Нæ горæты Анахарсисы номыл централон библиотекæйы æмбырдгæнæн залы ауагъд æрцыдис Æппæтадæмон тыхон структурæты хæстон цæттæдзинад фæхуыздæр кæныны федерацийы минæвæрттæ æмæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты минæвæртты иумæйаг конференци. Конференци байгом кодта Хуссар Ирыстоны фæсивæд, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Уый Хуссар Ирыстоны æмæ Æппæтадæмон тыхон структурæты хæстон цæттæдзинад фæхуыздæр кæныны федерацийы минæвæрттимæ базонгæ кæныны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм фембæлдтытæ сæйраджыдæр, ахъаз кæй сты Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты уæнгты цæттæдзинад æмæ арæхстдзинад фæхуыздæр кæнынæн. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, абон нæ бон нæ бауыдзæнис æмæ цыбыр рæстæгмæ аскъуыддзаг кæнæм, Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты цы хъæндзинæдтæ ис, уыдон. Хорзæй цы сараздзыстæм, уыдонæй иу уыдзæнис, бæстон æмæ лæмбынæг кæй æрдзурдзыстæм цухдзинæдтæ æмæ сæ рараст кæныны фарстытыл. Сергейы хъуыдымæ гæсгæ уый та у æнтысты рахæцæнтæй сæ иу.

Уый фæстæ залы уæвджытæн æвдыст æрцыдис, Æппæтадæмон тыхон структурæты хæстон цæттæдзинад фæхуыздæр кæныны федераци фæстаг азты цы цæттæдзинад равдыста, цахæм æнтыстытæ сын уыд, уыдон ыл ист киноныв.

Уый фæстæ федерацийы сæрдар Заур Абдурагимов банысан кодта, зæгъгæ, федераци арæзт æрцыдис 2013 азы. «Сарæзтам æй, Уæрæсейы тыхон структурæты фылдæр æмæ хуыздæр хæстон зонындзинæдтæ æмæ цæттæдзинæдтæ кæмæ уыдис, ахæм хæстонтæ æмæ афицерты скондæй. Кæд нырма кусæм цъус рæстæг, уæддæр ныридæгæн фембæлдыстæм бирæ фæсарæйнаг бæстæты тыхон структурæты минæвæрттимæ. Семæ сарæзтам хорз бастдзинæдтæ æмæ уыцы бастдзинæдтæ ахъаз сты нæ бæстæты ‘хсæн кæрæдзиæмбарынад фидардæр кæнынæн.

Хуссар Ирыстонмæ нæ федерацийы минæвæрттæ, æз мæхæдæг дæр, æрцыдыстæм ныр æртыккаг хатт. Æндæр бæстæтæм абаргæйæ нæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын фæнды тынгдæр. Уымæн æмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæн иумæйагæй ис бирæ, æнусты дæргъы стæм кæрæдзийы фарсмæ æмæ уыцы хорз традицитæ дарддæр дæр хъуамæ цæуой хъахъхъæд.

Нæ домæнмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты цы цалдæр хæстоны равзæрстой, уыдон æввахс рæстæджыты фæхондзыстæм Мæскуымæ. Семæ цы ахуыртæ хъавæм ауадзын, уыдон æххæст куы æрцæуой, уæд сæ бахъæудзæнис фæлварæнтæ радтын. Уыцы фæлварæнтæ æнтысгæйæ чи радта, уыдонæн фæбæрзонддæр кæндзыстæм сæ квалификаци æмæ сæ бон уыдзæнис тыхон структурæты хæстон цæттæдзинады инструкторты хæстæ æххæст кæнын. Ахæм фæлварæнтæ уагъд цæудзысты фидæнмæ июль – августы мæйты, фæлæ ма уæдмæ ардæм нæ федерацийы минæвæрттæй æрцæудзæнис цалдæр, цæмæй иуварс æрцæуой, хæстонтæм ма цы цухдзинæдтæ ис, уыдон.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ нæ ахуырты хиаргъ бæрзонд кæй у, уый, фæлæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты ‘хсæн уыцы ахуыртæ уагъд цæуынц лæвар», – загъта Абдурагимов.

                                                                                     ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.