Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан хайад райста Гамбургы уагъдцæуæг Теннисисттæ-профессионалты ассоциацийы (АТР) турниры. Уый фыццаг хъазты фæуæлахиз гуырдзиаг Николоз Басилашвилийыл, стæй та рамбылдта колумбиаг Даниэль Галан Раверосы. Хъыгагæн, финалы 1/4 хайы фæхæрд аргентинæйаг Франсиско Черундолойæн.

Ныр Хъæрæцайы фырт йæ цæттæдзинад фæлвардзæн австриаг горæт Кицбюэлы АТР-йы турниры.

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы фыццаг къорды уагъд æрцыдысты дыккаг туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты фæуæлахиз Мæскуыйы «Родина»-йыл 3:1 хыгъдæй. Ирыстоны сæйраг футболон командæйæн хыгъд байгом кæнын бантыст хъазты фыццаг æмбисы. Расгуыхт Ислам Машуков. Фембæлды дыккаг хайы ныхмæлæууæг командæйы къулдуары та фæйнæ пурти бакъуырдтой алайнæгты æрдæгхъахъхъæнæг Артур Галоян æмæ хъахъхъæнæг Зассеты Азæмæт.

Дыууæ туры фæстæ «Алани» æрæмбырд кодта 4 очкойы. Ирыстоны сæйраг командæ радон туры Грознæйы фысымиуæг кæндзæн Красноярскы «Енисей»-æн.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.