Ивгъуыд къуыри «Спутник»-ы пресс-центрмæ хуынд æрцыд Сывæллæтты поликлиникæйы сæйраг терапевт Хæныкъаты Ларисæ.

Уый æрдзырдта, ныртæккæ нæ республикæйы сывæллæттæ, сæйраджыдæр, цавæр низтæй арæхдæр фæрынчын вæййынц, уый фæдыл.

Терапевт куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ у гриппы сезон, уымæ гæсгæ сабитæ, рæвдауæндонмæ чи цæуы, уыдон æмæ ма иумиаг ахуыргæнæндæтты хъомыл-гæнинæгтæ дæр, арæх фæрынчын вæййынц вирусон-респираторон хæцгæ низтæй. Сæрды мæйты та ахсæн æмæ гуыбыны низтæй. Уымæй  дарддæр  ма Хæныкъаты чызг дзырдта ахæм низтыл дæр, кæцытæн нæй сезонон характер. Зæгъæм, фæстаг рæстæджы нæ республикæйы территорийыл сарæх бронхиалон астмайæ рынчынты нымæц. Сæкæрнизæй рынчын сывæллæтты нымæц дæр фæстаг дыууæ азмæ абаргæйæ у фылдæр. Хъыгагæн, нæ горæты цæры ахæм чысыл лæппу, кæцы рынчын у остеопорозæй.

Дохтыр æрдзырдта ныййарджытæ, сæйраджыдæр, сæ хъус цæмæ хъуамæ дарой, уый фæдыл.

Скъоладзаутæн арæх фæзыны скалиоз. Уый та баст у, партайыл раст кæй нæ фæбадынц, уыимæ.

Ныййарæг хъуамæ йæ хъус дара, цæмæй цæугæ-цæуын сывæллон йæхи ма гуыбыр кæна, йæ сæр уырдыгмæ ма уадза, йæ гуыбыныл размæ ма хæца. Бандоныл бадгæйæ къæхтæ хъуамæ æнцой кæной полыл.

«Сывæллон хъуамæ æнæмæнг хæра сихор скъолайы. Сæйраг хæрд та хъуамæ кæна изæр-райсом хæдзары. Архайут, цæмæй уæ сывæллæтты хизат се ‘нæниздзинадæн сын зиан чи хæссы, ахæм хæринæгтæй. Фæздæгдзыд фыдызгъæл, сойджын хæринаг сывæллоны организмæн зиан йедтæмæ пайда никуы вæййынц», – загъта уый.

Ахсæн-тъæнгты низты фæзынды аххосæгтæ бирæ сты. Уроктæ, сæйраджыдæр, ныртæккæ амынд цæуынц интеллектуалон нывæзтмæ гæсгæ. Канд урокты рæстæджы нæ, фæлæ урокæй урочъы ‘хсæн цы улæфт вæййы, уыдоны рæстæджы сывæллон райсы эмоциалон уæз. Уымæ гæсгæ организм бирæ энерги бахардз кæны æмæ йæ хъæуы æнæмæнг басихор кæнын. Ацы хъуыддаг хъæуæгыл чи нæ нымайы, уыцы сабитæ, гæнæн ис фæрынчын уой гастритæй. Къухтæ арæх чи не ‘хсы æмæ дыргътæ æнæхсадæй цы сывæллæттæ хæрынц, уыдоныл та арæх фæзыны тъæнгты низ.

Ныртæккæ педиатртæ æмæ физиологтæ иууыл тынгдæр тыхсынц кæстæр æмæ хистæркъласонты активондзинад бынтон лæмæгъ кæй у, уый тыххæй. Хæдзармæ æрбацæугæйæ бирæ сывæллæттæ сæ рæстæг æгасæйдæр æрвитынц Интернеты. Афтæмæй уыдон æнæзмæлгæйæ  вæййынц суткæйы æмбис. Уый фæстиуæгæн иммунитет фæныллæгдæр вæййы. Уый бандавы цæстытыл дæр. Йæ ах-хосæгтæ вæййынц, цæстытæ кæй бафæллайынц телефонмæ, лыстæг дамгъæтæм кæсгæйæ. Ныййарджытæ, кæцытæн сæ бон нæу ацы процесс æруромын, ома, сывæллоны интернетæй иртасын, хъуамæ архайой, гæнæн уæвгæйæ, сывæллоны цæстыты низтæй бахъахъхъæныныл. “Уый тыххæй уæ сывæллоны цайдагъ кæнут цæстытæн гимнастикæ аразыныл. Стъолыл цы рухс вæййы, уый æвæрд хъуамæ уа галиуæрдыгæй. Чиныг æмæ цæстыты ‘хсæн ахуыры рæстæджы хъуамæ уа 40 сантиметры  дæрддзæг. Компьютеры мониторы раз та ма дæттут уæ сывæллæттæн бар, цæмæй бадой 30 минутæй фылдæр”, – кæронбæттæны банысан кодта Хæныкъаты Ларисæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.