иуæй-иу ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæ ромаг император Августы номимæ баст нæу, фæлæ амоны «алыхуызджын, хъулон-мулон». Уыцы хъулон-мулон æртæ хуызæй та сæ алкæцы дæр у æхсæнадон сæрмагонд функцийы нысаниуæг-символ. Æмæ хъазахты социалон æмæ культурон царды æууæлтæм гæсгæ уыдæттæ дæр сбæрæг кодта Вилен. Æмæ уæдæ уæд Алгъуыз æцæгдзинадæй у хъазахты рагфыдæл Алаш-ханы халдих.

Таурæгъты æмæ кадджыты хъайтартæ Алгъуыз æмæ Алаш сты мемориалон нысаниуæджы типикон сурæттæ. Ирон ахуыргонд фыссы: «Сæ дыууæйæн дæр ис алыхуызджын (хъулон-мулон) нæмттæ, сæ дыууæ дæр сты сæ этносы æхсæнадты хицæн социалон къордты иудзинады нысаниуджытæ-символтæ. Сæ дыууæ дæр амонынц æхсæндзарды дыккаг функци, ома æфсæддон функци æмæ сæ дыууæ дæр пайда кæнынц хъулон-мулон хæстон тырысатæй. Æмæ афтæ зæгъæн ис, зæгъгæ, хъазахты мифологон сфæлдыстады скæсæн ирайнаг (сакты) реликтты фæрцы фæбæлвырддæр сты алан-ирæтты этносоциокультурон химбарынады историйы иуæй-иу сюжеттæ».

Ирон геральдикæйы нысаниуæг дæр куы иртæста Вилен – дзырдæн зæгъæм, Ирыстоны астæуккагæнусон гербы нысаниуæг, – уæд сбæлвырд, уымæн йæ мидисы сæрæвæрæн Хъазахстаны кæй ис, уый – Иссычы обауы археологон æрмæг уый тыххæй у агургæ æмæ æнæаргæ ирд æвдисæн.

Ахæм незамайнаг сты ир æмæ хъазахты царды бирæ æгъдæуттæ дæр, дзырдæн, бæгæны фыцыны æмæ бирæ адæмæй иумæ æмвынг бадыны æгъдау. «Æппæтæн дæр хорз зындгонд цы фæзындтæ уыдысты, уыдон нын сæ арф æмбæхст сусæг хъапп сæргом кодтой, ир æмæ хъазахтау фæйнæхуызон адæмы ’хсæн культурон-генетикон бастдзинæдтæн æвдисæн куы разындысты, уæд».

Нæ хорз хæлар æмæ зонадон æмкусæг Уарзиаты Вилены фæстаг уацтæй иуы кæронбæттæн рæнхъытæ сты ацы ныхæстæ. Стæй йе ’ппæт арфæйаг æмæ æвæллайгæ куысты нысан дæр уый уыд: искæцы фæзындæн йæ сусæг хъапп сæргом кæнын.

Йæ цыбыр царды дæргъы Виленæн бантыст æцæг фундаменталон фæллæйттæ ныффыссын. Уыдон ын йæ ном ферох кæнын нæ бауаддзысты.

Æмбырдгонд «Культура кочевников на рубеже веков»-ы йын цы уац мыхуыргонд уыд – «К истории этнокультурной символики алан-осетин», стæй йæ иннæ дыууæ сæрмагонд уацы дæр: «Из истории скифо-сакского наследия» æмæ «Средневековый герб Осетии» – ныффыста скæсæниртасыны Институты ахæм темæмæ гæсгæ: «Иранский компонент казахской культуры». Æмæ абон кæд зынвадат рæстæг скодта зонадыл дæр, уæддæр мах уырны, æмæ уыцы иртасæн куыст кæй нæ бамынæг уыдзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.