Ахæм девизимæ знон, Хуссар Ирыстоны Парламенты æмбырдгæнæн залы Ахуырад æмæ зонады министрад ауагъта августы ахуыргæнджыты конференци.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта æмæ залы уæвджытæн ног ахуыры азмæ раарфæ кодта Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса. Уый фæстæ фидар æрцыдис боны фæтк æмæ конференцийы хыгъдон доклад сарæзта Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, æнæаивгæйæ дарддæр дæр нæ разы лæууы хæс, цæмæй хъомыл кæнæм æвзыгъд кæстæртæ, радтæм сын хорз зонындзинæдтæ æмæ æхсæнады ссарой сæ бынæттæ, пайда хæссой паддзахадæн, цы адæмы ‘хсæн цæрынц, уыдонæн. Уыимæ ма раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, æвзонг адæймаг схъомыл кæнын, уый раст фæндагыл бафтауын хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Домы бирæ тых, хъару, зонындзинæдтæ, быхсындзинад. Уыцы хорз миниуджытæй хайджын сты нæ ахуыргæнджытæ æмæ æппæт зындзинæдты сæрты дæр рахизынц æнцонæй.

– Цæмæй нæ къухты хуыздæр æнтыс-тытæ æфта, уый тыххæй уадзæм æмæ аразæм алыгъуызон ахуырадон æмæ хъомыладон мадзæлттæ. Нæ ахуыргæнинæгты ‘хсæн арæх фæуадзæм æппæт предметтæй дæр контролон куыстытæ, олимпиадæтæ. Афтæ нæ зæгъын, æмæ абон ахуырады къабазы æппæтдæр у нывыл, фæлæ цы мадзæлт-тæ ауадзæм, уыдоны фæрцы азæй-азмæ фæстиуджытæ кæнынц хуыздæр. Ацæугæ аз нæ ахуыргæнæн уагдæтты цы 6533 ахуыргæнинаджы уыдис, уыдонæй иу райста сыгъзæрин майдан, æхсæз ахуыр-гæнинаджы та систы æвзист майданты хи-цæуттæ.

Хицауады разамонджытæ стыр хъусдард здахынц ахуырады къабазмæ, скъолайы агъоммæйы уагдæттæм. Ацæугæ аз горæты сырæзт сывæллæтты иу рæвдауæндон, цæуы йæм сæдæ сывæллоны бæрц. Ацы аз та эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис, 160 сывæллоны кæдæм райсой, ахæм рæвдауæндон. Дыууынæм азы дæр арæзт æрцæудзæнис иу ахæм рæвдауæндон, æмæ дызæрдыггаг нæу, абон рæвдауæндæттæм цы 3100 сабийæ фылдæр цæуы, уыдон дзæвгар кæй фæфылдæр уыдзысты, уый.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй, куыд сывæллæтты рæвдауæндæтты, афтæ скъолаты дæр фæстаг азты хуыздæр хъусдард здæхт цæуы ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны хъуыддагмæ. Уыимæ  ма  банысан  кодта, зæгъгæ, ног ахуыры аз не скъолатæ ахуыр кæнын райдайдзысты фæхуыздæргонд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæй. Ацы хъуыддаджы министр се стыр куыст æмæ æххуысы тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта чингуыты проекты автор, профессор Битарты Зоя æмæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн.

Министры хъуыдымæ гæсгæ скъоладзаутæ æрмæст хистæр кълæсты ма хъуа-мæ æвзарой дæсныйад, фæлæ  астæуккаг кълæсты дæр. Уымæн æмæ уæд ахуыргæнинагмæ йæ равзаргæ дæсныйадмæ сæвзæрдзæнис стырдæр уарзондзинад, фылдæр æмæ йæм хуыздæр дардзæнис йæ хъус. Ацы хъуыддаджы ахуыргæнджытæ, стæй ныййарджытæ дæр хæсджын сты, цæмæй сæ ахуыргæнинæгты цайдагъ кæной, стырдæр горæттæ æмæ кадджындæр ахуыргæнæндæттæм нæ,  фæлæ сын дарддæры царды пайдадæр чи уыдзæнис, ахæм ахуыргæнæндæттæм.

Сфæлдыстадон æмæ аивадон фарст нæ ахуырадон уагдæтты цахæм æмвæзадыл æвæрд у, уый тыххæй та министр банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг азты ис зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ. Не скъолаты ис алыгъуызон кружоктæ, цæттæ сæ кæнынц фæлтæрд специалисттæ æмæ сын ис хорз æнтыстытæ. Цæвиттонæн министр æрхас-та, дыккæгæм астæуккаг скъолайы базæ-йыл конд чи æрцыдис, уыцы кафджыты къорд. Йæ аивадон къухдариуæггæнæг –  Четион Мая.

Скъолатæ ног ахуыры азыл куыд цæттæйæ æмбæлынц, уый тыххæй та министр банысан кодта, зæгъгæ, цалцæггæнæн куыстытæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд, уыдон фаг уыдысты æмæ хардз æрцыдысты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ.

Министрæй нæ ферох, скъоладзаутæ сæрдыгон улæфтыты рæстæджы кæм  баулæфой, ахæм бынат кæй нæй, уый æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ахæм бынат рæхджы арæзт æрцæудзæнис. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, кæд æмбæлон фадæттæ нæ уыд, уæддæр ацы сæрд нæ ахуыргæнинæгтæй 550-йæ фылдæр баулæфыдысты нæ рæсугъд æмæ сыгъдæг æрдзы хъæбысы.

Конференцийы уыд æмæ дзы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ, нæ рауагъдонтæ арæх равзарынц, абон Хуссар Ирыстон хъуагдзинад кæмæй не ‘ййафы, ис ахæм дæсныйæдтæ æмæ бахатыд ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæм, цæмæй нырæй фæстæмæ скъоладзаутæ æвзарой, абон Ирыстоны тынг чи хъæуы, ахæм дæсныйæдтæ.

Конференцийы ма раныхас кодтой 12-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Хуыгаты Сæлимæт, 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Тасойты Мая, Колыты Аксойы номыл лицейы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ, 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Еналдыты Жаннæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æмæ ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны институты директор Джергаты Иринæ.

Уый фæстæ конференци райста резолюцийы проект æмæ ууыл фæцис йæ куыст.                                                                                  

Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.