Хъуылаты Геннади дыууæ азы æнæ азымæй фæбадт ахæстоны, дыууæ кæнæ фылдæр адæймæгты амарыны йæ кæй аххосджын кодтой, уый тыххæй.

Йæ хæстæджытæ æмæ йæ хиуæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Хъуылайы фырт рæстæгмæ изоляцийы куы уыд, уæд, цæмæй басастаид, цы фыдракæнд нæ сарæзта, ууыл, уый тыххæй бирæ хæттыты баййæфта над. Уыцы нæдтыты фæстиуæгæн фæцудыдта йе ‘нæниздзинад. Уый бирæ хæттыты бахатыд ахæстоны дохтырмæ, фæлæ дохтырæн дæр, уым, бынаты, цы йæ бон уыд.  Хъуылаты Геннадийы ахæстоны уæвгæйæ дæр хъуыд серьезон медицинон æххуыс райсын, йе ‘нæниздзинад банывыл кæныны тыххæй йæ хъуыдис республикæйæн æддæмæ акæнын дæр, фæлæ йын, ахæст уæвгæйæ, нæ уыд уыцы гæнæнтæ æмæ, стыр хъыгагæн, рæстæгыл æххуыс нæ райста.

Ацы азы июны мæйы Хъуылайы фырт, ногæй стæрхоны фæстæ ссæрибар ис. Ахæстонæй бæргæ рацыд, фæлæ фыднад, æмæ уыимæ иумæ дыууæ азы уымæл ныккæнды кæй фæцис, уый йе ‘нæниздзинадыл тынг бандæвта. Æдзух-иу йæ уыргтæй хъæрзыдта.

23 августы бацыд Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй  йæ уыргтæ сæ бынæттæй фæиппæрд сты, уыдис сыл гематомæтæ дæр. Кæд дохтыртæ, сæ бон цы уыд, уымæй тох кодтой Геннадийы низы ныхмæ, зæрдиагæй архайдтой йе сдзæбæх кæныныл, уæддæр æй мæлæт аскъуыдта сæ къухтæй.

…Æмæ та 40-аздзыд нæлгоймаг æнæхъуаджы, æнæазымæй, бацис цыдæр æнæзæрдæ «адæймæгты» амæттаг.

Нæ редакцийы коллектив дæр хъынцъым кæны Хъуылайы фырты амæлæтыл æмæ йын мæсæллæй зæгъы йæ бинонтæ æмæ хæстæджытæн.

Рухсаг у, Геннади, Ирыстоны сыджыт дын рог уæд,  дæ хъæдгæмттæ дын адзæбæх кæнæд.

Уырны нæ, дæ фыдгæнджытæ, æнæмæнг, закъоны раз дзуапп кæй ратдзысты.

 

ОСИАТЫ Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.