Куысты иубоны æнтыст фагыл чи нæ нымайы, фæлæ æрвылхатт дæр фылдæр æмæ хуыздæр фæстиуджытæм чи тырны, уыдоны нымæцмæ хауы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хъабанты Хъазбег дæр. Уый йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ лæуд у хæрзиуæгон куыстыл, алы хатт дæр фæтырны, цæмæй йын йæ хъуыддаджы уа зæрдæрухсгæ-нæн бæрæггæнæнтæ.

Куыд ивгъуыд азты, афтæ та ацы аз дæр Хъабаны фырт æфсирон культурæтæй байтыдта хъæбæрхор 15 гектары æмæ фæззыгæнд мæнæу та – 14  гектары фæзуатыл. Æрæджы йæм æххуысмæ фæзындысты Ленингоры районæй комбайнертæ Габиты Хвича æмæ Хуриты Сослан æмæ йын йæ тыллæг бафснайдтой цыбыр æмгъуыдмæ. Хъабаны фырт куыд загъта, афтæмæй фæззыгæнд мæнæуы хуымæй алы гектарæй дæр райста 2 тоннæйы, къаддæр уыд тыллæгæрзад хъæбæрхоры байтыдтæн. Ацы бонты та йын бинонты уæнгтæ æфснайынц йæ холлаг сæхи автотранспортыл, æдæппæт дзы уыдзæн холладжы 500 иуæджы.

Хæдзарад кæны фосдарды æмæ хуыдарды куыст дæр æмæ сын  уыцы къабæзты дæр ис зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ. Цæвиттон, йæ фыстæ æмæ сæгъты дзуг у 160, сæрды бонты фæхизынц зад сæрвæты, зымæджы та цух нæ вæййынц холлагæй æмæ уымæ гæсгæ вæййынц хæрзхуыз. Уый фæстиуæгæн афæдзы дæргъы сæ иутæ цот раттынц дыууæ хатты, ныр дæр та сæм ноггуырд уæрыччытæ ис 20. Цы 7 стуры дары хæдзарад, уыдонæй дуцгæтæ сты 5, æхсырæн сын ис сæхи фæлхасгæнджытæ. Хъæууон цæрæгæн зындгонд у, хуыдарды къабаз райтынг кæнын иууыл зындæр кæй у, уый. Фæлæ Хъабанты бинонтæ нæ тæрсынц зындзинæдтæй æмæ тырнынц, цæмæй сæ нымæц рæза æмæ сын уый æнтысгæ дæр кæны. Нырма уал сæм ис 4 дзæргъы æмæ хъыбылтæ та сты 20. Æввахс рæстæджы сæ нымæцмæ ноджыдæр бафтдзæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, иу адæймаджы къухты зынтæй бафтдзæн, цæмæй ахæм хæдзарад раззагдæрты рæнхъы цæуа, уый. Ацы хъуыддаджы дæр бафæзминаг сты Хъабанты бинонтæ, Хъазбегæн алы хатт дæр йæ куысты зæрдиаг æххуыс кæнынц йе ‘ртæ фырты. Сты бафæзминаг æмæ ноджыдæр сæ куыст æмæ хæрзиуæгон архайдæй рухс кæнæд сæ зæрдæ.

                                Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.