Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджыты конференци хъуамæ уагъд æрцыдаид августы мæйы кæрон, фæлæ бæрæг ах-хосæгтæм гæсгæ уыд 17 сентябры. Конференци байгом кодта Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министры фыццаг хæдивæг Гаглойты Элиса æмæ уый ныхасы бар радта ахуырад æмæ зонады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Гасситы Наталийæн. Уый, ахуыргæнджытæн ног ахуыры азы цытæн раарфæ кæныны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, 2019-2020 ахуыры азы скъолаты раз слæууыд, уæдмæ зонгæ кæимæ нæ уыдыстæм, ахæм зындзинæдтæ. Коронавирусы аххосæй нæ цалдæр мæйы бахъуыд дистанцион ахуыртæ уадзын. Дистанцион методæй ахуыртæ уадзын кæд æрхаста бирæ зындзинæдтæ, уæддæр нæ ахуыргæнджытæ æппæт дæр арæзтой, цæмæй мæгуырауæрдæм ма бандавой ахуыр-хъомыладон процессыл. Æмæ уый нæ ахуыргæнджытæн сæ къухты æфтгæ дæр бакодта. Æнтысгæйæ фесты ахуыры аз æмæ та ногæй æрбалæууыдыстæм нæ кæрæдзийы фарсмæ.

Скъолайы агъоммæйы ахуырадон уагдæттæ

Коронавирусы ныхмæ тох кæныны фæдыл мадзæлттæ афоныл ист кæй æрцыдысты, уый фæрцы сабидæттæ кусын райдыдтой июлы дыккаг æмбисы æмæ та 3037 сывæллоны ногæй цæуын райдыдтой сабидæттæм. Карантинмæ нæ кæсгæйæ горæты алы сабидоны дæр уагъд æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ, уыцы нымæцы хистæр къорды сывæллæттæн рауагъдон мадзал дæр. Суворовы уынджы сывæллæтты ног сабидон «Æфсир» эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцыдис, уый фæрцы æндæр сабидæтты уавæр бæрæг фæхуыздæр. Ацы хъуыддагыл ма хорз бандæвдта Вокзалгæрон уынджы цы сабидон «Фæрдыг» сырæзт, уый дæр. Сабидæтты уавæр ноджыдæр фæхуыздæр уыдзæнис, Гуыбаты æфсымæрты уынджы сабидон куы сырæза, уæд.

Иумæйагахуырадон скъолатæ

– Республикæйы цы 87 скъолайы ис уыдонæй дыууæ не сты паддзахадон. Аивгъуыйгæ ахуыры азы сæ æдæппæтæй ахуыр кодта 6803 ахуыргæнинаджы. Куыд æрвылаз, афтæ аивгъуыйгæ ахуыры аз дæр уагъд æрцыдысты цытджын линейкæтæ, сабырады, патриотон æмæ æхсардзинады уроктæ. Докладгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг дыууæ азы не скъолатæм ист æрцыдис 157 æвзонг ахуыргæнæджы. Уымæй дзæвгар фæхуыздæр скъолаты ахуыргæнджытæй сифтонг кæныны уавæр. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ азæй азмæ хуыздæр кæй кæнынц ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ. Ацæу-гæ ахуыры азы сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ райсыныл архайдтой фондз ахуыргæнинаджы. Уыдонæн ахуырад æмæ зонады министрад ауагъта контролон куыстытæ æмæ дзы иу бацис сыгъзæрин, цыппар та – æвзист майданты хицæуттæ.

Аивгъуыйгæ ахуыры азы планы цы дæс предметон олимпиадæ уыд, уыдонæй коронавирусы аххосæй ауагътой æрмæстдæр æхсæз. Цы олимпиадæтæ ауагътам, уыдон фæстиуджытæй барухс сты зæрдæтæ. Хайад сæ райстой 222 ахуыргæнинаджы,  уыдонæй 74 хорзæхджын æрцыдысты алыгъуызон хорзæхтæй. Не скъолатæ цы мадзæлттæ ауагътой уыдоны ‘хсæн сæйраг бынат бацахстой Хетæгкаты Къостайы тыххæй уагъд мадзæлттæ. Аивдæр рауадысты «Хуыздæр уроктæ Къостайы уацмыстæй», «Къостайы сыфтæ фæлдахгæйæ», æмæ æндæртæ. Октябры мæйы не скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дзæуджыхъæуы хайад райстой æппæтадæмон зонадон-практикон конференци «Коста Хетагуров в контексте современного образования»-йы. Уымæй дарддæр ма методикон æрмæджытæ мыхуыр цыдысты журнал «Æххуыс  ахуыргæнæгæн»-ы.

Дзырд скъола куы зæгъæм, уæд сæйра-джыдæр ахъуыды кæнæм, цæмæй сывæл-лон райса хорз зонындзинæдтæ. О, фæлæ ма скъоладзауæн ахсджиаг у хорз хъомылдзинад райсын дæр. Ацы фарстыл ахуыргæнæг, хъомылгæнæг æмæ æхсæнад иумæ куынæ кусой, уæд гæнæн ис æмæ ма уа зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ.

Не скъолаты ахуыргæнинæгтæ активон хайад исынц уæлæмхас зонындзинæдтæ райсыныл дæр. Сывæллæтты Сфæлдыстады галуан, Æвзонг техникты станц æмæ Æвзонг натуралистты станцы ахуыр кæнынц æмæ уæлæмхас  зонындзинæдтæ исынц иу мин æмæ æрдæг ахуыргæнинагæй фылдæр.

Ног ахуыры азмæ хи бацæттæ кæныны хъуыддагыл хорз бакуыстой горæты æмæ районты администрациты разамонджытæ. 2008-2020 азты арæзт æмæ цалцæг æрцыдысты 30 скъола æмæ сабидоны бæстыхæйттæ.

Горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Лолаты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, мæ ныхас райдайдзынæн, куыд администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг афтæ нæ, фæлæ куыд ахуыргæнæг. Уымæн æмæ ацы бынаты иу мæй дæр нæма кусын. Мæ професси та у ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ, фыццаджыдæр, хъахъхъæндзынæн ахуыргæнæг æмæ скъолаты интерестæ. Скъолатæ æмæ ахуыргæнджытæй фылдæр домдæуы, цæмæй ахуыргæнинæгтæн дæттой æмбæлон зонындзинæдтæ. Уыцы хæс æххæст цæуы. Хъомылдзинад радтыны хæс та, сæйраджыдæр, хауы хъомылгæнджытæ æмæ æхсæнадмæ æмæ сæ æххæст дæр хъуамæ кæной. Абон мæ бузныг зæгъын фæнды паддзахады разамонæг Бибылты Анатолийæн, сабидæтты сывæллæтты æмæ скъоладзауты хæлцы æргътæм кæй бафтыдта, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли та конференцийы раныхас кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, нæ сæйрагдæр хæстæй иу у, цæмæй тыхджындæр, рæсугъддæр æмæ хъæздыгдæр кæнæм нæ мадæлон æвзаг. Уымæн æмæ æнæ æвзаг адæм нæ вæййы. Ацы хъуыддагыл сæйраг тохгæнджытæ стут сымах, ахуыргæнджытæ, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уын уа æнтыстытæ. Ацы бонты нæ паддзахад йæ сырæзты 30 азы бон. Ацы уæлахиздзинадмæ дæр бахастат стыр хайбавæрд æмæ уын уый цытæн дæр арфæ кæнын. Ахуыргæнæг æмæ скъолайыл ис стыр хæстæ. Уыцы хæстæ æххæст куы цæуой, нæ фæлтæртæн хорз ахуырдзинад æмæ хъомылдзинад куы дæттæм, уæд, бауырнæд уæ, паддзахад æмæ адæмæн уыдзæнис къаддæр зындзинæдтæ.

Конференцийы ма раныхас кодтой гимнази «Альбион»-ы фæсарæйнаг æвзæгты ахуыргæнæг Абайты Виктория æмæ Цхинвалы фыццæгæм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Дзигойты Альбинæ.

Уый фæстæ хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн ист æрцыдис резолюцийы проект æмæ ууыл ахуыргæнджыты æрвылазон конференци йæ куыст фæцис.

                                                                                          ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.