Горæты милицийы æнахъомты фæдыл фарстаты инспекцийы кусджытæ генералон прокуратурæйы минæвæрттимæ иумæ бабæрæг кодтой нæ горæты цæрæг æвæрæз бинонты, кæцытæ лæууынц хыгъды. Сæ азылды рæстæджы барадхъахъхъæнæг органтæ уæлдай хъусдард аздæхтой Тедеты бинонтæм – 12 аздзыд сывæллон йæ мадимæ цæрынц уæззау уавæрты. Сæ хæдзар у хæлæддзаг, йæ агъуыст – раивинаг,  алырæттæй тæдзы, стæй ма сæ канализаци дæр нæ кусы. Æрæджы ма сын сæ электроны рухс дæр ахицæн кодтой, æгæр бирæ фидинаг сын кæй уыд, уый тыххæй. Мадæн иугæндзон куыст нæй – рæстæгæй-рæстæгмæ кæмдæрты акусы. Афтæмæй та æрмæстдæр цæрынц сывæллоны пособиты фæрцы. Ныридæгæн уал барадхъахъхъæнæг органтæ архайынц, цæмæй сæм бауадзын кæной электроны рухс.

Ахæм мæгуырау уавæры ма текстилон фабрикæйы æмдзæрæндоны иу къаннæг хатæны цæрынц Дудайты бинонтæ дæр. Мад иунæгæй хъомыл кæны дыууæ æнахъом сывæллоны, афтæмæй йын нæй стабилон æфтиæгтæ йæхицæн. Исы паддзахадæй æххуыс æмæ ма йæм се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынц нæ горæты цæрджытæй чидæртæ. Сывæллæтты мад зæгъы, зæгъгæ куыст ссарид, фæлæ æнахъомты кæмæн фæуадза, ахæм ын ничи ис.

«Ӕз æрцыдтæн Цхинвалы районы Бихъары хъæуæй 8 азы размæ æмæ мын регистраци нæй горæт Цхинвалы. Уымæ гæсгæ мын не ‘нтысы, цæмæй мæ гæххæттытæ фатер райсынмæ бадæттон», – бахатыд сылгоймаг.

Барадхъахъхъæнджытæ ныфс радтой, зæгъгæ, дын бакæндзыстæм алыварсон юри-дикон æххуыс дæ фарстатæ аскъуддзаг кæнынæн.

Милицийы инспекторты ма фæцымыдис кæны, сывæллæттæ сæ сæрибар рæстæг куыд æмæ кæм фервитынц, уый, æмæ сæ, гæнæн уæвгæйæ, снысан кæнынц лагертæм.

«Лагеры уæвгæйæ сывæллон йæ каникултæ хуыздæр арвиты, – базонгæ вæййы йе ‘мкарæнтимæ, уынгты дзæгъæлы нал фæрахау-бахау кæны, кæнæ æппынæдзух умæл фатеры нæ фæбады», – зæгъы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хайады сæргълæууæг Гатайты Лали.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.