30-æм августы ног, 2022-2023 æрбалæугæ ахуыры азмæ Цхинвалы уагъд æрцыдис августы ахуыргæнджыты æрвылазон республикон конференци. Конференцийы темæ уыд: «Актуальные вопросы системы образования РЮО на современном этапе:пути совершенствования».

Ахуыргæнджыты конференцимæ æрбацыдысты ахуырады къабазы кусджытæ, паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, Хуссар Ирытоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады кусджытæ, республикæйы скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæн уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ æндæртæ.   Хайад дзы райстой президент Гаглойты Алан, РХИ-йы президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан æмæ парламенты профилон комитеты сæргълæууæг Уырыгаты Инал.

Педагогон конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса. Уый ног ахуыры азы æрбалæуды тыххæй арфæ ракодта æппæтæн дæр æмæ банысан кодта сæ разы бирæ хæстæ кæй лæууы, цæмæй нæ бæстæйы ахуырад уа æмбæлон æмвæзады. Уый ма бахатыд æрæмбырдыуæвджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт ахуыргæнæг Джиоты Мария Федыры чызджы ном.

Уый фæстæ экраныл æвдыст æрцыд ахуырады министрадæн рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомылады программæйы фæлгæтты цы бантыст среализаци кæнын, уый фæдыл видеоæрмæг. Ахуыргæнинæгтæ аив бакастысты скъолайон темæйыл хъæлдзæг æм-дзæвгæтæ, куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Сæххæст кодтой зарджытæ дæр. Æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ  ма алыгъуызон скъолайон уæлæдарæсы ралæууыдысты сценæйыл æмæ сæ демонстраци кодтой. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, кæд раздæр скъолайон формæ уыдис дыууæ-æртæ хуызон, уæд ныры дуджы та ис фадат алыгъуызон рæсугъд скъолайон уæлæдарæс ссарынæн. Сывæллæттæ тынг бахъæлдзæг кодтой педагогон коллективы сæ  арæхстдзинад, аив æмæ хъæлдзæг ныхасæй æмæ сыл уыдон дæр мидбылхудт æмæ къухæмдзæгъдимæ сæмбæлдысты.

Ахуырад æмæ зонады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали сæрмагондæй арфæ ракодта ахуырады къабазы æппæт кусджытæн  Зонындзинæдты боны фæдыл. Йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, министрады раз цы ахсджиаг фарстытæ лæууы, уыдон кæддæриддæр кæй сты нæ республикæйы ахуырады гъæд æмæ æмвæзадыл дзурæг. Афтæ ма  ахуырады фадыг кæй у нæ царды ахсджиагдæр къабæзтæй сæ иу, сæ сæйрагдæр хæстæ æмæ фарстатæ та кæй сты, цæмæй ахуыры процесс цæуа ног дуджы домæнтæм гæсгæ. Докладгæнæг фехъусын кодта, зæгъгæ, кæд раздæр скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ нæ фаг кодтой, сывæллæттæн фаг бынæттæ нæ уыдис, уæд ныр та республикæйы уыцы проблемæ нал ис. Гасситы Натали йæ раныхасы бæстонæй æрдзырдта ивгъуыд ахуыры азы фæстиуджытыл дæр, афтæ ма сæ дарддæр цы фарстытæ хъæудзæн аскъуыддзаг кæнын, æппæт уыдæттыл. Гасситы Натали ноджы банысан кодта педагогон кусджыты куыстмызд фæстаг азты (2020-2021 азты) кæй фæфылдæр. Дæнцæгæн æрхаста сывæллæтты цæхæрадæтты уæлдæр категориты хъомылгæнджыты  æмæ скъолаты уæлдæр категориты педагогты куыстмыздтæ.

Министры хæстæ æххæстгæнæджы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы ахуырады фадыджы нырма дæр ахсджиаг у æвзонг педагогты куыстæй сифтонг кæныны фарст. Гасситы Натали ма рæгъмæ рахаста Цхинвалы бирæпрофилон колледжы проблемон фарстыты тыххæй. Шанхайы районы фæсивæд колледжы агъуысты тренажерон зал кæй бакодтой, уымæ гæсгæ студенттæн нæй бынат сæ практикон куыстытæ уадзынæн æмæ бахатыд бæстæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй фарстмæ æркæсой æмæ, куыд гæнæн ис, афтæ æвæрццагæй скъуыддзаг æрцæуа. «Колледжы рауагъдонтæ ацы аз уыдысты æрмæст-дæр 63, кæд æмæ гæнæн уыдис æмæ уыдаиккой 300 специалисты бæрц: кафелæндадзджытæ, аразджытæ, автомеханиктæ, хуыйджытæ, бухгалтертæ æмæ æндæр ахæм специалистты. Фæлæ ахуыргæнæн æрмадзæй 86 квадратон метры районы фæсивæд сарæзтой тренажерон зал æмæ студенттæн ныр нæй æмбæлон уавæртæ сæ практикон куыстæн. Уыцы аххосагмæ гæсгæ ацы аз æндадзæджы хайад æхгæд æрцыд. Æнæмæнгхъæуæг у районы фæсивæдæн хицæн тренажерон зал бакæнын, цæмæй кæрæдзи ма хъыгдарой. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр æмæ колледжæн кæй нæй æмдзæрæндон æмæ йæ нымайæм ахсджиаг фарстыл», – загъта докладгæнæг.

Гасситы чызг ма æрдзырдта къорд ахсджиаг фарстытыл, уыдон æмрæнхъ скъолатæ куыд цæттæ сты ног ахуыры азмæ, олимпиадæты хайад чи райста æмæ ацы азы рауагъдонтæй Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм цалæй бацæудзысты, афтæ ма нæм ивгъуыд аз дæс медалисты кæй уыд æмæ ноджы фылдæр хъусдард кæй хъæуы аздахын ахуыры гъæд фæбæрзонддæр кæныны сæраппонд, цæмæй уыдонæн сæ нымæц фæфылдæр уа. Уый ма рæгъмæ рахаста ацы аз стыр хъусдард кæй аздахын хъæуы ахуыргæнинæгты фæллойадон хъомыладмæ дæр, уымæн æмæ, зæгъгæ, кæцыдæр скъолаты фæллойадон куыстытæн цы ифтонггæрзтæ æвæрд æрцыдысты, уыдонæй нырма кæй не спайда кодтой æмæ тыхтæй кæй лæууынц. Уымæй дарддæр ма докладгæнæг радзырдта хуссарирыстойнаг ахуыргæнинæгты хайадисты тыххæй æндæр æмæ æндæр бæрæгбонон мадзæлтты, конкурсты, кæцытæ уагъд цыдысты республикæйæн æдтейæ æмæ-иу кæй æрхастой хорзæхтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дæр арфæ ракодта æппæт педагогон коллективæн ног ахуыры азы райдианы сæраппонд æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта сæ куыст æмæ архайды тыххæй рæзгæ фæлтæры ахуыр-хъомылады хъуыддаджы. «Ацы æрвылазон конференци хъæуæг у, уымæн æмæ бæрæг кæны абон нæ республикæйы ахуырады системæйы цы цухдзинæдтæ ис, æппæт уыдон. Абоны конференци райдыдта нæ рæзгæ фæлтæры арфæтæй. Нæ зæрдæтæ нын барухс кодтой сæ аив дзырдæй æмæ уый сымах фæрцы афтæ у.  Абоны конференцийы мæ фембæлд сымахимæ у фыццаг фембæлд æмæ мæ нæ фæнды фылдæр проблемæтыл дзурын, кæцыты не ‘ппæт дæр зонæм. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ скъолаты ахуыр-хъомыладон фарсты ахуыр-гæнджытæ æмæ ныййарджытæ иумæ кæй хъуамæ кусой æмæ афтæмæй хъомыл кæнæм хорз фидæны фæлтæр. Кæмдæр ныййарджытæ, хъыгагæн, ацы хъуыддаг айрох кæнынц æмæ сывæллæттæ фылдæр ахуыргæнджыты æвджид аззайынц æмæ уæд уыдонæй фæдомдæуы бирæ. Фæлæ ныр махæн нæ хæс у уыцы цухдзинæдтыл бакусын æмæ сæ уагмæ æркæнын. Ахуыры гъæд фæбæрзонддæр кæнын кæй хъæуы, уый мæ размæ дæр загътой æмæ йыл хъæуы хъуыддагон куыст бакæнын. Ахуырады къабаз вазыгджын æмæ уæрæх у. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис дзы фаг проблемæтæ дæр æмæ сæ скъуыддзаг кæндзыстæм», – загъта президент. Уый ма бафиппайдта, зæгъгæ, цалдæр азы дзырд цæуы Ирыстоны историйы ахуыргæнæн чиныджы тыххæй. Гаглойты Алан куыд зæгъы, уымæ гæсгæ чиныгмæ хъæуы бахæссын ахæм æрмæг, кæцытæн мах иууылдæр æвдисæн уыдыстæм, цæмæй сæ сомбоны фæлтæртæ дæр зоной, куыддæриддæр æрцыдысты, раст афтæ.

Дарддæр ма конференцийы раныхас кодтой горæты æмæ районты ахуырадты хайæдтæ сæ бакæнгæ куысты тыххæй, дарддæр сæм цы фæндтæ ис ахуыры гъæд фæхуыздæр кæныны тыххæй, афтæ ма куыд цæттæ сты ног ахуыры азмæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ ма конференцийы бузныджы фыстæджытæй схорзæхджын кодтой горæты 3-æм астæуккаг скъолайы цалдæр ахуыргæнæджы Донбассы лигъдæттимæ куысты тыххæй.

Конференцийы кæрон ист æрцыдис резолюци, кæцыйы ис ахуырадон уагдæттæ ног ахуыры азы сæ куысты план куыд æмæ цæмæй баххæст кæной, уыцы мадзæлттæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.