Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин ауагъта 2023 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийыл контроль кæныны фæдыл оперативон штабы рабадт.
Рабадты хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Къадзты Гено, подрядон организациты минæвæрттæ æмæ паддзахадон унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадты уынаффæ кодтой, 2022 азæй рахизгæ объектты куыстытæ æххæст куыд цæуынц, афтæ ма ацы азы Инвестпрограммæимæ баст фарстытыл.

Сæрмагондæй банысанчындæуыд, зæгъгæ, Ирæтты уынджы бирæфатерон цæрæн хæдзары фæуд кæнынц бæстонгæнæн куыстытæ, кусынц дзы æдæппæт 40 адæймаджы. Зæгъойты Эдуард куыд загъта, афтæмæй скъуыддзаг æрцæудзæн Мæскуыйы микрорайоны Медведевы уынджы донцæуæн канализаци схæрзарæзт кæныны фæдыл фарст. Уый дæр цалцæг æрцæудзæн ацы аз. 2023 азы æдæппæт хæрзарæзт æрцæудзысты горæты 9 уынджы.

Зæгъойты Эдуард ма куыд банысан кодта, афтæмæй 2023 азæн Инвестпрограммæйы къорд мадзæлттæн 30 мартмæ лæвæрд æрцæудзысты паддзахадон экспертизæйы æвæрццаг хатдзæгтæ æмæ уыдон куы райсой, уæд аразджытæ æрæвналдзысты куыстытæм.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.