Мыхуыры рацыдысты 2018 азæн сывæллæтты журнал «Хуры тынтæ»-йы 1-2 номыртæ. Журнал гом кæны сывæллæттæн журналы редакторы арфæйæ: «Иры кæстæртæ! Мæнæ уын уæ журнал лæвар кæнын уарзтæй йемыдзаг зæрдæимæ. Иры кæстæртæ, фæрнджын æмæ амондджын уæд уæ цард уалдзæджы къæсæрыл!».

Журнал хуызджын, рæсугъд фæлыст кæй у, алыгъуызон нывтæ дзы кæй ис, уымæй уæлдай тынгдæр йæхимæ æлвасы йæ чысыл кæсджыты. Рубрикæ «Паддзахад Аланыстон»-ы бын мыхуыр цæуы æмдзæвгæ «Аланыстон». Рубрикæ «Нæртон царды хабæрттæй»-ы бын мыхуыр æрцыд «Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой», рубрикæ «Ирон таурæгътæ»-йы бын – «Къæрных æмæ хæйрæг». «Арвырон»-ы рубрикæйы бын журналы сты Джиоты Катяйы æмдзæвгæтæ «Мæ мад» æмæ «Бæласы пысултæ», Хацырты Отары фыст аргъау «Рувас йæ маст бирæгъæй куыд райста», афтæ ма Цыбырты Мадинæйы  æрфарст «Кæй нымайут хорз адæймагыл?», зæгъгæ. Ацы фарстæн дзуаппы хуызы сæ хъуыдытæ ныффыстой Цхинвалы скъола-интернаты 6-æм къласы ахуырдзау Тыджыты Миленæ, гимназ «Альбион»-ы 8-æм къласы ахуырдзау Къæбысты Андрей, нæ горæты 10-æм, 6-æм, 2-æм астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ Плиты Дианæ, Гаглойты Оксанæ, Джиоты Максим, Багаты Эмилия, Кокойты Аидæ, Гæбæраты Георги, Гуыбаты Олег.

Рубрикæ «Æвзæнгты хъæлæс»-ы бын мыхуыр æрцыдысты Плиты Кристинæ æмæ Плиты Гришикы æмдзæвгæ-тæ, афтæ ма Коцты Дианæйы аргъау «Хæлардзинад».  Рубрикæ «Æрдз æмæ адæймаг»-ы бын мыхуыр цæуынц «Мæнæргъы», «Саунæмыг», «Мыр-тгæ». Рубрикæ «Хæлардзинады уидæгтæ»-йы бын мыхуыр цæуы ирон æвзагмæ Цыбырты Мадинæйы тæлмацæй Дегтярева Натальяйы аргъау «Ху-рæн баз…». Саби дзы куынæ зæгъа…-йы рубрикæйы бын мыхуыр æрцыдысты «Дон уазал у…», «Чысыл Ирбег». Рубрикæ «Ахъазæм иумæ…»-йы сывæллæттæ базонгæ уыдзысты алыгъуызон хъæзтытимæ. Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты  лицейы 8-æм къласы ахуырдзау, конкурс «Стъалыты ферттывд»-ы  2015 азы уæлахиздзау Плиты Ланæ та чысыл журналкæсджыты размæ хæссы йæ конд нывтæ «Дзурынц мæсгуытæ», «Ирон лæг», «Дондзау чызг». Журналы ре-дактор сывæллæтты куырдиатмæ гæсгæ номырмæ бахаста рубрикæ «Цæй сахорæм!», зæгъгæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ журналыл йæ чысыл  кæсджытæ кæй сæмбæлдзысты райзæрдæйæ, уымæн æмæ журналы æрмæ-джытæ рауадысты аив æмæ цымыдисон. Йæ редакторы ныхæстæм гæсгæ журнал уæрст æрцæудзæн сывæллæтты цæхæрадæттыл.

Журналы тыххæй

«Хуры тынтæ»-йы фыццаг номыр мыхуыры рацыд 2014 азы. Уæд журналæн арæзт æрцыд презентаци, цыран Джусойты Нафи райзæрдæйæ банысан кодта, зæгъгæ, йын сывæллæтты журналы рацыд у тынг æхсызгон æмæ бузныджы ныхæстæ загъта йæ редактор Цыбырты Мадинæйæн. Ахуыргонд ма уæд загъта, зæгъгæ, хуыздæр уаид æмæ журнал афæдз æхсæз хатты бæсты куы цæуид æрвылмæй дæр, фæлæ уæдæй нырмæ кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр журнал не ссис æрвылмæйон финансон хъуагдзинады аххосæй.

Цыбырты Мадинæ хæрз чысылæй фæцайдагъ мадæлон æвзагæн аргъ кæныныл, рагæй фыссы сывæллæттæн æмдзæвгæтæ. Уый алыхатт дæр банысан кæны, зæгъгæ, алы цивилизацион бæстæйы дæр мыхуыр цæуынц сывæллæттæн цалдæргай журналтæ сæ мадæлон æвзагыл. Цæгат Ирыстон-Аланийы дæр сывæллæттæн уагъд цæуынц цалдæр журналы, уыцы нымæцы «Ногдзау» æмæ «Бар-сик» дæр. Мадинæ-иу сæм арæх батæхуды кодта, зæгъгæ, искуы хуссарирыстойнаг сывæллæттæ дæр куы бацин кæниккой сæ номыл уагъдæрцæуæг журналыл. Цалдæр азы размæ мадæлон æвзаджы рæзты тыххæй РХИ-йы Хицауады цур арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Къамисы уæнгтæ бакуыстой программæ, цыран 9-æм пункты нысан цæуы мадæлон æвзагыл сывæллæтты журнал рауадзын. Уый базонгæйæ Цыбырты чызг сарæзта проект æмæ йæ бавдыста РХИ-йы Хицауад æмæ Ахуырад æмæ зонады министрадмæ. Мадинæ йæхæдæг куыд дзуры, уымæ гæсгæ йæ рагæй фæстæмæ фæндыд хуссарирыстойнаг сывæллæттæн исты хорзы бацæуын æмæ йын куыддæр фадат фæцис, афтæ æппæт тыхтæй дæр бацархайдта, цæмæй журналы фыццаг номыр рухс федтаид.

Бæргæ архайы сылгоймаг журналы номырты рацыдыл, фæлæ йæ рауадзыны хæрдзтæ бæстæйы паддзахадон бю-джетмæ хаст кæй не сты, уымæ гæсгæ æмбæлы финансон зындзинæдтыл. Фæлæ сылгоймаджы ныфс ис, республикæйы разамынад йæм йе ‘ххуысы къух кæй фæдаргъ кæндзæн, уымæй. Уадз, æмæ нæ сабитæн дæр уа сæхи сæрмагонд журнал æмæ йыл цин кæной æрвылмæй дæр.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.