Алы растхъуыдыгæнæг адæймагæн дæр зын у, æрыгон адæймæгтæй алыгъуызон негативон фæзындтыл кæй цайдагъ кæнынц, уый, уæлдайдæр та наркотикон буарадтæ æмæ нозт кæныныл.

Наркомани дуджы фæивды фæстиуæ-гæн фæзынд æмæ æвдисæн стæм, цахæм æгъатыр разынд нæ фæсивæдмæ, иугай сæ не `хсæнæй куыд скъуыны, мæлæты фæндагыл сæ куыд æфтауы, сæ хиуæттæн стыр маст æмæ фыдæв-зарæнтæ хæсгæйæ. Фыднозт кæнын рагондæр проблемæ у æхсæнадæн, фæлæ уый дæр уæлдай тынгдæр сытынг, цард куы схæццæ, куы сæмтъеры, уыцы азты æмæ абон дæр йæ кæнон кæны.

Ацы фæзындтыты ныхмæ алыгъуызон мадзæлттæй пайда цæуы паддзахады ‘рдыгæй. Уыцы нысанæн йæ рæстæджы нæ горæты байгом реабилитацион центр “Ныфс”, кæцы равзæрста йæхи фæндаг æмæ пайда кæны йæхи амæлттæй, наркомани æмæ фыднозт кæныныл чи фæцайдагъ сты, уыдоны ацы сæфты фæндагæй фæиппæрд кæнын æмæ сæ нормалон цардмæ раздахыны тыххæй. Фæлæ ахсджиаг у, цæмæй ахæм мæгуырау фæзындтытыл мауал цайдагъ кæной æндæртæ, уæлдайдæр та – нæ сывæллæттæ.

Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй алкоголь, наркотиктау, æппæрццагæй бандавы мидæггагон органтыл.

Уæлдай тæссаг сты карз нозтытæ æрыгон адæймæгтæн. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ рæзгæ организмы тынг фæцæуы буарæдты ивд æмæ хъахъхъæнæн механизмтæ æмбæлон æмвæзадыл кæй нæ вæййынц, уымæ гæсгæ сывæллонæн алкоголь бакæны стыр зиан. Алкоголы марг фæхъæстæ кæны сывæллоны магъз æмæ йын æппæрццагæй бандавы йæ зонды рæзтыл. Уый уымæн афтæ вæййы æмæ карз нозтыты цы токсикон буарад ис, ома, этанол, уый фехалы нуæртты чырæгтæ. Алы карз нозты фæстæ дæр амæлынц нуæртты мингай чырæгтæ, æппæрццаг ивындзинæдтæ ма æрцæуы зæрдæ, игæр æмæ уыргты дæр.

Зонад куыд бæлвырд, кæны, афтæмæй нозт чи кæны, уый цас æрыгондæр уа, уыйас  ын алкоголь тынгдæр бандавы йе ‘нæниздзинадыл. Психикон æгъдауæй фæстæзад сывæллæттæ райгуыры канд алкоголикты бинонты æхсæн нæ, фæлæ, æгæрыстæмæй, цъус чи нуазы, ахæм ныййарджытæн дæр. Мад кæнæ фыд суæвынмæ йæхи чи цæттæ кæны, уый иу агуывзæ карз нозт куы баназа, уæд гæнæн ис æмæ стыр зиан æрхæсса йæ фидæны сывæллонæн. Хъыгагæн, сывæллæттæ сæхæдæг дæр раджы райдайынц нуæзтмæ цымыдис кæнын. Сывæллæтты иу хай алкоголыл фæцайдагъ вæййы, цалынмæ сыл дæс азы нæма цæуы, уæдмæ. Уымæн арæх ахъаз кæнынц ныййарджытæ сæхæдæг. Зæгъæм, иуæй-иу ныййарджытæ бæрæгбонты рæстæджы арæх сæ сывæллæтты æрбадын кæнынц фынгыл æмæ сын бадарынц арахъ кæнæ сæн. Иуæй-иу хатт карз нозт бадарынц чысыл сывæл-лæттæн дæр, цæмæй, дам, хорз бафынæй кæной, кæнæ хуыздæр хæрой, уый тыххæй. Уый гæнæн ис æмæ æркæна сывæллоны нозтыл фæцайдагъ кæнынмæ. Ныййарджытæй бирæтæ афтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, сæн æмæ бæгæны пайда сты организмæн, уымæн æмæ сæ ис бирæ витаминтæ æмæ минералон буарадтæ æмæ бынтондæр нæ зиан кæнынц организмæн. Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы уый, æмæ уыцы нозтыты сконды кæй ис алкоголь дæр æмæ уый,  алы наркотикау, кæй зиан кæны организмæн, уæлдайдæр та, чи не сфидар ис, уыцы сывæллоны организмæн. Тугыл æппæрццагæй бандавгæйæ, алкоголь базиан кæны туджы урс буарадтæн æмæ уый фæстиуæгæн уыдонæн сæ бон нал вæййы низхæссæг микробтимæ тох кæнын. Уымæ гæсгæ нуазгæ чи кæны, ахæм æвзонг фæсивæд арæхдæр фæрынчын вæййынц инфекцион низтæй, фæрынчын ма вæййынц мидæггагон органты уæззау низтæй, уымæн æмæ йæ тъæнгтæ æмæ йæ ахсæн вæййынц тынг лæмæгъ. Алкоголь бандавы ацы органты сæтцъарыл æмæ бирæ рæстæджы дæргъы сæ уагыл нал вæййынц. Уый фæстиуæгæн, суинаг æвзонг адæймаг куыд æмбæлы, афтæ нал фæхæры кæр-дзын, смæллæг вæййы æмæ æмбæлон уагыл рæз нал фæхæссы.

Уæлдай тынгдæр алкоголь бандавы игæрыл. Фехæлынц игæры чырæгтæ æмæ нал феххæст кæнынц сæ ахсджиаг функцитæ.Уымæ гæсгæ кæд стыр адæймагæн йæ игæрыл цирроз фæзыны цалдæр азмæ, уæд æвзонг адæймагыл та – цалдæр мæймæ, кæнæ та – иу афæдзмæ. Алкоголь тынг халы уыргтæ дæр. Уыдоны сытынг вæййынц склерозы фæзындтытæ, скарз вæййынц хроникон нефрит, рæсыды процесстæ, пиэлонефрит, цистит. Алкоголь æппæрццагæй бандавы æрдон æмæ мидæггагон секрецийы æндæр рæзынджытыл, уыдон та тынг ахъаз кæнынц сабийы организмы дарддæры рæзтæн. Уæлдай тынгдæр алкоголь бандавы сывæллоны нуæртты центрон системæйыл, уæлдайдæр та – сæры магъзыл. Сывæллоны магъз рæзгæ кæй фæкæны, уымæ гæсгæ йæ фæхъæуы бирæ хæлцадон буарадтæ. Алкоголь та – фæхъæн кæны тугдадзинты къултæ æмæ къуылымпы кæны магъзмæ æнæмæнгхъæуæг хæлцадон буарадты цыд. Алкоголь ма гæнæн ис æмæ сывæллоныл фæзынын кæна уæззау низ – эпилепси. Алкоголь рæзгæ фæлтæрæн цы зиан хæссы, уый тыххæй зæрдыл æрлæууынц стыр уырыссаг ахуыргонд, академик Иван Павловы ныхæстæ: “Карз нозтытæ цинæй адæймагадæн хæссынц бирæ стырдæр зиан, кæд сæ нуазгæ, цин банкъарой, уый тыххæй кæнынц, уæддæр”.

Ууыл æнæмæнг ахъуыды кæнын æмбæлы, куыд æвзæнгты, афтæ – хъомылты дæр.

Æрмæг бацæттæ кодта

           БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.