Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли телефоны ныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Владимир Путинæн, Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты æнтыстджынæй кæй фæуæлахиз, уый тыххæй æмæ йын радзырдта, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ куыд ацыдысты, уый тыххæй.

«Фæнды мæ дæуæн зæгъын, Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзарджытæн сæ 92,8 проценты хъæлæс радтой дæуæн, уымæй дæр амæйразмæйы президентон æвзæрстытæм абаргæйæ, ныр æвзарæн фадгуытæм æрцыд 20 проценты фылдæр адæм. Уый ууыл дзурæг у, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм кæронмæ сты де ‘вварс æмæ дæ сты тынг бузныг. Кæй фæуæлахиз дæ, уый тыххæй Уæрæсейы Федерацийы адæмæй Хуссар Ирыстоны адæм къаддæр нæ цин кæнынц», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый  ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис дарддæр дæр дыууæ бæстæйы  æмахастытæ рæзын кæнынæй.

«Мæн ныфс ис нæ æмахастытæ адарддæр кæнынæй, Владимир Владимиры фырт, рæстæг дын куы уа, уæд демæ ногæй фембæлынæй. Бар мын радт, ноджыдæр дæ фæхонон, Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн мадзалмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарсы дæр цæттæдзинад равдыстой Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды фæлгæтты æнтыстджын æмгуыстад æмæ æмархайд дарддæр дæр рæзын кæныны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.